«Цыппар æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыцы бинонтæн æрвылмæйон æхцайы бафыстыты тыххæй» Бирæ сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы бинонтæн паддзахадон æххуыс фæтынгдæр кæныны нысанæн, уынаффæ кæнын: 1.2020 азы 1 январæй фидар æрцæуæд бафыстытæ цыппар æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыцы бинонтæн алы сывæллонæн дæр 1000 сомы (дарддæр — Бафыстытæ) 2.Нысангонд Бафыстытæ фидар цæуынц алы сывæллонæн дæр, […]
Рæстæг махмæ нæ кæсы – зæгъынц кусджытæ æмæ кусынц
Нæ республикæйы карантин кæй ис, уыцы хъуыддаг цасдæрбæрцæй бандæвта арæзтадыл дæр. Рæстæгмæ æрлæууыд, Дзауы районы цы ног бирæфатерон хæдзæрттæ райдыдтой аразын, уыдон арæзтад дæр. Фæлæ та знон аразджытæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ. Куыд ма хъусын кодтам, уымæ гæсгæ 2020-2022 азтæн Инвестпрограммæмæ цы объекттæ хаст æрцыдысты, уыдонæй дыууæ бирæфатерон хæдзары арæзтадмæ зымæджы кæрæтты æрæв-нæлдтой Дзауы районы, фæлæ […]
Кæрæдзийы æххуысæй, кæрæдзийы хъахъхъæнгæйæ
Хуссар Ирыстоны Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитет, æппынæдзух, æндæр æмбæлон органтимæ, йæ хъус дары, дунейы алы къуымты цы æнæхайыры вирус тезгъо кæны, уый цæмæй нæ бæстæмæ ма æрбаирвæза, уымæ. Уымæй дарддæр ма ацы службæйы æдзухон хъусдарды бын сты нæ республикæмæ æндæр бæстæтæй цы æмбæстæгтæ æрцыд, уыдон дæр. Уыдон дыууæ […]
Ахуыртæ хъахъхъæнынады министрады
Хъахъхъæнынады министрады официалон сайты информацимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты управленийы органты офицертимæ, æппæт дæлхæйтты сæрмагонд скондимæ, æмгъуыдмæ службæйы салдæттимæ ауагъдæуыд теоретикон ахуыртæ æфсæддон службæйы ныхмæ фыдракæндтæ аиуварс кæныны фæдыл. Ахуыртæ ауагъта барадон куысты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры æххуысгæнæг Собаты Григори. Гарзджын тыхты цæттæ кæныны планмæ æмæ ахуырты ранывæзтмæ гæсгæ, ведомствойы сæрмагонд скондимæ […]
Цъон æмæ цалдæр хъæуы хъысмæт…
Бирæ æнусон ирон—уырыссаг дыууæфарсон ахастытæ ноджы фæтыхджындæр сты, 1774 азы иууон Ирыстон Уæрæсейы скондмæ куы бацыд, уæдæй фæстæмæ. ИрыстонУæрæсеимæ куы баиу, уæд нæ дих кодта Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоныл, се ‘хсæн арæн никуы уыд. Петырбурджы цы æртæ ирон минæвары уыд, уыдонæй дыууæ уыдысты Ирыстонæн йæ хуссар хайæ. Ирыстоны хуссар хай Уæрæсеимæ куы баиу, уæд […]
Хæстонты номарынæн
Цæгат Ирыстоны кæд карантины аххосæй зындзинæдтæ æвзарынц, уæддæр Уæлахизы 75 азы бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлттæ æнæкъуылымпыйæ цæуынц. Дзæуджыхъæуы Афицерты хæдзары байгом сæрмагонд пункт æмæ дзы волонтертæ æмбырд кæнынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæ æмæ ветеранты тыххæй æрмæг. Уырдæм хауынц хæстонты къамтæ, фыстæджытæ, мысинæгтæ, газетты уацхъуыдтæ… Уыдон лæвæрд цæуынц Æппæтуæрæсейон патриотон проект «Дорога памяти»-мæ. Уым æнæхъæн Советон […]
Сисы бæсты – джебогъæй
Карз хæст райдыдта… Арвæй ныннæрыд тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты æмæ быдырты. Хæст! Уымæй тæссагдæр дзырд ацы зæххыл нæй. Уый хæссы йемæ адæмты хъизæмар: туджы зæйтæ, цæстысыг, сидзæр сабиты ниуын, идæдз сылгоймæгты æмæ мадæлты зæрдæхалæн хъарæг. Бирæ цардмондаг адæмты аныхъуырдта хæст, бирæ зæрдæты ныууагъта судзаггаг хъæдгæмттæ. Зæххыл хæстытæ бирæ æрцыд, фæлæ дзы […]
Дистанцион ахуырад – йæ пайда æмæ йæ проблемæтæ
Коронавирусы ныхмæ тохы сæраппонд æрæджы не скъолаты ахуыр кæнын райдыдтой дистанцион методæй. Ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ахæм ахуыртыл куыд цайдагъ кæнынц, уый тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кодта нæ республикæйы ахуырадон уагдæттæй сæ иу, 12-æм астæуккаг скъолайы директор Æрсойты Геннадиимæ. — Цахæм цæстæнгасæй кæсыс, не сколаты ахуыртæ дистанцион методмæ гæсгæ уагъд цæуой, уымæ? — Ахуыртæ ахæм методæй […]
Равдыстой фердæхтдзинад
Коронавирусы пандемийæ хи бахизыны амæлттæй, вирусологтæ куыд амонынц, афтæмæй иу у къухтæ арæхдæр æхсын æмæ дезинфекци кæнын. Ныртæккæ антисептиктæ æмæ маскæтæ ссарæн та нæй аптекæты. Нæ горæты фыццæгæм паддзахадон аптекæйы чи кусынц, уыцы формацевттæ сфæнд кодтой сæхæдæг сцæттæ кæнын дезинфекцигæнæн æрмæг. Уыдонæн лабораторион уавæрты бирæ хостæ сæ бон у саразын. Ныр дæр сфæнд кодтой дезинфекцигæнæн […]
Змæлы, архайы æрыгон амалиуæггæнæг
Цхинвалы район кæддæриддæр хæрзвадат уыд дыргъгуыст рыйтынг кæнынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ 2014 азы Хъæууон-хæдзарады министрад аскъуыддзаг кодта Дменисы хъæуы дыргъдон саразын. Зæххы 4 гектар фæзуатыл сагъд æрцыд 4 300 фæткъуыйы талатæ – «Голден», «Айдаред» æмæ «Семеренка». Дыргъдон тыллæг дæттын куы райдыдтаит уæд республикæйы экономикон рæзтыл хорзæрдæм, бандæвтаид, стæй ма дзы бынæттон цæрджытæн дæр […]
Æрæвнæлдта уалдзыгон культурæ тауынмæ
Зæххы куыстимæ баст у йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хуыбиаты Уасил. Уый дзæвгар азты фæкуыста уæды раззагон хæдзарады механизаторæй æмæ йæ хайбавæрд хаста иумиаг æнтыстмæ. Йæ хъазуатон æмæ æнæзæрдæхудт фæллой бæрæгæй зынд зæхкуысты культурæты хъæздыг тыллæгæрзадыл æмæ дзы ахæм хъаруджын фæллойы тыххæй райгонд уыдысты хæдзарады разамонджытæ, цæвиттонæн æй хастой æндæртæн. Зæгъын […]
Цæмæй рухс судза æнæкъуылымпыйæ
Цæмæй рухсы телтæ æнæхъыгдардæй сæ куыст кæной, ууыл архайынц æппынæдзух электрохызæджы кусджытæ. Фæлæ зæгъын хъæуы, хатт бæрæг аххосæгтæм гæсгæ рухс судзыны куысты кæй вæййы къуылымпытæ. Уыцы аххосæгтæй иу у, рухсы телтæ хатт кæрæдзийыл кæй аныдзæвынц дымгæ бонты, фылдæр хатт та сæ бахъыгдарынц бæлæсты къалиутæ. Цæмæй уыдæттæй хызт уой, уый тыххæй куыстуаты разамынд йæ хъус […]
Гæнæн уыд æмæ суыдаид фыццаг космонавт
Æбæлвырд сты адæймагæн йæ царды фæндæгтæ, райсом æм цы æнхъæлмæ кæсы, йæ хъысмæт куыд рауайдзæн, уый зонæг ничи у. Нæ зыдта Григори Нелюбов дæр, хъысмæт ыл рахæтдзæнис, уый. Афтæмæй та гæнæн уыдис æмæ суыдаид планетæйы фыццаг космонавт. Æмæ кæд фыццаг не ссис, уæддæр æртыккаг хъуамæ суыдаид… Нелюбов Украинæйы, Запорожьейы горæты райгуырд. Йæ сабион бонтæй фæстæмæ […]
Цымыдисон факттæ космосы тыххæй
Гагарин ссис дунейы фыццаг космонавт, Титов — иууыл æвзонгдæр, Джон Гленн та — иууыл ацæргæдæр. Леонов — дунейы гом космосмæ фыццаг рахизæг. Поляков космосы арвыста 438 суткæйы. Космосмæ адæймаджы атахт уыд тагъдыл, уымæн æмæ советон развæдсгæрстæй райстæуыд бæрæггæнæнтæ апрелы кæрон америкæйаг экипаж космосмæ атæхын кæй фæнд кæны, уый тыххæй. Советон хицауадæн йæ бон нæ уыд, […]
Цъиувæдис низæй тæссагдæр у
Ныр цалдӕр мӕйы ӕгас дунейы тасы æфтауы ног фӕзынгӕ низ «коронавирус», зӕгъгӕ. Ӕгас Европӕйы бӕстӕтӕ, ӕмӕ стӕй та Уӕрӕсейы Федераци дӕр бакодтой карантин ӕмӕ ныридӕгӕн зындзинæдтæ ‘взарынц адӕм, ахӕм уавӕрты цӕргӕйӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕйдӕр ахӕм тӕссаг у ацы вирус ӕви та ӕндӕр хӕттытау стыр политикон хъазт у, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн кӕцыдӕр хъомысджын финансисттӕ скъуыддзаг кӕнынц сӕ экономикон […]
