Райсомæй раджы абитуриенттæ сæ ныййарджытимæ иумæ æрæмбырд вæййынц Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кæрты, æмæ æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнты райдайæнмæ.

Нæ абитуриенттæн ныллæууыдис сæ царды сæйраг фæндаг равзарыны афон. Уый афтæ æнцон дæр нæу. Бирæ цыдæртæ хъæуы арабар-бабар кæнын. Æмæ уый та канд нæ ацы азы рауагъдонтæм нæ хауы, фæлæ раздæры азты цыдæр аххосæгтæм гæсгæ дарддæры ахуыры фæндагыл чинæ ныллæууыд, уыдонмæ дæр. Фадæттæ æмæ сын фæндæгтæ та – уæрæх. Уыдон фылдӕрбӕрцӕй æвзарынц математикæ æмæ информатикæйы факультеттæ. Популярон ма сты ахæм факультеттæ, куыд психологи, сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтад, юриспруденци, экономикæ æмæ физикон хъомылад.

Хъыгагæн, бирæ абитуриенттæ ахуыр кæнынмæ ацæуынц Уæрæсейы Федерацийы алы горæттæм, фæлæ, фæстæмæ иууыл нал æрыздæхынц, уымæн æмæ сæ дæсныйæдтæ Хуссар Ирыстоны хъæуæг нæ вæййынц, кæнæ та сын кусæн бынат нæ разыны.

Нæ университеты ректор Тедеты Вадимы архайды руаджы ХИПУ лæууы Уæрæсейы Федерацийы университетты æмвæзадыл, йæ дипломæн ис уыдон æмбæрц тых. Баконд дзы æрцыдысты, нæ фæсивæд раздæр Республикæйæн æдтæмæ ахуыр кæнынмæ цы факультеттæм цыдысты, ахæмтæ.

Паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Ингæ куыд радзырдта, афтæмæй студентты нымæц æрвы-лаз дæр вæййы стабилон. Фыццаг фæлварæн та сын у изложени.

Æндæр факультеттæй хъауджыдæр историон-юридикон факультетмæ балæвæрдæуыд фылдæр куырдиæттæ. Абитуриентты ‘хсæн ис цæгатирыстойнаг скъолаты рауагъдонтæ дæр.

Дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты рæнхъытæ фидæны баххæст кæндзысты, журналистикæйы факультетмæ чи цæуынц, уыцы абитуриенттæй чи бахауа, уыдон, кæцытæн сæ фыццаг фæлварæн уыд сæрибар темæйыл сочинени.

Фæсаууонмæ хайадмæ ныр дæр ма ист цæуынц документтæ, фæстæдæр уыдонæн дæр райдайдзысты бацæуæн фæлварæнтæ.

Паддзахад æмæ университеты къухдариуæгад дæтты хорз фадæттæ, цæмæй абитуриенттæ райсой куыд теоретикон, афтæ практикон зонындзинæдтæ дæр æмæ сæ рауайа дæсны специалисттæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.