Нывафыст

Ногæй та нæм æрцыдис фæззæг.

Æнтæф фæсаст æмæ адæймаг æппæт йæ буарæй æнкъары сатæг уæлдæфы æхцондзинад. Хур арвыл хуссарæрдæм акъул æмæ раздæрау нал æндавы зæхмæ. Йæ тынтæ судзгæ нал кæнынц, фæлæ ныр сæ рæвдаугæ хъармæй узæлынц, æрдзы кæдæм æххæссынц, уыдоныл. Æртыхсынц зайæгойтыл, цыма сын сæ цъæх хуызæн хæрзбон зæгъынмæ фæхъавынц, уыйау. Арвыл тар уæззау мигътæ арæхдæр зынын райдыдтой æмæ сæ уагæй æмбарын кæнынц, фæззæг йæ тыхы кæй цæуы, хуры хъарм тынтæн сæ фæндаг ахгæнынц царддæттæг зæхмæ æмæ та фæстæмæ сæхи айсынц арвы кæрæттæм. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы, ногæй та ракæсы хур райгæйæ æмæ барухс вæййынц бæлæсты, зайæгойты зæрдæтæ, сæхи цингæнгæйæ банкъусынц, нырма уазал чи нæ хæссы, уыцы дымгæйы æрбаныдзæвдæй.

Гъе, фæлæ сæ царды кæрон æввахс кæны, сæумæрайсомы уазал йæ дæрзæг арм кæуыл æруадзы, уыцы сыфтæртæн. Иутæ дзы фæивтой сæ хуыз, фæбур сты æмæ фæлмæн дымгæйы æрбаныдзæвдæй нырризынц, ныззыр-зыр кæнынц сæ мидбынаты, сæ уддыл ма дæндагæй бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ…къалиутæй фæиппæрд вæййынц æмæ зæххыл æнцойад ссарынц. Афтæ згъæлынц кæрæдзийы фæстæ æмæ зæххы сыгъзæринхуыз гауызы бын æркæнынц.

Цæй диссаг у фæззыгон нæ хæхбæсты æрдз… мин-мин хуыз дарæсы йæхи сфæлыста æмæ фæлгæсы нæртон æфсинау, йæ бæркад адæмыл рæдауæй таугæйæ. Дардыл йæ цæст хæссы, цыма йын ххæххон рагуазæлттæ æппындæр ницы хъом сты, уыйау. Бонтæ куыд цæуынц, афтæ йæ цъæххуыз ивы сыгъзæрин хуызмæ. Уыцы бур зæрин хуыз ын цыбыр рæстæгмæ кæй у, уый бæргæ зоны, фæлæ уæддæр у сæрыстыр, æмæ нæ ивы йæ райзæрдæйы уаг. Гъе, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр алы зайæгой дæр æнкъары, фæззыгон бонтæй иу иннæмæй уазалдæр кæй у æмæ фæззæджы æрбалæудимæ кæй æрцыдис сæ адзал.

Æнусон бæлæстæ сæ хомысджын цæнгты ныууигъынц æмæ æнæвгъауæй æрызгъалынц зæхмæ сæ сыфтæртæ… фæлæ, æвæццæгæн, уыдонæн нæ вæййынц хуымæтæджы сыфтæртæ, фæлæ вæййынц, схъæлбæрзæй хъæды къохы бæлæсты цæсты сыгтæ, тагъд сæ фæлыст кæй азгъæлдзæн æмæ бынтон бæгънæгæй, æгъуызæй кæй аззайдзысты, ууыл хъынцъымы цæссыгтæ.

Уæдæ куыд не сты диссаг Ирыстоны быдыртæ дæр: сæрвæтты кæрдæг сихсыди æмæ фосæн фæзын ис сæхи æфсадын. Æрдз цыма æрæнкъард, йæ хъус адардта уазал зымæджы ’рдæм. Уалдзæг ын цы æхсидгæ цард радта, уый цадæггай нымæгæй нымæгдæр кæны. Æрмæст ма алчидæр тыхсы ууыл, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Адæймаджы хъуыдытæ дæр вæййынц уыимæ баст. Афæдзы ацы афон тыллæг æфснайыны афон у, æмæ зæхкусæг тагъд кæны йæ тыллæг æфснайыныл. Цæмæй йæ карз зымæг æдзæттæйæ ма æрыййафа.

…Уæлдæфы разыны адæймаджы хъарм комулæфт, хæххон хъæуты цæрджыты уæлхæдзæрттæй уæларвмæ, æзфæраздæронæй згъорынц фæздæ-джы хъуымбылтæ, адæймаджы йæхимæ æрбасайы хъарм пец, æрæнкъард вæййы зæрдæ… Фæстейæ аззадысты сæрдыгон тæвд бонтæ, рагвæззæджы хурбонтæ, ныр та фæззæг йæ бартæ йæхимæ райста æххæстæй æмæ ма иуæй-иу хатт хуры рæвдаугæ хъарм тынтæ, кæд зæрдыл æрлæууын кæнынц ивгъуыд бонтæ, уæддæр уайтагъд асæтты сæ тых, амбæхсынц тар мигъты ’хсæн æмæ уæлдæфы æрзилдух кæны фæззæджы комулæфт. Фæззæг цæуы. Æввахсæй æввахсдæр кæны уазал зымæг…

Æрдзы ацы хуызивæнтæй алы адæймаджы зæрдæйы дæр сæвзæры æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Æрдзы фæззыгон хуызæй йæ зæрдæ кæмæн райы, йæ алæмæтаджы фæлыстæй æхцондзинад сты райсы, сæумæрайсомы халасæппæрсты йæ къæхтæ бауымæл кæнынæй æхцондзинад чи райста, æмæ фæззыгон дымгæйы сыгъдæг уæлдæфмæ йæ зæрдæйы монцтæ кæмæн райхæлынц, уыдонæй дæн æз дæр…

Фæззæг… сыгъзæрин æвдылд фæззæг… куыстуарзаг адæймаджы зæрдæ йæ афæдзы куыстæй куы фæрухс кæны, афæдзы уыцы афон.

Эхх, искуы ма хæххон уыгæрдæнтæ байдзаг уыдзысты хосдзæуттæй æмæ сæ зард, сæ хъæлæба кæмтты хæхты араудзæн… Фæскуыст хъазтизæрты, уæларвмæхъуысæг ирон фæндыры зæлтæй бахъæлдзæг уыдзæн зæрдæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.