Гудисгом ис Стыр Леуахидоны фæрсаг къабаз Чъимасдоны ратæдзæнты. Æмарæн кæны ахæм кæмттимæ, куыд: Ципрангом, Хъобы ком, Тылигом, Чъимасгом, Джеры ком, Потнисагом æмæ Чапарухы комимæ. Йæ зæххы равæрд у дæргъæццон, цæгатварсæй хуссарырдæм, стæй куыд дæлæмæ фæзылд ныгуылæнырдæм. Йæ алыварс бæрзонддæр хæхтæ сты: Джермугъ, Къуырфыты рагъ, Бибылты хох, Котолиты æфцæг, Саболокъ, Чангали, Сидæмонты дзуары хох æмæ а.д.

Комы бæрзонддæр бынат у Джермугъы хох (3169 м бæрзæндæн) æмæ бындæр, Чъыбигъоты хъæуы бын комы та 1400  м. бæрц. Комы сæйраг дон хуыйны Гудисы дон æмæ Чъыбигъотæй дæлæмæ, Леуахимæ кæм баиу вæййы, уым та хуыйны Чъимасы дон. Гудисы доны фæрсаг дæттæ сты: Гобаты дон, Гуыцмæзты дон, Бероты комы дон, Бестауты дон, Тадтаты дон, Лæсгæрты комы дон æмæ æндæртæ. Комы фæрстæ 2000 м дæлæмæ сты æмбæрзт сыфтæрджын хъæдтæй, уыцы нымæцы: тæрс, тæгæр, фатхъæд, фæрв, бæрз, кæрз, хæрис. Хъæздыг у альпион зайæгойтæй æмæ  сойджын кæрдæгæй. Йæ хъæдты æмæ йæ сæрвæтты зайы алыхуызон гагадыргътæ: хъæлæрдзы, цъуй, мыртгæ, дурвæткъуы, уагъылы, мæнæргъы, саунæмыг, къабузæг, дзедыр, æрыскъæф, мæцкъуы æмæ æндæртæ.  Дæлвæз рæтты арæх сты дыргъ бæлæстæ: кæрдо, бал, фæткъуы æмæ æхсынцъы.

Гудисгом у Ирыстоны рæсугъддæр æмæ фæрнджындæр кæмттæй сæ иу. Ам рагæй фæстæмæ ирæттæ кæй цардысты, уымæн æвдисæн сты бирæ  таурæгътæ æмæ легендæтæ. Раст зæгъгæйæ, археологон æмæ фыссынады ратæдзæнтæй ницы бæрæггæнæнтæ ис, фæ-лæ йæ хицæн бынæтты нæмттæ  бирæ цæуылдæртыл дзурæг сты. Ирон адæм карз дугты сæрты хизгæйæ, бирæ диссæгтæ баййæфтой æмæ уый уæззау фæд ныууагъта нæ адæмы историйы. Аланты паддзахад куы ныппырх, уæдæй фæстæмæ ирон адæм хæхбæсты уавæрты цæргæйæ, уæвынад кодтой хæдхуыз сæрибар æхсæнадтæй. Сæ сæрибардзинад сын уыд алцæмæй зынаргъдæр æмæ-иу тугкалæн хæстыты хъазуатонæй тох кодтой знæгтимæ. Цагъайраджы къæлæт скæнын сæ сæрмæ никуы бахастой æмæ уымæ гæсгæ, фыдбонтæ æрвитгæйæ, уæддæр хæхты цъассыты сæ царды кой кодтой. Хицæн мыггæгтæ-иу арæх сæ цæрæн бынæттæ аивтой æмæ-иу ахызтысты æндæр кæмттæм, сæ бынæтты та-иу цасдæр рæстæджы фæстæ æрцардысты æндæртæ.

Историон гуырæнтæй куыд бæрæг цæуы, афтæмæй, ацы комы ивгъуыд рæстæджы бирæ цæрджытæ уыд, кæд ныртæккæ бынтондæр федзæрæг, уæддæр. Æрмæст хицæн мыггæгтæ дзы уыд 30-мæ æввахс, уæды рæстæджы дзы цы хъæутæ уыд, уыдон та уыдысты 25-æй фылдæр.

Ацы комы тыххæй историон ратæдзæнты ницы уадиссаг зонæнтæ баззад, фæлæ уæддæр нæ къухы цы æрмæг ис, уымæй бæрæг цæуы, хъæздыг æмæ йын фæрнджын ивгъуыд кæй уыд.

Адæмон хъуыдымæ гæсгæ, Гудис раздæр хуынд Худис (Гаглойты З., 2005.109 ф), фæлæ йæ фæстагмæ, æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ, хонын райдыдтой Гудис.

Гудисгом райдайы Цъыруйы хъæуæй иу 3 километр мидæгдæрæй, Чъыбигъоты хъæуæй. Ам цардысты Хъуылымбегты мыггаг, хъæуы ном та баст у хицæн фыды-фырты номимæ. Мыггаг  сæдæ азы размæ алыгъдысты быдырмæ Гуиргуинайы хъæумæ, афтæ ма Джеры ком æмæ æндæр рæттæм.

Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Хъуылымбегтæ раздæр Хъалабегатæй уыдысты æмæ кæимæдæр фæтуджджын сты. Ам куы æрцардысты, уæд сæхи Хъуылымбегтæй рахуыдтой (Гаглойты З. 2005. 172 ф). Гуырдзыстонмæ сæ чи афтыд, уыдон та ныффыстой Хъулумбегашвилитæ æмæ Кулумбегашвилитæ (Цхуырбаты, 91). Дарддæр комы рахис фарс дыккаг хъæу уыд Бадаты хъæу, кæнæ та Уæллаг æмæ Дæллаг Бадатæ. Уæллаг Бадаты цардысты Бадаты мыггаг, фæлыгъдысты Арбойы хъæумæ æмæ уым Бадашвилитæ ныффыстой. Чидæртæ ма-иу сæ кæддæрты æрбацыд æмæ-иу сæ зæды Таранджелозы номыл кусæрттæ акодтой (Къæбулты З.). Дæллаг Бадаты та цардысты Пухаты мыггаг. Пухатæй дæр иутæ Знауыры районмæ фæлыгъдысты æмæ кæм æрбынат кодтой, уым дæр сæ хъæу Бадатæ рахуыдтой. Пухатæ ма æрцардысты ахæм хъæуты, куыд Принеу, Æхслит æмæ æндæр рæтты. Иутæ ма дзурынц, зæгъгæ, Бадатæ Пухаты хицæн фыды фырты номимæ сты баст æмæ, зæгъгæ, Бадашвилитæ дæр Пухатæй равзæрдысты, фæлæ цас раст у, уый зын зæгъæн у. Æнæуый та таурæгътæм гæсгæ, Пухатæ Гудисгоммæ Тыли гомæй æрцыдысты, ныр дæр ма Тылигомы сæ цæрæнуат Бадзыгаты хъæуы бынмæ Пухаты æрдуз хонынц (Мæргъиты И. 2007). Дæллаг Бадаты 50-60 азты цард 5 хæдзары. Уыдис сын мыггаджы мæсыг дæр. Дарддæр комы рахис фарс æртыккаг хъæу, ададжы фале уыд Гуыцмæзты хъæу. Ам 50-60-æм азты цард 5 хæдзары, уыдис сын мыггаджы мæсыг. Гуырдзымæ сæ чи афтыд, уыдон фыст æрцыдысты Гучмазашвилитæ (Цхуырбаты, 91) Дарддæр комы мидæгдæр уыд Сиукъаты хъæу, дих кодта дыууæ хайыл, Уæллаг æмæ Дæллаг хъæу, уыд сын мæсыг дæр. 50-60-æм азты ма Сиукъаты хъæуы цард 7 хæдзары бинонтæ. Гуырдзыстоны мæ сæ чи афтыд, уыдон фыст æрцыдысты Сиукъашвилитæ, Шиукъашвилитæ (Цхуырбаты, 91). Ардыгæй цъус мидæгдæр уыд Ходты мыггаджы хъæу, 50-60-æм азты дзы цард 5 хæдзары, уыдис сын мыггаджы мæсыг дæр. Ходты иу хай дæр хуыздæр цардагур рацыдысты быдырмæ æмæ сæ цæрæнбынаты ном схуыдтой Ход. Гуырдзыйы æхсæнмæ сæ чи афтыд, уыдон та фыссынц Ходашвилитæ æмæ Ходелитæ. Ходты мыггаг ма æмбæлы Ирыстоны цæгат хайы дæр. Уæладжыры комы дæр ис хъæу ахæм номимæ – Ход. Цардысты дзы æртæ мыггаджы æмæ быдырмæ куы фæцыдысты, уæд сæ хъæуы номыл æртæ мыггаджы дæр ныффыстой сæ мыггаг, афтæ равзæрд ног мыггаг Ходы. Дарддæр комы рахис фарс мидæгдæр уыдысты Бестауты хъæутæ Чъеботæ æмæ Хатæтæ, се ‘хсæн ис чы-сыл адаг. Ацы хъæуты нæмттæ равзæрдысты Бестауты хицæн фыдыфыртты нæмттæй. Чъеботы хъæуы ма 50-60 æм азты цард иу хæдзар. Ходты хъæуы сæрмæ уæлдæр ран та уыд Къуырмиаты хъæу, фæстаг хатт ма дзы цард Къуырмиатæй иу хæдзар. Къуырмиатæ дæр фæлыгъдысты фылдæр Ленингоры районы, Уæллаг Цъиры хъæумæ. Гудисгом куыд мидæмæ зилы цæгатырдæм, цæгат-ныгуылæн-варсæрдыгæй сæйраг коммæ æмæ иу кæны Бероты (Къæбулты) коммæ. Ам 1 км уæлдæр фæрсаг комы галиу фарс æрынцад Къæбулты хъæу. 50-60-æм азты дзы цард 20 хæдзарæй фылдæр, 19 – Къæбултæй, иу та Цыбыртæй (мидæгмоймæ йæ æрбакодтой). Къæбултæ уыдысты цалдæр фыды – фырты: Цитатæ, Ражамтæ, Созырыхъотæ (Алихантæ), Нукъелтæ, Хитилотæ æмæ Саукуыдзтæ фыдыфырт. Хъæуы мыггагæн уыд мæсыг дæр, фæлæ йæ XX æнусы райдианы сыхæлдтой æмæ дзы хæдзæртты систæ самадтой. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Къæбултæ, Сиукъатæ æмæ Цъæхилтæ æрвадæлтæ сты. Сæ фыдæлтæ цардысты Нузалы æмæ уыдысты Цæразонтæй. Уым кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ рафтыдысты ардæм. Æндæр зонæнтæм гæсгæ та уыдысты Цъæхилтæ, Сагкатæ æмæ Къæбултæ (Цхуырбаты, Дзиццойты 2015 452).

Къæбултæ, Цъæхилтæ æмæ Сиукъатæ фыццаг цардысты иумæ, фæлæ бинонтæ куы сбирæ сты, уæд хицæн бынæтты æрцардысты Къæбулты байзæддаг – Къæбулты хъæуы, Цъæхилы байзæддаг – Фаллагхъæуы, Сиукъатæ та – Сиукъаты хъæуы. Цъæхилтæ æнудæ-сæм æнусы райдианы хуыздæр цардагур фæлыгъдысты быдырбæстæм, куыд Сарабукъы хъæу, афтæ æндæр рæттæм дæр. Къæбулты хъæуы сæрмæ цы æртæ хъæууат ис: Хæдзаруæттæ, Уæллаг æмæ Дæллагхъæу, уым дæр Къæбулты мыггаг цардысты. Куыд дзурынц, афтæмæй ацы æртæ мыггаг Гудисгоммæ æрæфтыдысты – 10 фæлтæры размæ. Къæбулты хъæуы ныхмæ, комы рахис фарс уыд Фаллагхъæу, кæнæ та Беротæ. Цъæхилты мыггаг куы фæлыгъдысты, уæд сæ бынаты Бероты мыггаг æрцардысты, фæлæ адон дæр æнудæсæм æнусы райдианы фæлыгъдысты Ередмæ æмæ ам Беруашвилитæ ныффыстой. Беруашвилитæ кæд гуырдзиæгтæй уыдысты зындгонд, уæддæр ма йæ сæ хистæртæ хъуыды кодтой, Беротæй кæй уыдысты æмæ стæй Гудисæй рацæугæ кæй сты (Къæбулты Æ). Бероты мыггаг ма æмбæлы Ирыстоны цæгат хайы Уæллаг Санибайы хъæуы (Гутнов 2004. 148).

Къæбулты (Бероты) ком кæм иу кæны сæйраг коммæ, уым дарддæр комы мидæмæ фыццаг хъæу уыд Джериты (Гериты) хъæу. Джериты мыггаджы иутæ Къæбултæй равзæргæ хонынц æмæ ныр та, зæгъгæ, сæ иутæ Джиотæй ныффыстой. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ, Геритæ-Гелитæ сты æрвад мыггаг Джиголатæн æмæ æвзæргæ дæр уыдонæй ракодтой (Гаглойты. 2005. 89). Джеритæ кæм цардысты, уым зад диссаджы фæткъуытæ, ныр дæр ма дзы зæронд бæлæстæ ис. Джериты иу хай хуыздæр цардагур афтыдысты Карелы район Суканатубаны хъæумæ (Калоев 2012. 95). Дыккаг хъæу уыд Беппиты хъæу, сæ фылдæр фæлыгъд Знауыры районы Метъехы хъæумæ. Гуырдзыйы æхсæн сæ чи æрцард, уыдоны та ныффыстой Беппишвилитæ. Æртыккаг хъæу та уыд Елдзарты хъæу. Елдзартæй Гуырдзыстонмæ чи афтыд, уыдон фыст æрцыдысты Елиджарашвилитæ, Елдзарашвилитæ (Цхуырбаты 91, 92).  Елдзарты мыггагæй бирæ алыгъд Къахетмæ Арешпераны хъæумæ дæр, XX – æм æнусы 60-æм  азты дзы цард 20 хæдзары бæрц (Калоев 2012. 103ф). Ацы æртæ хъæуы цæрджытæ раджы фæлыгъдысты быдырбæстæм æмæ сæ комы зæронддæр адæмæй дæр ничи хъуыды кодта. Комы рахис фарс рæбинаг хъæу уыд Уырыгаты хъæу, фæлæ ацы хъæу дæр раджы федзæрæг. Фæлыгъдысты быдырбæстæм, сæ иутæ та – Гуырдзыстонмæ æмæ уым сæхи Уригашвилитæ ныффыстой. Ис ма ахæм таурæгъ, зæгъгæ, Бихъары хъæуы дæр кæддæр Уырыгатæ цардысты. Дардтой бирæ фос, фæлæ сыл иу рæстæджы бирæгъ сахуыр æмæ сын сæ фос æрдæгыл фæкодта. Уырыгаты фæсивæд бирæгъы  æрцахстой. Йæ царм ын удæгасæй бастыгътой æмæ йæ афтæмæй ауагътой. Бирæгъ сæ сæрмæ зæнгыл æртæ æхсæв æмæ æртæ бон фæниудта æмæ стæй амард. Уыцы бонæй фæстæмæ Уырыгатæ быныцагъд кæнын райдыдтой. Баззад ма, дам, сæ иу æвгъæддоны уæвæг чындз. Фæцыд, дам, Члианамæ йæ цæгатмæ. Уым, дам, ын райгуырд лæппу æмæ абоны Уырыгатæ уымæй рабирæ сты (Дудайты. 2010. 98, Цхуырбаты, Дзиццойты 2015. 623).

Мæргъиты Ирбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.