Гæбæраты Æхсар райгуырд æмæ схъомыл ис Дзæуджыхъæуы. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд бацыд математикæ æмæ компьютерон курсытæм центр «Интеллект»-мæ. Арф айста компьютерон техни-кæйы сусæгдзинæдтæ йæ зæрдæмæ æмæ йæхицæн фидарæй аскъуыддзаг кодта, дарддæр дæр кæй  ацæудзæн ацы хаххыл. Скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты математикæйы факультетмæ æмæ йæ 2011 азы каст фæцис æнтыстджынæй. Æвзонг лæппуйæн сабибонтæй фæстæмæ йæ ныййарджытæ уарзын кодтой мадæлон æвзаг дæр.  Йæ фыдыфсымæр, зынгæ ахуыргонд, ирон æвзагиртасæг Гæбæраты Никъала кæд-дæриддæр кæстæртæн амыдта, мадæлон æвзаг адæймагæн кæй у æппæты зынаргъдæр æмæ йын кæй хъæуы аргъ кæнын, аудын æмæ хъахъхъæнын.

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы фæ-зæгъынц. Æхсары дæр, æвæццæгæн,  йæ фыдыфсымæры стыр фарн баразæнгард кодта  йæ уарзон дæсныйадæй, компьютерон технологитæй, йæ мадæлон æвзаджы райрæзтæн спайда кæнын. Йæ сабион бонтæй уый йæ хъус дардта математикæ æмæ компьютерон технологитæм æмæ æрыгон лæппу æнцойад нал ардта – фæндыд æй уыдонæй йæ мадæлон æвзаджы пайдайæн исты саразын. Скъолайы, ахуыргæнинаг уæвгæйæ, программæкæнынады курсытæм куы цыд, уæд сарæзта компьютерон программæ «Детский мультимедийный осетино-русский и русско-осетинский словарь». Бирæ дзырдтæ нæ уыд уыцы дзырдуаты, фæлæ йæ фæрцы гæнæн уыд фехъусæн алы ирон дзырд дæр æмæ фенæн йæ нысаниуæджы ныв. «Цард размæ цæуы, йемæ хæссы ногдзинæдтæ æмæ ирон æвзаг дæр фæстейæ ма хъуамæ баззайа, – ахæм у йæ хъуыды Æхсарæн. Уый тыххæй мæн фæндыд саразын ахæм æрмæг, кæцы уа ныры дуджы компьютерон технологитыл амад».

Æвзыгъд лæппуйæн йæ хъуыдытæ царды сæххæст кæнын цасдæрбæрцæй æн-тысгæ дæр бакодта, студент ма куы уыд, уæд.

Куыд зонæм, афтæмæй ныры дуг нымад у интернет æмæ мобилон бастдзинады дугыл. Адæм бирæ рæстæг хардз кæнынц мобилон телефонтимæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йæ бафæндыд, цæмæй адæм телефонты фæрцы базоной не ‘взаг, нæ аивад, нæ истори æмæ æндæр ахæмтимæ баст ногдзинæдтæ.  Ацы хъуыдыйæн хуыздæрыл банымадта «Кто хочет стать миллионером?»-ы хуызæн мобилон æфтуан ирон æвзагыл саразын. Ба-фæлвæрдта саразын ахæм интернет-сайт æмæ райдыдта мобилон телефонтæн æфтуантæ аразын ахуыр кæнын. «Мæ фыдимæ бацæттæ кодтам 200 фарстайы бæрц æмæ 2016 азы рауагътон мобилон æфтуан «Базон-базон». Райдианы йæ ме ‘мбæлттæн равдыстон æмæ сæ зæрдæмæ фæцыд, уыдон та йæ сæ зонгæтæн фенын кодтой æмæ сындæггай адæм райдыдтой пайда кæнын ацы æфтуанæй». Ацы æнтыст æй ноджы баразæнгард кодта æмæ æрыгон лæппу кусын райдыдта æфтуаны фæл-гæттæ фæуæрæхдæр кæныныл.  Цæттæ  кодта ног æмæ ног фарстатæ æмæ сæ хаста æфтуанмæ. Афтæ ма æфтуанæй пайда-гæнджытæн уыд бар, цæмæй-иу æрбарвыстаиккой сæхи фарстатæ дæр, æмæ-иу уыдон дæр хаст цыдысты æфтуанмæ.

«Стыр æххуыс мын бакодта ирон филологийы специалист Цоколаты Екатеринæ. Йемæ уыцы фарстатæ сраст кодтам æмæ сæ иууылдæр бахастам «Базон-базон»-мæ. Ныр æфтуаны ис 450 бæрц фарстайы æмæ дзы алы бон дæр адæм пайда кæнынц. Фæнд кæнын фарстаты нымæц рæхджы дзæвгар фæфылдæр кæнын»,- зæгъы Æхсар.

Фарстатæ иууылдæр сты Ирыстон æмæ ирон адæмимæ баст: аивад, фольклор, истори æмæ географи, Нарты кадджытæ æмæ таурæгътæ, зындгонд адæм æмæ хъайтартæ, ирон æмбисæндтæ æмæ афтæ дарддæр. «Мæнмæ гæсгæ, ацы æфтуан уымæй хорз у, æмæ дзы адæймаг, хъазгæйæ, ирон æвзаг дæр ахуыр кæны æмæ ма дзы райсдзæн Ирыстоны тыххæй бирæ цымыдисаг зонындзинæдтæ»,- загъта йæ хъуыды æфтуаны аразæг.

Æхсар куыд зæгъы, афтæмæй уый рагæй уарзта аудиочингуытæм хъусын. Ам дæр та æрбаиу кодта йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ бæллицтæ æмæ сарæзта æндæр мобилон æфтуан «Ирон чиныг». «Кæддæр байхъуыстон Теодор Драйзеры уацмыс «Трилогия желаний»-мæ æмæ мæ зæр-дæмæ фæцыд. Æз ахъуыды кодтон, иронау бирæ аив уацмыстæ куы ис, уыдонмæ æз дæр æхсызгонæй байхъусин. Фæлæ Интернеты ссардтон æрмæст «Нарты кадджытæ» æмæ Коцойты Арсены цалдæр радзырды аудиойы хуызы. Афтæ мæм фæзынд ахæм мобилон æфтуан саразыны хъуыды, кæцыйы уа фадат ирон аудиочингуытæм байхъусын. Фыццаг аудиофыстытæ сарæзтам мæ фыдимæ, уыдысты ирон адæмон аргъæуттæ. Бацæттæ кодтон æмæ 2017 азы рауагътон мобилон æфтуан «Ирон чиныг»-ы фыццаг верси Android телефонтæн,- радзырдта Гæбæрайы фырт. – Æфтуанимæ арха-йæгæн йæ бон у уацмысмæ хъусын æмæ уыцыиу рæстæджы уацмысы текст кæсын, шрифты ас аивын. Уымæй дарддæр ма дзы бахастам дзырдуаты функци. Зæгъæм, архайæг исты æнæзонгæ дзырдыл куы сæмбæла, уæд йæ бон у æнгуылдзæй баныдзæвын дзырдыл æмæ йæ тæлмац байгом уыдзæн. Дзырдуаты базæтæ нын радта Дриаты Юри, æмæ йын зæрдиагæй бузныг зæгъын». «Ирон чиныг»-ы фыццаг версимæ хаст æрцыдысты ахæм æрмæ-джытæ, куыд Нарты кадджытæ, ирон адæмон аргъæуттæй иу цалдæр, радзырдтæ.  Æрæджы æфтуаны фæзынд аудиочиныг æндæр ранмæ райсыны функци, йæ фæрцы гæнæн ис уарзон аудиоуацмыстæм æнæ Интернетæй хъусын. Аудио-чиныг рагацау хъæуы айсын æфтуан Play Market-æй телефонмæ кæнæ планшетмæ æмæ йæм кæдфæнды æмæ кæмфæнды-дæр уыдзæн байхъусæн».

Проекты куыст цæуы дыууæ кары къордимæ: Фыццаг – рæвдауæндæтты кары сывæлæттæн, сæ ныййарджытæн æмæ хъомылгæнджытæн фыст цæуынц аргъæуттæ, а-ло-лай зарджытæ, æмдзæв-гæтæ æмæ радзырдтæ. Дыккаг та – скъолайы æмæ студентты карæн. Уыдонæн та – адæмон таурæгътæ, ирон литературæйы классик радзырдтæ, æмдзæвгæтæ. Ныртæккæ «Ирон чиныг»-ы æфтуаны  фæзынди тынг бирæ  аудиочингуытæ æмæ ууыл дарддæр кусæм.

Æхсар куыд радзырдта, афтæмæй уацмысты номхыгъд цæттæ кæны Цæгат Ирыстоны Ахуырады кусджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты специалисттимæ. Аудиоæрмæг фыст цæуы ирон æмæ дыгурон театрты артисттимæ. Проекты куысты хайад райстой артисттæ Бытъæты Роберт, Цырыхаты Розæ, Тылаттаты Бексолтан, Лалыты Хъазыбег, Гæбуты Жаннæ, Пагæты Фатимæ, Черчесты Дианæ, Хадаты Альберт, Сечъынаты Элитæ, Езеты Эрнæ, Хадаты Залинæ æмæ æндæртæ.

Æхсар дарддæр дæр фæнд кæны ацы дыууæ мобилон æфтуан кæронмæ ба-цæттæ кæнын, «Базон-базон»-мæ фылдæр фарстатæ бахæссын, «Ирон чиныг»-мæ та – ног аудиоуацмыстæ.

«Мæ фыд, Гæбæраты Ясоны фырт Феликс, Гæбæраты Никъалайы кæстæр æфсымæр нывгæнæг у, райгуырд Хуссар Ирыстоны Куатетрийы хъæуы, уым сты мæ уидæгтæ æмæ кæддæриддæр мæ алы куыстыты дæр  пайда кæнын, куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны тыххæй темæтæй дæр. Ирыстон у иу æмæ йын нæй дихтæгæнæн»,- загъта Гæбæраты Æхсар.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.