Æрæджы  «Спутник-Хуссар  Ирыстон»-ы дунеон пресс-центрмæ хуынд æрцыдысты, ивгъуыд аз нæ горæты Консерваразæн заводы бындурыл цы ног куыстуат «Иронсæн»-ы директор Цапайты Александр æмæ Æддагон экономикон бастдзинæдтæ æмæ инвестицион архайдтыты управленийы сæргълæууæг Пухаты Мадинæ.

Цапайты Александр куыд фехъусын кодта журналисттæн, афтæмæй сæнуадзæн куыстуат æввахс рæстæджы фæнд кæны сæ ассортимент фæуæрæхдæр кæнын. «Нæ зæрды ис коньяк рауадзын. Ацы сæрд хъавыдыстæм дыргъдты дæттæ рауадзынмæ дæр, фæлæ кондад цæттæ нæма у».

«Иронсæн»-ы заводы директор ма куыд загъта, афтæмæй кондад ацы аз исдзæн бынæттон цæрджытæй сæнæфсир. Уымæн æмæ, дам, мах тырнæм, цæмæй бынæттон продукцийæ аразæм сæн. Бынæттон сæнæфсир у бирæ хæрзаддæр. Ивгъуыд аз проекты фæлгæтты, Присы хъæуы ныссагътам сæнæфсиры уазитæ. Ныфс нæ ис, фидæн аз кæй райсдзыстæм фыццаг тыллæг».

Цапайы фырты ныхæстæм гæсгæ завод куы скуыста, уæдæй нырмæ рауагъта 130 мин авджы сæн. Уыдонæй 100 мины арвыстой Уæрæсемæ. Уым, дам, «Иронсæн»-ы бренды бын цы продукци цæуы, уый æлхæнынц зæрдиагæй. «Уæрæсейы махæн ис дыууæ базарадон хæдзары, цыран уæй цæуы нæ продукци, Хуссар Ирыстонæй уырдæм æрвыст цы сæн æрцыд, уый æмткæй реализаци æрцыд. «Иронсæн»-ы иу авджы астæуккаг аргъ у 350-430 сомы. Уыцы аргъ зынаргъ нæ кæсы фæлхасгæнæгмæ, уымæн æмæ сæн у хæрзгъæд, йæ бон у сæрибарæй конкуренци кæна æндæр маркæйы бын уагъд сæнтимæ.

«Заводы цы сæн уагъд цæуы, ууыл лæмбынæг контрол кæнынц специалисттæ. Алы этапæн дæр арæзт æрцæуы лабораторион басгæрст æмæ, æрмæстдæр, уый фæстæ сæнхъизын кæнæм сæн. Сæн аразыны рæстæджы тынг ахсджиаг у сыгъдæг-дзинад хъахъхъæнын. Уæд сæнæн йæ, гъæд æмæ ма йе ‘ддаг хуыз дæр уыдзысты æмбæлон. Ахсджиаг у сæн авгын мигæнæны дарын, йæ сæр хъуамæ уа æнгом æхгæд, уæд бирæ азты уый нæ сафдзæнис йæ тæф. Цæрджытæй цы сæнæфсир ист цæуа, уый дих цæудзæн сорттыл æмæ уый фæстæ завод уадздзæн цалдæр хуызы сæн. Ис сæрмагонд сæнæфсиры хуызтæ, кæцытæй хуыздæр цæуы сæн. Ахæм сæнæфсир æлхæд цæудзæн стырдæр аргъмæ, фæлæ уый нæ нысан кæны, ома, мах нæхи атигъ кæндзыстæм сæнæфсиры иннæ хуызтыл», зæгъы Цапайты Александр.

Æддагон экономикон бастдзинæдтæ æмæ инвестицион архайды управленийы сæргълæууæг Пухаты Мадинæ та журналист-тæн æрдзырдта, фæстаг азты нæ республи-кæйы экономикæйы рæзты фæдыл цы куыст цæуы, уыдæттыл. «Хицауад йæ разы æвæры хæс, цæмæй инвесторæн арæзт æрцæуа хæрзвадат уавæртæ. Закъон гаранти дæтты инвесторы бартæ, интерестæ æмæ исад хъахъхъæнынæн. Уымæй дарддæр ма Пухаты Мадинæ куыд зæгъы, афтæмæй æрæджы Парламенты «Инвестицион архайды тыххæй»  цы законы проект ист æрцыд, уымæ гæсгæ нырмæ инвестор, йæхи фæрæзтæй проектыл цы фæрæзты хардз кодта, уыдон дыууæ хатт фæкъаддæр уыдзысты. «Нæ управленимæ цы инвестицион проекттæ хæссой, уыдон дихгонд цæудзысты приоритетон æмæ хатыронтыл. Приоритет лæвæрд цæудзæн ахæм инвесторæн, кæцыйæн йæхи сæрмагонд æхцаты гуырахст уа 25 милуанæй 150 милуаны онг». Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы закъон райсыны фæстæ инвесторæн æххуысы формæтæ суыдзысты æнцонвадатдæр æмæ æргомдæр. Уый стимул дæтдзæн республикæмæ инвестортæ бахонынæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ «Иронсæн»-ы куыстуаты инвестор скусын кодта хисæр-магонд фæрæзтæй, уымæ гæсгæ министрад йæ хæсыл нымайы, ацы компанийы фарсмæ лæууын æмæ сæм цы фарстатæ сæвзæры, уыдон скъуыддзаг кæнын.

«Иронсæн» кæд ивгъуыд аз скуыста, уæддæр ныридæгæн хайад райсы Уæрæсейы равдыстыты. Сæ бон у 10 мин авг уадзын суткæйы æмæ сæ фæнды сæ кондад ноджыдæр рауæрæхдæр кæнын – 150-200 мин авджы уадзын дæр у сæ бон. «Уымæ гæсгæ мах райгонд стæм кондад «Иронсæн»-æй, – зæгъы Пухаты Мадинæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.