(Фыссæджы боныгæй)

2018 азы 26-ӕм август  нӕ хӕдбардзинад банымайыны бон: (Фрагменттӕ хӕсты рӕстӕджы боныгӕй)

Адӕймаг, дам, дурӕй  фидардӕр у, фӕзӕгъынц, ӕмӕ раст у. Цынӕгъуызон зындзинӕдтӕ, уды  рыстытӕ нӕ фены царды,фӕлӕ сӕ уромы.  Уромгӕ сӕ кӕны, хъуыдыйӕ нӕ хауынц, афтӕмӕй.

Дыууын аст азӕй фылдӕр рацыд, иры ӕмӕ  гуырдзыйы ‘хсӕн ӕрцӕугӕ  конфликт кӕй хонынц, уыцы тугкалӕн хӕстӕй ӕмӕ абоны онг дӕр цӕстӕй нӕ хицӕн кӕнынц уыцы бонты  нывтӕ.

Фыстон-иу, кӕцы бон цы ӕрцыд, чи фӕмард,  чи фесӕфт ӕбӕрӕгӕй, уацары чи бахауд. Фыстон алцы  цы фыдӕбӕттӕ ӕвзӕрстам  нӕмгуыты  ихуарды бын  ӕнӕдон, ӕнӕрухс, ӕнӕгазӕй. Фыстон сӕ – цæмæй куы  фӕмард уон, уӕд чи  аирвӕза, уыдон зоной ӕмӕ сӕ зӕрдыл  дарой, цы ӕгъатыр митӕ нын фӕкодтой, иузӕрдионӕй кӕмӕн лӕггад кодтам,  уыцы сыхӕгтӕ.

Алыгъуызы уӕззаудзинӕдтӕн  бафӕрӕзтам ӕмӕ нӕ кӕд бирӕ, бирӕ  фӕхъуыд, фӕцагъды, уӕддӕр нӕ тугкалд уӕгъды нӕ фӕци. Æмӕ уыцы стыр туджы зӕйты аргъмӕ нӕ къухы бафтыд сӕрибардзинад. Абон хӕдбар паддзахад стӕм, нӕ сомбон дӕр хорз хъуамӕ ацӕуа не скӕнӕг Хуыцау ӕмӕ нӕ ирвӕзынгӕнӕг Уӕрӕсейы  фӕрцы.

Хорз у!

Рыст мӕ зӕрдӕйӕ уӕддӕр нӕ аиуварс. Чи  радта йе ‘взонг цард, йӕ уд, райгуырӕн  бӕстӕйы сӕрвӕлтау чи басыгъд хӕсты азарӕй ӕмӕ абоны онг дӕр тухитӕй чи  ӕрвиты йӕ цард, сӕ бинонтӕ кӕмӕн  ныппырхытӕ сты, фӕхауӕггаг сты ӕмӕ сын уый фадат дӕр нӕй, сӕ ныййарджыты мардмӕ ӕрцӕуой ӕмӕ сын фӕстаг хӕрзбон зӕгъой. Адӕттыл хъуыдытӕ мын мӕ цард ӕнӕад кӕнынц.

Цы ис ам  ӕмбӕхсинагӕй. Хӕстӕн йӕ ӕнӕфысгӕ закъон у: иутӕ сӕ цард, сӕ уд рауæлдай кæнынц  знаджы ныхмӕ тохы, иннӕтӕ та  цард ӕмӕ боныл уӕд фӕхӕст вӕййынц… Сыгъд хъӕутӕй ӕрмӕст ма йӕ уд кӕмӕн аирвӕзт, уыдонӕй бирӕтӕ  та абоны онг дӕр ӕнӕхӕдзар сты…

Адӕмыл, дам, хур дӕр не ‘ххӕссы, фӕзӕгъынц. Раст у, фӕлӕ цард йӕхион домы… Куы фехъусын мӕнӕ та уыцы лигъдон амарди ӕмӕ йӕ  «палаткӕйӕ» рахастой, кӕнӕ турбазӕйӕ,  уӕд сриссын, дывӕр рыстӕй сриссы мӕ зӕрдӕ.

Чи у аххосджын?

Иунӕг дзуапп, раст дзуапп ис ацы риссаг фарстӕн:

Хӕст!

Чи самадта ацы ӕнӕхъӕуӕг хӕст? Алчи дӕр нӕ хорз зоны, хорз ӕмбары, дӕрдтыл ма цы дзурон.

Фӕфыстон хӕсты фӕмардуӕвӕг ирон лӕппутыл цӕссыгкалгӕ, фӕмыхуыр сӕ кодтон, куыд фадат мын уыд, афтӕ. Уыдон бирӕ сты, нырма  кӕд фӕуыдзысты фыст. Фӕлӕ мӕ боныгыл мӕ  цӕст куы ахӕссын, уӕд дзы ахӕм  хабӕрттӕ дӕр ис, кӕцыты раргом кӕнын мӕм афтӕ фрагментты хуызы дӕр  хъӕуӕг фӕкаст ӕмӕ дзы иу-дыууӕ  кӕсӕджы размӕ хӕссын.

1 январь, 1992 аз.Ралӕууыд Ног аз. Æвӕццӕгӕн мыл мӕ царды амӕй уӕззаудæр, ӕгъуыздæр ногбон никуы ӕрцыд. Ногазон фынг раздӕртау  дзаджджын кӕй нӕ рауад, хъуыддаг уый мидӕг нӕй. Зӕрдӕ, уд раафтид куыддӕр  ницыуал ӕм хъары хорзӕй.

Бадӕм  бинонтӕ, фӕнды нӕ бахъӕлдзӕг кӕнӕм кӕрӕдзийы, фӕлӕ тыхмийӕ ми нӕй…

Æмӕ телевизор баиу кодтам  кӕд исты ахӕмӕй  равдисиккой, зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа…

«Алцы афтӕ райдыдта,  загъта диктор,  ӕмӕ  равдыстой Гуырдзыстоны хицауады галуаны раз цытӕ ӕрцыд, уыцы  цауты нывтӕ: судзынц, арт ирвӕзы хӕдзӕрттыл, Тбилисы централон уынгтӕ фӕздӕгӕй нал зынынц, цагъды кӕнынц адӕм, сӕйраг проектӕй ма фӕздӕгӕй сау хӕдзӕртты пырхӕнтӕ амыты-уымыты фӕзынынц экраныл…».

Диссаг куыд нӕу, иу афӕдз рацыд Ирыстоны адӕмы  куы  фӕцагътой, фӕсырдтой, басыгътой хъӕуты, ныр та  кӕрӕдзимӕ фесты. Мидхӕст у уый, уӕдӕ йӕ цы схуындӕуа?

Диктор та хъӕрӕй йӕ куыст кӕны: «мӕрдты нымӕц 70-йӕ ахызт, цӕфтӕ сты 500 адӕймаджы…»

Кӕмӕн ма сӕ хъӕуы тугӕй донхӕргонд зӕхх, кӕд кӕрӕдзийы дӕр цӕгъдынц, уӕд! Уӕдӕ ма къухӕмдзӕгъдгӕнгӕ цӕмӕн равзӕрстой сӕ президенты? Йӕ бандоны тыххӕй йӕ  адӕмыл чи нӕ ауӕрды, уымӕй президент нӕ, фӕлӕ  уынгтӕсӕрфӕг уӕлдӕр лӕууы. Уый та  Мэсси  бады арф бункъеры ӕмӕ йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй адӕммӕ байхъуса ӕмӕ йӕ къӕлӕтджынӕй рахиза  ӕз, дам, закъонмӕ  гӕсгӕ  ӕвзӕрст дӕн. Афтӕ дӕр фод, фӕлӕ уыныс ныппырхи дӕ бӕстӕ, адӕм цӕгъдӕнтӕ кӕнынц кӕрӕдзийы, рахиз дӕ бынатӕй, бауадз сӕ сӕхи бар. Истори дын  нӕдӕр дӕ хорз бамбӕхсдзӕн ӕмӕ дын нӕдӕр дӕ рӕдыд къахдзӕфтӕ ныббардзӕн.

Нӕй, нӕ комы…

1992 азы январь. Абон афӕдз сыххӕст  гуырдзиаг «фӕткхъахъхъӕнджытӕ» нӕм ӕд куыйтӕ куы ‘рбабырстой, ууыл. Нал мӕм цӕуы уыцы фыдмитыл дзурын…

Басихор кодтам ӕмӕ та телевизормӕ кӕсӕм. Кӕсӕм ӕмӕ изӕрмӕ бадгӕйӕ баззадыстӕм. Диссӕгтӕм  кастыстӕм, диссӕгтӕм!

Ахъуызыди сӕ президент! Æмӕхсӕвӕджы йӕ бинонтимӕ, йӕ ӕмхъузонтимӕ ахъуызыди!..

Равдыстой, кӕм бадти, уыцы бункъер  хӕрх хӕрд, нозт, продукттæ, хӕцӕнгӕрзтӕ рӕдзагъд-рӕдзагъдӕй.

Фӕлӕ уымӕн циу? Уыдон та цӕй рӕгъмӕ рахӕссинаг цыдӕртӕ сты?!

Сегасӕй диссагдӕр, зӕрдӕхалӕндӕр ныв: цары  къулӕй-къулмӕ, дӕргъӕй-дӕргъмӕ ӕфсӕйнаг хӕтӕлыл ӕфсӕйнаг хъадамантӕ ауыгъд. Хӕтӕлмӕ ток иугонд. Ацы  хъадамантыл ауыгътой сӕ къухмӕ бахауӕг уацарты, сӕ ныхмӕ  чи растад, уыдонӕй  ӕмӕ сӕ фыдмардӕй, хъизӕмарӕй  цагътой, стӕй мӕрдты арф ныккӕндмӕ калдтой!..

Æй-ӕй!

Йӕ ӕмтуг адӕмы ӕнӕауӕрдонӕй цагъта, куынӕг сӕ кодта. Адон та йӕ фарон ӕмдзӕгъдгӕнгӕ паддзахады сӕргъ сӕвӕрдтой ӕмӕ афтӕ нымадтой, сӕ бӕстӕ ссӕрибар кодтой (кӕмӕй?)  ӕмӕ сын ныр цард ӕрцыд…

Æвдыстой дарддӕр пырх проспект, милайӕдзаг  ӕрдӕгпырх хӕдзӕртты, бадтысты цалдӕр лӕгӕй студийы ӕмӕ  мӕстджынӕй ныхас кодтой ӕрцӕугӕ хабӕрттыл. Йӕ  зӕрдӕйы мӕстытӕ радзырдта зынд-гонд зонадон кусӕг Вахушти Къотетишвили дӕр: «Мӕ фыды  хӕдзар-музей мын басыгътой, (йӕ фыд дӕр ахуыргонд уыд, университеты лектор, бабын 1937 азы), мӕ машинӕ мын аскъӕрдтой, йӕ мидӕг мӕ фыды ӕмӕ мӕхи  зонадон куыстытӕ, чингуытӕ  цы ма дзы аирвӕзт, уыдон. Мӕхӕдӕг тыххӕйты аирвӕзтӕн мӕлӕтӕй. Мӕнӕ  кӕйонг ӕркодта Гуырдзыстоны ӕмӕ нӕ адӕмы  иу сӕлхӕр, мӕнӕ…»

Куы сӕ фесӕфта, сӕ кӕрӕдзийӕн сӕ куы фӕцӕгъдын кодта, раууатмӕ куы ӕркодта бӕстӕ, уӕд ӕй  бамбӕрстой, ацы фыдгӕнæг, дам, рынчын у… Президентӕй йӕ куы  ӕвзӕрстой, уӕд сын Мэсси уыд, Гуырдзыстоны  ирвӕзынгӕнӕгӕй сын ӕй рарвыста Хуыцау! Мингай адӕм  уынгты митингтӕ уагътой, ӕхсӕвӕй-бонӕй  Хицауады  галуаны раз лӕу-уыдысты ӕмӕ йын зарыдысты: «Звиади  сакартвелоа, швилеби чвен варт хъуелао»  Звиади, дам, йӕхӕдӕг Гуырдзыстон у, мах та, дам, иууылдӕр йӕ  хъӕбултӕ…

Уыцы Звиади Ирыстонмӕ фарон 6 январы ӕхсӕвыцъӕхӕй куы ӕрбалӕбурдта 3 мин милиционеримӕ ӕмӕ ӕхсгӕ куы бацахста горӕты, куы сызмӕстой, куы фӕхастой, уӕд бон раздӕр бынӕт-тон  гуырдзиӕгтӕ сӕхи  айстой, сӕхӕдӕг фӕцыдысты ӕмӕ уӕддӕр афтӕ  нымадтой, ирӕтты аххос, дам, у алцы! Ныр куыд? Нырма уын кӕй аххос у? Кӕд еныр дӕр афтӕ хъуыды кӕнут, уӕд уӕ бар уӕхи…

1992 азы 18 май.

Май сегасӕй рӕсугъддӕр у афӕдзы мӕйтӕй  ӕрдз цъӕх адары, райхӕлынц алыгъуызон дидинтӕ  ӕмӕ сӕм адӕймаг кӕсынӕй не ‘фсӕды. Мах та  чи уадзы нӕ зӕрдӕйы фӕндиаг цӕрын  горӕтыл ӕрхъула кодтой ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕхсынц. Горӕтӕй нӕдӕр ахизӕн ис искуыдӕм, нӕдӕр мидӕмӕ ӕрбахизӕн. Блокадæ! Куыстмӕ  арӕхстгай, къулгæрæтты тӕрсгӕ-ризгӕ хъуамӕ  цӕуай. Алы бон цӕфтӕ, мӕрдтӕ. Цӕссыг дӕр басур…

Сабаты, ӕндӕрӕбон, нӕ рауагъдады (чингуыты рауагъдад «Ирыстон») директор  Гӕбулты Мелитоны бавӕрдтам. Нал сфӕрӕзта  йӕ зӕрдӕ утӕппӕт мастӕн, ныццавта йӕ паралич ӕмӕ ӕнӕдзырды бонӕй ацыд а-бӕстӕй… Уый размӕ къуырийы куыстмӕ куы ссыдтӕн, уӕд йӕ кабинеты раз къæ-лидоры лӕууыдысты Уанеты Шураимӕ (рауагъдады нывгӕнӕг) ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй цӕуылдӕр ныхас кодтой. Салам сын загътон ӕмӕ мын Мелитон саламы бӕсты афтӕ бакодта:  «Нал нӕ ныууадзой дӕ гуырдзиӕгтӕ…» Æз гуырдзиаг хайады  редактор кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мын кӕй бафидис кодта, уый та куыднӕ бамбӕрстон, фӕлӕ ницы сдзырдтон. Уый  размӕ  1986 азы мӕхи тӕлмацӕй гуырдзиаг æвзагмæ рацыд йӕ чиныг «Дӕ тугӕй  фыст» (роман ӕмӕ радзырдты ӕмбырдгонд) ӕмӕ  тынг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, фӕбузныг мӕ ис ӕмӕ  мын хъарм, зӕрдиаг фӕндиӕгтимӕ фыццаг мӕнӕн балӕвар кодта чиныг. Ныр нын нӕ зӕрдӕтӕ  афтӕ  фӕриссын кодтой ӕмӕ нӕм  ницыуал хъары.

Уарыд къæвда. Йӕ хӕдзары раз бамбырдыстӕм  иууылдӕр, фыдохы митинггонд сарӕзтам, æхстой нæ, афтæмæй. Цӕссыг бирӕ ахаста, фӕлӕ, куыд ӕмбӕлд, уӕддӕр афтӕ ныгӕд не ‘рцыд.  Згъудеры уӕлмӕрдмӕ ахӕссӕн ын нӕ уыд  уырдыгӕй нӕ ӕхстой ӕмӕ уыцы бонты чи фӕмард, уыдоны кӕнӕ сӕхи кӕртыты ӕвӕрдтам, кӕнӕ  фӕндзӕм скъолайы кӕрты. Мелитоны та  Тъбетмӕ аластой ӕмӕ йӕ уым бавӕрдтой. Ныр уым дӕр сырӕзт Цхинвалы цӕрӕг мӕрдтӕн уӕлмӕрд…

Дыккаг бон  хуыцаубоны та зынгӕ артист Цхуырбаты Барисы бавӕрдтам. Уый дӕр йӕ зӕрдӕйӕ  амарди. Нал фӕразынц адӕм ахӕм ӕгъатыр  митӕм кӕсын. Театры раз  фӕзуат адӕмӕй байдзаг. Фӕлӕггад ын кодтой, бирӕ хъарм ныхӕстӕ  фӕдзырдтой йе ‘мгӕрттӕ, хицауады кусджытӕ. Зӕрдӕмӕхъаргӕ раныхас кодта Барисы табӕты раз Пухаты Фатимӕ – облæххæсткомы  культурӕйы хайады гӕс.

Афтӕ… Иу къалоритон фигурӕ,ирон  аивады зынгӕ архайӕг, номдзыд лӕг та  фӕхъуыд не ‘хсӕнадӕй.

Майы рӕсугъд хурбонтӕ нӕмгуыты  ихуарды бын ӕрвитӕм ӕмӕ нӕ зонӕм, сом та нӕ чи басаухӕдзар уыдзӕн…

Цхуырбаты Мери

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.