Цыппæрдæс азы рацыд уыцы тугуарæн хæстæй. 2008 азы гуырдзыйы неофашисттæ Саакашвилийы сæргълæудæй, се ссыртæ сцыргъ кодтой сæ хъуыры чи  фæбадт, уыцы чысыл  Ирыстон аныхъуырын-мæ. Сау сынтытау ыл æрхъула кодтой æмæ йыл фыдвæнд ныккодтой Ирыстоныл, цæмæй йæ зæххæмвæз скæной æмæ дзы дур-дурыл дæр мауал баззайа. Фæлæ ирон æмбисонд куыд амоны: “Фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ рæстæг нæй”.

Дæлдæр мыхуыр кæнæм Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Челахсаты Гали-нæйы мысинæгтæм гæсгæ бонæгæй ист æмæ фыст ацы хæсты тыххæй.

“27 июлы мæ лæппу Ӕлборты Ӕхсæртæг изæрырдæм æруади æмæ мын тагъд-тагъд дзуры, зæгъгæ сом райсомæй цæуæм Тлиахъанайы бæрзæндмæ, “Паук” кæй хо-нынц, уырдæм, уым чи ис, уыцы лæппуты  хъуамæ раивæм. Уыдзыстæм дзы  æртæ  боны, дæ зæрдæ, зæгъгæ,  ма æхсайæд, æмæ атагъд кодта.

Уыцы уæззау рæстæджыты куынæ æхсайдта мæ зæрдæ, мæ чызг æмæ мæ чындз сæ сывæллæттимæ Сухумы сты. Мæхæдæг мæ рынчын сæрыхицауимæ хæдзары, цыми кæндзынæн, мæхимидæг мæ зæрдæдзурæнты хъуырдухæн кодтон. 1-æм августы та горæтгæрæтты хæст сытынг, хъуыст автоматты къæр-къæр, ранæй-рæттæй ма-иу райхъуыст уæззау техникæйы ӕхст дæр.  Адæм тарстхуызæй кæрæдзийæ агурынц ныфсыхос, фæлæ дзы ахæм адæймаг нæ разынд, ныфс сын чи радтаид. Ӕз мæ бон рагæй зонын  фыццаг хæстæй – 1989 азæй  абонмæ,  мæнмæ æппындæр Цæгат Ирыстоны кæй ничи æнхъæлмæ кæсы. Цы уыдзæн, уый уыдзæн, загътон мæхицæн. Адæмæн сæ сæр сæ кой фæци, фарстой кæрæдзи, цы бакæнæм, зæгъгæ,  æмæ хуыздæр амал куы ницы ссардтой, уæд райсомæй кæмæн куыд йæ къух амыд-та, афтæ лыгъдысты  Цæгат  Ирыстонмæ.

Ӕхст дæр та фæсабыр иу æртæ боны. Мæ чызг æмæ мæ чындз дæр æрхæццæ сты æд сывæллæттæ 6-æм августы   Сухумæй.

7-æм август. Лæг алыгъуызон зæрдæхалæн хабæрттæ хъусы, чи дзуры тæссаг нæу, чи та – иннæрдæм. Ирон адæймаг рæуæууæнк кæм нæу, Саакашвилийы  раныхас изæры телеуынынады фæстæ та, адæмы зæрдæты ныфсы рухс бацыд, зæгъгæ ныр фервæздзыстæм нæ хъизæмæрттæй. Фæлæ йыл Ирыстоны «цæрайæ» æхсæвы хуыссæг кæй нæ хæцыд, уый рабæрæг, æхсæвы 12 сахатыл, фынæй горæтыл арт куы бандзæрста алыгъуызон зынгæфтауæг хæцæнгæрзты æхстæй, уæд. Ирыстон нæмгуыты, снарядты, минæты бын фæци. Сулæфыны уысм нæй, куы иу къуымы æмбæхсæм, куы – иннæйы, фæлæ дзы иу ран дæр æдас бынат нæ уыд. Рудзгуыты згъæлæнты сæртæг къæрцц-къæрцц, дуæртты гуып-гуыпп, адæмæй ма ам чи баззад, уыдоны тарст цъæхахст, сывæллæтты зæр-дæхалæн хъыллист, куыйты ниуын, иууыл-иумæ схæццæ сты тæссаг мæлæтхæссæг нæмгуыты æхситтимæ. Хъаймæт æрцыд… О, Хуыцау, дæ базырты бын нæ бахъахъхъæн! Ма бауадз сафын ирон адæмы!

20-æм азтæ гуырдзы абон ног хуызы  фæлхат кæны, æрхъавыд Ирыстоны ногæй скуынæг кæнын, æниу нæ 20-æм азтæй абоны онг дæр цæгъдгæ куы кæнынц, æмæ уæддæр нæ къæхтыл фидар кæй лæууæм, басæттын сын кæй нæ комæм, уый сын сæ цæстыты фиутæ тайын кæны, сæ марг сæ хуылфы нал цæуы. О, Хуыцау дæ хорзæх ратт,  уыцы хъæстæ марджы бын  цы нæ фæуæм.

8-æм август. Уыцы тæссаг, мæлæтхæссæг нæмгуыты ниуд æмæ гуыбар-гуыбурæй адæймаджы туг сур кодта тасæй. Ӕхсæвы та цы уавæры уыдзыстæм, уый бæрæг нæй. Мæ рынчын тынг стыхст, хостæ кæм æрæвæрдтон, уый бæрæг бæлвырд нæ зонын, талынджы сæ кæм агурон. Ӕхсынц æнæрлæугæйæ, хъæуы ныккæндмæ цæуын. Афтæ куыддæрты талынджы æмбæхсгæ-æмбæхсгæ тыргъмæ  рахæццæ стæм, нæмгуытæ куы нæ размæ къулыл сæмбæлыц, куы – нæ фæстæ.  Тыхамæлттæй æрхызтыстæм ныккæндмæ. Горæт сыгъд. Зæрдæрхæндæгæй фæбадтыстæм боныцъæхтæм. Ӕдтейæ нæм хъуыстысты гуып-пытæ, гæрæхтæ.

Райсомæрдæм  мæ лæппу кауы сæрты æрбахызт æмæ хъуызæгау æрхызт ныккæндмæ. Дуар сындæггай æрбакодта æмæ   нæ куы ауыдта, уæд ныццин кодта æмæ сдзырдта:  “Удæгасæй ма уæ кæй уынын”.  Тæрсгæ дæр ма дзы фæкодтам. Бандоныл фисыны фарсмæ фæлладгъуызæй æрбадт. Ӕхсæртæгы цæстæнгасмæ гæсгæ æз бамбæрстон, уавæр хорз кæй нæу. “Ӕддæмæ ма рахизут, уæхи бахизут дзæгъæл нæмгуытæй”, – афæдзæхста нæ æмæ атагъд кодта фæстæмæ. Мæ зæрдæ дæр æм, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æхсайдта,  фæлæ  цы гæнæн уыд.

9-æм август. Дыккаг бон æхст чысыл фæлæууыд. Цыдæр фадæттæ фæзынд Дзæуджыхъæумæ цæуынæн. Кафе “Бавария”-йы фарсмæ цы фондзуæладзыгон хæдзар ис, уый фарсмæ фæтымбыл сты Гудзабары цæрджытæ дæр. Йæ алыварс хæдзæрттæй дæр чидæртæ æрбацыд. Адæм схъомпал сты, чи дзуры тæссаг у цæуынæн, чи та дзуры, хъуамæ нæ ахизын кæной, фæлæ бæрæг-бæлвырд  ничи ницы зоны.  Ӕз сын загътон, цæуынæн тынг тæссаг кæй у, фæлæ адæм сæ фыртыхстæй тас дæр нал æмбæрстой, уыдысты разы цæуынмæ. Лæ-дзæджы æнцæйтты мæм иу асгомау лæг æввахс æрбалæууыд, мæ ныхæстæ, æвæццæгæн йæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ мæ афарста, чи дæн, уымæй. Ӕз ын æй загътон, Ӕлборты Хадзы-Умары цардæмбал кæй дæн, уый. Уый базонгæйæ, ацы асгомау лæг ахъæр кодта адæммæ, ацы сылгоймаг раст дзуры æмæ йæм байхъусут. Фæлæ ирон адæм тасы бын кæм тасынц. Уыцы бон бирæтæ ацыдысты сæ фыртыхстæй Зары фæндагыл, бирæтæ та дзы æдзард фесты.

Ирыстоны фæсивæд стыр æнæмсæр тохы бацыд знаджы ныхмæ. Хъæбатыр сæрибаруарзаг фæсивæд активонæй архайдтой. Уыдоны нымæцы уыдысты Гудзабары фæсивæд: Дыгъуызты æфсымæртæ Леван æмæ Гога, Дзукъаты æфсымæртæ Коля æмæ Руслан (Карабин), Кокойты æфсымæртæ Тимур, Эдик, Хъазбег, Плиты Рамаз (Писо),Кобаладзе Алик, Болататы æфсымæртæ, Уалыты æфсымæртæ Тото æмæ Тигыр, дзæнæты бадинаг Букуылты Сослан, Гобозты æфсымæртæ, Къæбысты Алик (Сучъи), Джага. Плиты Стасик, Дзахойты Марик ӕмӕ Ӕхсар (Щола) 9 ӕм августы бархионты хуызы ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕуӕй ӕмӕ ӕрлӕууыдысты сӕ хӕстон ӕмгӕртты фарсмӕ. Уыцы бон Стасик, хъӕуы ма цы  сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттæ баззад, уыдоны акодта Зары фӕндагыл, нӕмгуытӕ ихуарӕгау кодтой, афтӕмӕй ныххӕццӕ cты Дзаумӕ.

Ацы хъӕбатыр фæсивæдæй сæ фылдæр архайдтой  4-æм батальоны, дзӕнӕттаг Кокойты Дзамболаты къухдариуæгады бын.

Гуырдзыстон бæргæ архайдта Ирыстоны рухс ныннымæг кæныныл, фæлæ адæппæт хъæбатыр, сæрибаруарзаг фæсивæд æнæауæрдонæй тох кодтой æмæ сæ риуы æмбæрц лæууыдысты знаджы ныхмæ, равдыстой стыр хъару æмæ æхсардзинад, кæд сын зынаргъ слæууыд,  уæддæр.

Горæты ма баззад æвæгæсæг мæгуыр адæм. Ирыстоны æнувыдæй чи уарзы, уыцы патриоттæ. Ирыстонæн йæ цард нывондæн чи хаста, уыцы хъайтар лæппутæ, зæрæдтæ, сывæллæттæ. Гъе, фæлæ ахсæв бонмæ  цы бауыдзæн нæ Чъреба, цы уыдзæн йæ хъысмæт”

ÆЛБОРТЫ Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.