Цымæ цахæм у йæ истори ацы иууыл хъæлдзæгдæр бæрæгбонæн. Номхуындæй, 1-æм апрель цæмæн у худæн æмæ сайæн бон, канд махмæ, Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты дæр.

Ацы бæрæгбон хаст нæ цæуы зæрдылдарæн бонты æмæ бæрæгбонты иунæг къæлиндармæ дæр, фæлæ йæ æнтыстджынæй нысан кæнынц бирæ бæстæты.

Ацы хъæлдзæг бæрæгбоны фæзындæн ис цалдæр версийы. Иутæ нымайынц, зæгъгæ, уый æрымысы уалдзæджы рагондæр бæрæгбон, кæцыйы нысан кодтой апрелы худгæ æмæ хъазгæйæ.

Иннæтæ та нымайынц, зæгъгæ, де ‘мбæлтты æмæ дæ зонгæты фæхудын кæныны æгъдау рацыд астæуккаг æнустæй. Ацы æгъдау – худын, хъазын æмæ кæрæдзийы сайын, номхуындæй 1-æм апрелы рапарахат бирæ бæстæты.

Куыд нысан кæнынц худыны бон Уæрæсейы?

Ацы бæрæгбон Уæрæсейы тынг уарзынц куыд хистæр кары адæм, афтæ сывæллæттæ дæр. Уæрæсейы 1 апрелыл сæмбæлын нысан кæны, цæмæй фидæн азы онг æвæрццаг эмоцитæй дæхи сифтонг кæнай.

1-æм апрелы ма Мæскуыйы æмæ Уæрæсейы æндæр стыр горæтты вæййы юмористон шоутæ æмæ концерттæ, кæцытæй адæм райсынц æнæферохкæнгæ  æхцондзинад.

 

Куыд нысан кæнынц 1 апрель дунейы æндæр бæстæты та?

Ацы бæстæйы бæрæгбон райдайы 31 мартæй 1 апрелмæ æхсæвы. Адæм цæттæ вæййынц уынгты сыл дон кæй калдзысты, уымæ.  Цымыдисон уый у æмæ æнæмæнгæй се ‘ввахс адæмæн хъуамæ фехъусын кæной худын æмæ хъазыны рæстæг кæй æрцыд.

Италийы

Ам та бæрæгбон хуыйны «Фыццагапрелон мидбылхудт». Италиæгтæ се ‘мбæлттæ æмæ зонгæтимæ фæкæнынц, хъыг сæм чи нæ фæкæса, ахæм сайæн ныхæстæ.

АИШ-ы

Америкæйы ма сайæн ныхæстæй уæлдай сæ зонгæтæн фæдæттынц ахæм хæслæвæрд «ацу уырдæм, нæ зонын кæдæм». Кæд сайын сæ къухы бафты, уæд кæй фæсайдтой, уымæн раттынц ахæм ном «Фыццагапрелон æдылы».

Францы

Францы ацы бон хонынц апрелы кæсаг. Ацы бæстæйы горæтты гæнæн ис фенай ахæм адæймаг, кæцыйæн йæ фæсонтыл уыдзæн кæсаг. Уымæйдæр, уыцы кæсаг арæзт вæййы алыгъуызон æрмæджытæй. Йæ сæйраг нысаниуæг у уый æмæ сайды чи фæвæййы, уымæн йæ фæсонтыл бакæнынц ацы кæсаг.

Финляндийы

Ацы бæстæйы традицион ссис ахæм сайд: адæймаджы арвитынц сыхæгтæм, цы нæ ис, ахæм мигæнæнмæ, уыдон та йын фæзæгъынц, уый иннæ сыхæгтæм кæй ис æмæ та йæ арвитынц дарддæр.

Германы

Цымыдисон уый у æмæ ацы бæстæйы апрелы фыццаг бон нæ нымайынц æнтыстджыныл. Ис сæм ахæм уырнындзинад, ома уыцы бон цы сывæллæттæ райгуырынц, уыдон вæййынц æнамонд. Немыцæгтæ фæтырнынц, цæмæй уыцы бон мацы ахсджиаг мадзæлттæ ауадзой.

Английы

Ам сайæн ныхæстæ гæнæн ис æрмæстдæр боны 12 сахатмæ. Чи фæсайды вæййы, уый фæхонынц «Болван».

Уæдæ нæ 1 апрелы кæрæдзийæн бафæндæт, цæмæй арæхдæр худæм æмæ канд ацы бон нæ, фæлæ иннæ бонты дæр.

Медикты хъуыдымæ гæсгæ, худын хорзæрдæм æндавы адæймаджы физикон уавæрыл, сисы æндыгъддзинад, ныллæгдæр кæны туджы æлхъывдад, даргъдæр кæны цард. Норвегийы дохтыртæ нымайынц, зæгъгæ, æртæ минуты худт у 15 минуты физикон фæлтæрæны æмбæрц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.