ФЫЛДÆР ХЪУСДАРД – АЦÆРГÆ АДÆЙМÆГТÆМ

  Ацæргæ адæймæгтæм уæлдай хъусдард аздахыны тыххæй æрвылаз дæр 1-æм октябры æгас дунейы нысан фæцæуы Ацæргæ адæймæгты дунеон бон. Ацы бон уæлдай хъусдард здæхт æрцæуы ацæргæ адæймæгтæм, уагъд фæцæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ, цæмæй уыдон ахъаз кæной ацæргæ адæймæгтæм æхсæнады ахаст хуыздæрырдæм фæивынæн. Уæлдай уæрæхдæрæй бæрæгбон нысан фæцæуы Скандинавийы бæстæты. 

Фыццаг ацы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой Европæйы, уый фæстæ Иугонд Штатты æмæ 80-æм азты кæронæй та – æппæт дунейы. Уыцы бон æхсæнадон организацитæ фæаразынц алыгъуызон  хæрзаудæн акцитæ. Уæрæсейы Федерацийы дæр ацы бæрæгбон нысан цæуы 1-æм октябры, 1992 азы 1-æм июны УФ-йы Уæлдæр Советы Президиумы райсгæ Уынаффæйы бындурыл. Уæрæсейы ма, ацы бонæн ис ноджы иу цымыдисон ном – Хæларзæрдæдзинады æмæ кад кæныны бон.

Уыцы бон уæлдай хъусдард здæхт æрцæуы ацæргæ адæймæгты, иунæг пенсиисджыты, ацæргæ инвалидты æмæ æххуысхъуаг æмбæстæгты проблемæтæм. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ адæймаг пенсийы куы ацæуы, уæд цæхгæр фæивы йæ цард. Фæллойадон архайд æруромын сын гæнæн ис суа тыхджын стрессы фактор, кæцы расайы депресси. Æмбæрстгонд у уый дæр, æмæ ацæргæ кары адæймæгтæм кæй хъæуы уæлдай хъусдард здахын. Уыимæ уыдоны фæфæнды æхсæнады царды активон хайад исын. Ацы аз ацæргæ адæймæгты дунеон бон у юбилейон, нысан цæуы 30-æм хатт. Бæрæгбон фидар æрцыд ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы инициативæмæ гæсгæ 1990 азы декабры мæйы. Статистикæмæ гæсгæ, ныртæккæ дунейы цæры 700 милуан адæймагæй фылдæр, кæцытыл цæуы  60 азæй фылдæр. Специалистты нымадмæ гæсгæ, 2050 азмæ ацæргæ адæймæгты нымæц гæнæн ис схиза 2 миллиарды онг

Уæдæ Хуссар Ирыстоны та цахæм ахаст ис æвзонг фæлтæры ‘рдыгæй ацæргæ адæймæгтæм. Афтæ зæгъæн нæй æмæ сæм ис бынтон мæгуырау ахаст ис, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр не ‘рвылбонон царды сæмбæлæм ацæргæ адæймæгтæм гуымир ахаст равдисыны цаутыл. Æрæджы нæ горæты магазинтæй сæ иумæ бацыд иу ацæргæ сылгоймаг. Йæ ныхасы гъæдæй бæрæг уыд сылгоймагæн инсульт кæй уыд, уый, уымæн æмæ уæйгæнæджы куы афарста, зæгъгæ, мæнæ ацы нæлхæйæн йæ аргъ цас у, уæд йæ ныхас уыд зынæмбарæн. Уæйгæнæг æм ракаст куыдфæндыйы цæстæй æмæ йын былысчъилтæгæнгæ æнæбары афтæ бакодта, зæгъгæ,  йæ уæлæ фыст ис йæ аргъ. Фæлæ ацæргæ рынчын сылгоймаг цæстырухсæй дæр кæцæй уыдаид æххæст, уæлдай ницыуал сдзырдта æмæ рахызт магазинæй ницыуал балхæдта, афтæмæй. Афтæ мæм фæкаст, цыма фырæдхыæй рынчын сылгоймаг йæ цæстысыгтæ дæр æркалдта.

Йæ ацыдимæ уæйгæнæджы хъуыр-хъуыр ноджы фæтынгдæр, зæгъгæ, рарвитынц сæ рынчынты æмæ нын нæ нурæттæ фехалынц. Уæд æм нал фæлæууыдтæн æмæ йын бауайдзæф кодтон, зæгъын, чизоны уый дæ цахъхъæнæй цы хуызæн адæймаг уыд, чизоны дæуæй æнæниздæр æмæ уынджындæр уыд, зæгъын, сомбоны адæймагмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый æппындæр ничи зоны æмæ сæм нæ хъæуы ахæм гуымир ахаст дарын. Уый уæддæр йæхи раст кодта, фæлæ йæм тынг фæхæрам дæн, æз дæр ницыуал балхæдтон æмæ афтæмæй мæстæйдзагæй рацыдтæн магазинæй. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауæн свæййы адæймаг æвдисæн.

Ивгъуыд аз уалдзæджы Тæболты Сергейы уынджы иу ацæргæ нæлгоймаг йæ сæнæфсиртæ куы æхсæста, уыцы рæстæджы йæ цурты фæцæйцыд йæ зонгæ æвзонг нæлгоймаг. Уый зæронд лæджы куы ауыдта, уæд ын афтæ бакодта, «æз афтæ куы æнхъæлдтон æмæ дæ дыууиссдзæм бон дæр ацыд æмæ ды та кусгæ куы кæныс». Ацæргæ нæлгоймаг хорзау нал фæцис, дзургæ йæм ницы скодта, фæлæ йæм кæй смæсты, уый йæ хуызыл фæзынд. Æвзонг нæлгоймаг дæр æй фæхатыд æмæ ма афтæ бакодта, зæгъгæ, хъазгæ кæнын æмæ мæм ма смæсты у.  Уыцы ацæргæ лæг абон сæрæгас нал у, йæ афæдзы бон дæр ацыд. Фæлæ ма æрæджы куыд базыдтон, афтæмæй зæронд лæгæй чи хынджылæг кодта, уый йæхæдæг дæр цалдæр мæйы размæ ацыд йе нусон бæстæмæ.

Раздæр хистæр кары адæймагмæ кæстæр фæстæмæ не сдзырдтаид, фæлæ дæм ныр ахæм дзых фæхæлиу кæндзысты æмæ сæм сдзурын дæр ницыуал сфæраздзынæ. Ахæм æнæхъомыл кæстæртæм афтæ фæкæсы, цыма уыдон цæрæнбонтæм æвзæнгтæ уыдзысты, афтæ сæм фæкæсы уыдон никуы базæронд уыдзысты, фæлæ… Цард тагъд алидзы нæ иувæрсты, азтæ-азты куыд фæивынц, уый хатгæ дæр нæ ракæнæм.  Зæронд та хæцгæ низ у æмæ хæс та фидгæйæ кæй у, уый сæ бынтондæр айрох вæййы. Абон уыдон цахæм ахаст дарынц ацæргæ адæймæгтæм, сомбоны сын сæхимæ дæр ахæм ахаст кæй дардзысты кæстæртæ, ууыл бынтондæр нæ ахъуыды кæнынц.

Ацæргæ адæймæгтæ махæн тынг бирæ сарæзтой нæ царды æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй сын лæггад кæнæм. Ацæргæ адæймæгтæ стыр хайбавæрд бахастой æхсæнады рæзтмæ æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын.

  Афæдзы алы рæстæгæн дæр ис йæхи циндзинæдтæ, йæхи рæсугъддзинад. Афтæ у адæймаджы цард дæр. Æвзонгдзинад алыхатт дæр йемыдзаг у ныфсытæ æмæ уарзондзинадæй. Ацæргæ адæймæгты цард дæр у йæхирдыгонау цымыдисон. Цард… Цæмæй йæ ис гæнæн сбарын? Сымах, кæй зæгъын хъæуы, зæгъдзыстут азтæй. О… Азтæй дæр, фæлæ фылдæр хъуыддæгтæй. Уымæн æмæ адæймаг йæ царды цы саразы, уый саразы æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ æндæртæн. Уымæн æмæ хорз хъуыддæгтæй, хорз ныхæстæй мах даргъдæр кæнæм æрмæст нæхи цард нæ, фæлæ нæ алыварс адæмы цард дæр. Иумиаг тыхтæй нæ бон суыдзæн æмæ хæсджын стæм, цæмæй ацæргæ адæймæгты цард уа хъæлдзæгдæр. Мах хæсджын стæм æмæ хъуамæ æппæт дæр аразæм, цæмæй фылдæр фæцæрой. Цæмæй сæ зæрыбонты æнкъарой æвзонг адæймæгты ‘рдыгæй лæмбынæг хъусдард æмæ аудындзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы бирæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ сæ ацæргæ ныййарджытæн авгау æрхауынæй тæрсынц, афтæ ма иумиагæй сисгæйæ аудынц æмæ кад кæнынц ацæргæ адæймæгтæн. Æмбисондæн баззадысты дзауаг Джергаты æфсымæртæ. Уыдон сæ ацæргæ уатон  мадмæ кæй зылдысты,  тынг ыл кæй аудыдтой, уый фæстиуæгæн ын фæдаргъдæр кодтой йæ царды азтæ. Нæ горæты пенсиисæг сылгоймагæн йæ хиуæттæ цæрынц Цæгат Ирыстоны æмæ коронавирусы тыххæй арæн æхгæд кæй уыд, уымæ гæсгæ сын йæ бабæрæг кæныны фадат нæ уыд. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, зылдцух нæ баззад. Тынг хорз æм фæкастысты йæ сыхæгтæ æмæ сæ уый тыххæй сты æгæрон бузныг куыд йæхæдæг, афтæ йæ хиуæттæ дæр. Бирæ ис ахæм хорз цæвиттонтæн æрхæссæн. Бирæ хæларзæрдæ адæймæгтыл сæмбæлæм нæ царды, кæцытæ уæзадн ахаст дарынц ацæргæ адæймæгтæм. Фæлæ се ‘ппæтыл иу уацы æрдзурæн нæй.

Зæронд адæймагæй чи нæ аргъуц кæны, йæ азтæй йын чи нæ æфсæрмы кæны, уыдонæн та мæ фæнды сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, иу æфсин йæ чындзæн цы ныхæстæ загъта уыдон, «фæлæу дæуæн дæр дæ фæндагыл мæныл у…», зæгъгæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.