РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды арфæ фидауынгæнджытæн

 

Айсут мæ зæрдиаг арфæтæ нысаниуæгджын бæрæгбон – Фидауынгæнæджы боны цытæн.

24 июны 1992 азы горæт Сочийы къухтæ æрфыстæуыд Дагомысы Сразыдзинадыл. Ацы Сразыдзинадмæ гæсгæ уыцы аз 14 июлы Хуссар Иырстоны территоримæ баконд æрцыд фидауынгæнæг контингент. Ацы ахсджиаг цауы фæрцы нæ республикæйы хæстарыд зæххыл æрлæууыд сæртæг, фæлæ бæллиццаг сабырад. Уыцы сабырад, нæ зынаргъ фидауынгæнджытæ, æнтысгæйæ хъахъхъæдтат 16 азы дæргъы.

Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды, гуырдзиаг-ирон конфликты фадыджы фидауынгæнæн операци кæй уыд хæдхуыз. 16 азы дæргъы Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты дислокацийы фадыджы иунæг æфсæддон дæр нæ фæмард. Фæлæ, хъыгагæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны æдгæрзтæ æрбабырсты рæстæджы 2008 азы 7-æм августæй 8-æм августмæ æхсæвы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты контингентыл æрцыд бирæнымæц уды зиæнттæ знаджы ныхмæ æнæмсæр тохы. Нæ адæмы рухс мысинæгты кæддæриддæр цæрдзысты, не ‘мбæстæгты фарн æмæ æнцойдзинад, Хуссар Ирыстоны сæрибар æмæ хæдбардзинад йæ уды аргъæй чи балхæдта, уыцы фидауынгæнджыты нæмттæ.

Ацы бæрæгбоны уын, цытджын фидауынгæнджытæ, арфæ кæнын уæ хиуæттæ æмæ æввахс адæмимæ, æмæ уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ æмæ хæрзиуджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.