Æвзаг — нацийы мад

Ирон литературон æвзаг райгуырд XVIII æнусы фæуды, йæ тыхы та бацыд XIX æнусы, Къостайы «Ирон фæндыр» (1899), Секъайы «Ирон фыййау» (1905), Къубалты Алыксандыры «Æфхæрдты Хæсанæ» (1897) куы фæзындысты, уæдæй.

Революцийы агъоммæ стыр быцæутæ нæ цыд, куыд дзурын хъæуы, уый тыххæй (уымæ кæй æвдæлд). Æниу, уæддæр, дуджы раззагон интеллигенци хæрамы цæстæй кастысты ахæм ирæттæм — йе ’взагыл æлгь чи кодта, арвистон дзы чи арæзта æмæ сыл худгæ дæр кодтой, æфхæргæ дæр æмæ уайдзæфтæ дæр.

Зæгъæм, Брытъиаты Елбыздыхъо йæ комеди «Уæрæседзау»-ы карзæй бафхæрдта ахæм ирæтты, сæ мадæлон æвзаг сæ сæрмæ чи нал хаста, æндæр æвзагæн та-иу æмбаргæ дæр чи ницы кодта. Уынæм æй йæ зæрдæрыст ныхæсты дæр: «хъæууон фæсивæдæй письмо уырыссагау йедтæмæ иронау ничи фыссы, сæ фылдæр иронау фыссын зонгæ дæр нæ кæнынц. Цы пайда у, зæгьынц, иронау фыссын: кад дзы нæй! „во первых строках“ цы письмойы нæ уа, уый нымæцмæ нæ хауы. Хъæуæй сахармæ чи рафты, уыдон Уырысимæ каис кæнынц арæхæй — арæхдæр… Уырыссаг æвзаг æмæ ирон æвзаг иумæ чи зоны, уый сæ дзургæйæ схæццæ кæны арвистонау. „Вот тебе на“-тæ æмæ „базалыстæн“-тæй дзурын худинагнал у…».

Абоны-бон диссаг у Елбыздыхъойы хъуыды. Елбыздыхъо уæд Ирыстоны стыр центрæй йæ бон базыдта, уым ирон æвзаг нæй, зæгъгæ, æмæ сæ кой дæр нæ кæны. Ирон æвзаджы ратæдзæнтæ, йæ суадæттæ хъæутæй кæй цыдысты, уый æмбæрста Елбыздыхъо æмæ уыдта, хъæууон фæсивæд арвистон кæнынмæ кæй бавнæлдтой, цард агургæйæ алы рæтты æмæ алы бæстæты кæй уагътой ирон æвзаджы рæсугъддзинæдтæ æмæ нæ фыдæлты сыгъзæрин æгъдæутты.

Ацы ахсджиаг фарст нæ уыд рох ирон аив дзырды зæрингуырд Коцойты Арсенæй дæр. Арсены фельетон «99 æви 100?» абон кæмæты хауы, уыдон æй куы бакæсиккой, уæд æвзæр нæ уаид. Ирон сценæтыл æмæ нæ телеэкрантыл литературон æвзаджы домæнтæ чи халы, уыдоныл æй фыссы Арсен. Ацы низы хатт та рагон кæй у, схос кæнын ын кæй хъæуы, уый тыххæй та фыста Арсен 1923 азы газет «Рæстдзинад» -ы.

Уæдæй абонмæ хидыбынты цас дон ацыд. Хъуамæ нæ ма уа рох, махæн кæй ис хъæздыг æмæ рæсугъд æвзаг. Адæмæн дыууæ æвзаджы вæййы. Сæ иу — хуымæтæг адæмон ныхас, иннæ та — литературон, нывæфтыд æвзаг. Нывæфтыд систой Секъа, Къубалты Алыксандр, Коцойты Арсен, Нигер, Елбыздыхъо, Цомахъ, Хох, Ӕрнигон, Гино, Чермен, Сикъо, Фæрнион, Дæбе, Гафез, Нафи, Грис, Харитон…. æмæ, абоны-бон дæр чи фыссы, уыдон.

А. Шегрен уырыссаг дамгъæтæй махæн алфавит куы арæзта, уæд нæ абоныл хъуыды кодта. Абоны бон стыр лæгдзинадыл латинаг алфавитæй пайда кæнын чи нымайы, уый йыл хъуыды дæр нæ кæны, не ’взаджы фæстæмæ сыфцæй кæй ласы, ууыл.

Нæ телеуынынад ацы хъуыддаджы стыр лæгдзинад равдыста, нæ экран ссыгъдæг латинаг дзырдтæ-хъуыдыйæдтæй. Махæй алкæмæ дæр хъуамæ бахъара: ис нын сыгъзæрины хуызæн алфавит æмæ алы ирон дæр хæсджын у, цæмæй уымæй пайда кæна. Нæ сагъæс фыст æвзаджы тыххæй нæу, нæ дзургæ æвзаг раууатмæ цæуы æмæ тыхтæ уымæ радтын хъæуы.

Не ’нæрхонгæ тæтæр бавнæлдтой ирон æвзагыл дзурынмæ æмæ сыл худæм, кæнæ дис кæнæм. Уый худын нæу, уыцы нывтæм кæсгæйæ, мах бирæ цæуылдæрты хъæуы ныхъхъуыды кæнын. Сæйраг та нын у: «Мыййаг искуы, æддагон мыст мидæггагоны куы ратæра, куы фæсура йæ уæзæгæй».

Къоста нын сарæзта литературон æвзаг. Революцийы фæстæ, ног советон дуджы, стыр тох бахъуыд нæ интеллигенцийы минæвæртты, цæмæй нæ фыст æвзаг (чиныджы æвзаг) æмæ дзургæ æвзаг уой иу, цæмæй Ир Ӕрджынарæгæй Гудзаретмæ кæрæдзи æмбарой дзургæйæ æмæ чиныг кæсгæйæ дæр.

Ацы ахсджиаг фарст куыд æрбиноныг, уый дардыл фарст у, æмæ уацы уыцы хæс мæ разы не ’вæрын. Мæн ам дарддæр фæнды зæгъын иу хъазуатон зиууоны тыххæй, йæ цыбыр царды бонты йæ удæй арт чи цагъта, нæ дзургæ æмæ фысгæ æвзаджы æрбиноныг кæныныл æхсæв æрхуыст, бон улæфт кæмæн нæ уыд, ахæм адæймаджы тыххæй. Уый та уыд Тыбылты Алыксандр. Уый адæмæн æмбарын кодта: «Хъæуы нæ иу зæрдæ, иу уынаффæ». Ацы куырыхон ныхасыл бирæ азтæ рацыд, фæлæ абоны — бон дæр йæ тых нæ сафы. Уый наци цæуыл хъуамæ ныхъхъуыды кæна, ахæм у, алы ран æмæ нæ алы рæстæджы дæр.

Нæ дзургæ æвзаг æмæ нæ фыст — литературон æвзаг цæдис галтау иумæ хъуамæ цæуой, кæрæдзи æмбарой адджын æфсымæртау. Уымæн та хъæуы иу зæрдæ, иу уынаффæ.

Уыцы хъуыдыйыл йæ рæстæджы фидарæй кæй не ’рхæцыдыстæм, уый охыл нæм фæзынд, кæрæдзи цæмæй фæазымджын кæнæм, ахæм «культурон» фидистæ: Ды — къуыдайраг, цъалагоймаг, чысайнаг, дыгурон æмæ æнд.

Иу зонд, иу уынаффæмæ сидт Алыксандр ирон æвзаджы сомбоны гæнах амайгæйæ. Уымæн фыста: «Ӕвзаг у адæймагæн йæ зонды хос, йе ’мбарынады гарз. Уыцы гарзыл куынæ уа ахуыр адæймаг, куынæ дзы арæхса, уæд дзыллæйы дæр никуы бамбардзæнис. Никуы уыдзæнис йæ цардæн æфсин, рæстмæ йæ къахыл никуы слæу-дзæнис».

Иу хатт Абайты Васомæ ахæм фарст рад-тон: «Цы хъæуы аразын, цæмæй адæймаг йе ’взаджы фæзилæнтæ хорз зона? Уый йæ мидбылты бахудт æмæ ахæм дзуапп радта: »… Уæ хæдзæртты иронау дзурут«.

Уыцы хъуыддаг нæм йæ уагыл æвæрд кæй нæ уыд, уый уыдта Алыксандр дæр æмæ амыдта: «Сывæллонмæ дзурын хъæуы, кæй зоны, бинонты ’хсæн кæй хъусы, уыцы æвзагыл».

Ирон æвзаджы фарстытæй цæуылты нæ куыста Алыксандр. Йæ сæры магъзæй никуы схицæн сты ирон орфоэпи æмæ орфоэпийы æгъдæуттæ. Сæ дыууæйæ йæ зæрдæ тынгдæр рыст орфоэпийыл. Зæгъгæ дæр æй кæны: «Иууыл хæццæйæ лæууы орфоэпийы хъуыддаг. Ирон дзыхы ныхасæй лакъондæр ницы уыдзæнис… дзургæ-дзурын ирон æвзагæн комкоммæ арвистон скодтам, æмæ дзы зæрдæ цъæх кæны, стæм хатт ма фехъусдзынæ раст æмæ сыгъдæг ирон æвзаг».

Уыдæттыл Алыксандр дзырдта 1931 азы. Уæд йæ уац мыхуыры рацыд журнал «Фидиуæг»-ы. Уæдæй абонмæ бирæ рæстæг рацыд, фæлæ абоныбон дæр ирон дзургæ æвзаг йæ лакъон æмæ арвистонæй нæма фервæзт, нæма фæсыгъдæгдæр. Басæттæм ыл: куыд уыдис, афтæ у, кæд йæ сæрыл тох цæуы, уæддæр.

Мах, ирон адæм, нæ зæрдыл хъуамæ дарæм Алыксандры ныхæстæ: «Раст æмæ сыгъдæг дзыхы ныхасмæ хъусын æхсызгон вæййы».

Цынæ фæрæзтæ агуырдта Алыксандр нæ дзургæ æвзаг ифтонг кæнынæн. Алыксандры рæстæджы нæ радио æдых уыд (телевизоры кой нæдæр уыд), нæ театр та рæстмæ йæ къæхтыл нæма слæууыд, фæ-лæ уый хорз зыдта: «Театры æвзаг — кæмдæриддæр растдæр æмæ рæсугъддæр æвзагæн æвзарынц, алы ран дæр театры æвзаг фæзмынц».

Нæ Президент цы стыр хъуыдытыл архайы, уыдонæй иу у нæ драмтеатры агъуыст саразын. Уый куы сцæттæ уа, уæд Алыксандры ныхæстæ сæ тыхы бацæудзысты, уæд та нæ зæрдыл æрлæудзысты ногæй нæ театры раздæры стъалытæ Дзадтиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Георги, Таугазты Гаврил, Цхуырбаты Борис, Мамиты Димитр, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Цæбиты Нинæ æмæ æндæртæ. Театр — царды айдæн, театр — мадæлон æвзаджы авдæн, мадæлон æвзаджы сæры магъз.

Алыксандр йæ рæстæджы цы домдта, уыдон абоны бон дæр сты аразинаг, баххæсткæнинаг.

Уыдон та уыдысты:

«Нæ театртæ хъуамæ лæмбынæгдæр кусой сæ ирон æвзагыл: сыгъдæг æмæ аив æвзаг мах хъуамæ æппæты разæй сценæ-йæ хъусæм. Дзургæ-дзурын хъуамæ театры ныхас фæзмæм.

Нæ газеттæ æмæ нæ журналтæ нæ фыс-сынц ирон раст ныхасы тыххæй, ахæм хæс хъуамæ райсой сæхимæ нæ мыхуыры органтæ».

Цы ирон уыдзæн уый, Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад кæй кусы, ууыл чи нæ цин кæны. Зын дуджы райдыдта йæ куыст, бирæ цæлхдуртæ уыд йæ разы, фæлæ уæддæр рæзыд, рæзы абон дæр, рæзынц йæ кадртæ, хуыздæр, фылдæр кæнынц йæ зиууæттæ. Алыксандры домæнтæ хауынц нæ телеуынынадмæ дæр. Ирон аив ныхас уырдыгæй хъуамæ цæуа, ирон сыгъдæг литературон æвзаджы домæнтыл уый хъуамæ дзура, микрофонмæ хуынд чи ‘рцæуы, уыдонæй мах литератортæ нæ сараздзыстæм, дзурæт сæ бон кыд у, афтæ. Фæлæ бынæттон кусджытæ хъуамæ сæ разы æвæрой хæс (æвæргæ дæр æй кæнынц), цæмæй се ’взаджы гъæд уа рæсугъд, æнцон æмбарæн, литературон. Кæрон скæнын хъæуы арвистонæн. Нæй бар æмæ нæдæр рæсугъд у ирон зарджыты «ш»-аг æвзаджы хаттыл зарын. «Ш»-аг ныхасыл ирон уæздан дзырдтæ æнæфсармы дзырдтæм кæй ахизынц, уый фендзæн алчи дæр Къостайы «Сидзæргæс»-ы фыццаг куплеты. Бакæсут æй.

Нæ паддзахадон телеуынынад цы бирæ ахсджиаг фарстатыл кусы, уыдон адæмы зæрдæмæ цæуынц, æрмæст тых радтын хъæуы уымæ, уый сæ хæс у, цæмæй экраныл уа рæсугъд, аив литературон ныхас. Телеуынынад хъуамæ бавнала мæнæ ахæм фарстатæм: рæстæггай хонын хъæуы фысджыты, ома, бакæнын хъæуы рубрикæ «Фысджытæ экраны раз». Нысан кæнын хъæуы ирон фысджыты, композиторты, актерты, солистты æмæ æнд. юбилейтæ. Уыдоны тыххæй алкæмæн дзурыны бар нæй, хъуамæ дзурой уыцы хъуыддаджы дæснытæ. Уыцы практикæ тынг феххуыс уыдзæн не ’взаджы рæсугъддзинады рæз-тæн. Ферох сты нæ историон зарджытæ. Адæм агурынц Плиты Грисы, Джыгкайты Акимы, Чилæхсаты Пирузы, Мамиты Димитры, Цæбиты Залиханы зарджыты.

Ирон адæммæ баззад æмбисонд: «Тер-кæн йæ рæгъау куы фæтарди, рæгъаугæс уæд баурæдтой». Ирон æвзаг цалынмæ бынтон раууатмæ не ’рцыд, уæдмæ хъæуы фезмæлын. Не ’взаг амæлдзæн, уый мæн нæ уырны, фæлæ йыл амæй уæлдай куынæ дзурæм, уæд цæуы æдзæллагмæ, сæфы йæ тых æмæ йæ рæсугъддзинад. Уæд Васойы ныхас æнæхъуаджы фæуыдзæн: «Ирон æвзаг афтæ хъæздыг у, æмæ йыл алцы зæгъæн дæр ис».

Дзæуджыхъæуы Ир фылдæр сты, сæ авналæнтæ дæр уæрæхдæр сты, фæлæ сæм мадæлон æвзаг бонæй-бон сидзæргъуыз дæр кæны. Фылдæр сæ бавналын хъæуы нæ мадæлон æвзаджы къæбицтæм. Тбилисаг гастролтæ махæн хорзæй ницы ратдзысты, нæ артдзæст нын пырх цы ныккæной, уымæй дарддæр. Нæ ирон кæфтытæ, æгъдæуттæ, нæ фыдæлты кад æмæ нæмттæм чи бавнæлдта, сæхирдæм сæ чи ссивы, уыдонмæ хорзæй цæмæ ис æнхъæлмæкæсæн. Нæ куывд, нæ чын-дзæхсæвтæ æрвитæм хæрд æмæ нозтæй, ферох нæ зард, кафт, фæндыр. Куынæ сæм раздæхæм, куынæ сæм бавналæм, уæд иу рæсугъд бон уыдонæй афтидæй аззайдзыстæм.

Цы мæ фæнды уæддæр зæгъын: уынгты, хæдзæртты, фынгтыл, фæндагыл — дзурын хъæуы иронау, æнæмæнгхъæуæг нæу «ц»-аг ныхасыл дзурын. Литературон æвзаджы нормæтæ æххæст кæнын кæмæ хауы, уыдон сæ ран æмæ сæ уавæрыл ахъуыды кæнæнт æмæ кусæнт, цы бынаты сты, уыцы домæнтæм гæсгæ.

Тыбылты Алыксандр æй æргомæй загъта йæ рæстæджы: «Ирон адæмы рисс кæй зæрдæйы ис, ирон кусæг лæджы тыххæй бакусын кæй фæнды, уый йын йæ мæгуыр ирон æвзагыл дæр æмæ нæ саби — чиныгыл дæр хъуамæ баввæрса. Не ’взаг æмæ нæ чиныгыл æлгъ чи кæны, уыдон та нæ сæхи дард айсæнт: сæхæдæг дæр сæ миты хуызæн „культуронтæй“ баззайдзысты, æмæ сыл ирон кусæг лæг дæр иттæг фæсмон нæ фæкæндзæн»..

Адæм се ’взаг æмæ се ’гъдæуттæй адæм сты. Не ’взаг нæ амæлдзæн, уымæй йын мачи тæрсæд, фæлæ къуымых кæй кæны, уый алкæмæ нæ хъары, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттыл нæ къух кæй исæм, уый дæр нæм нæма бахъардта. Не ’взаг æмæ не ’гъдæуттæн сæ низы хатт кæм ис, уый нæ алчидæр уыны æмæ æмбары, фæлæ уыцы низæн хос кæй хъæуы, уый та алкæйы не ’ндавы. Ӕнæмæтдзинад сафгæ кæны лæджы.

Тых радтын хъæуы не стыр хъæутæм, цæмæй дзы кусой зард, кафт æмæ драм-къордтæ. Ацы къордтæ фæфылдæркæни-наг сты нæ сахартæ æмæ нæ районты.

Фыдæлты хæзнатæй (дзаумæттæй) ма цы иугай сæртæ баззад ирон хæдзæртты, уыдон сæ куы радтиккой нæ ног Бæстæ-зонæн музеймæ.

«Пирог» æмæ «хæбизджын» кæрæдзи-йæн ницы бавæййынц. Ахæм æмæ æндæр æнæраст фыстытæн кæрон скæнын хъæ-уы.

Университеты ногæй баконд æрцыд клуб «Къоста». Йæ сæйраг домæн у: «дзурæм иронау». Уым хайад райсыны бар ис алы æмбæстагæн дæр. Кусы алы къуырисæры дæр боны 12 сахатыл.

Цы ирон уырыссагау нæ зоны, уый рæдийы, фæлæ цы ирон йе ’взаг нæ зоны, уый та йæхи ирон ма хонæд.

Дуг ахæм у, æмæ алы наци дæр бавнæлдта йæхи гуылы бын æндзарынмæ. Бавналæм мах дæр, нæ гуыл хомæй куы баззайа, уæд æгады ном сбаддзæн Нартыл, Къостайыл, Абайты Васойыл.

Хъуыстгонд Ир! Ирон æвзаджы тыххæй бавналæм нæ фыдæлты Зиумæ, рацæуæм æм заргæ:

«Цæйут, æфсымæртау, радтæм нæ къух-тæ,
Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!»

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.