ФЫЛДӔР КӔНЫНЦ ХЪӔДЫ ФӔЗУӔТТӔ

Нӕ республикӕ хъӕздыг у бӕлӕсты алыгъуызон мыггӕгтӕй. Уыдонӕй алкӕцы дӕр хъӕуы адӕмон хӕдзарады ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй хъӕд стыр ахъаз у мӕры эрози ма æруадзынæн. Нӕ республикӕ Гуырдзыстоны агрессийы аххосæй уæззау уавӕрты куы бахауд, уӕд нӕ цӕрджытӕн стыр ахъаз фӕци хъӕрмады хъуыддаджы. Ӕрдзы уыцы лӕварӕй абон дӕр зымӕгон рӕстӕджы пайда кӕнынц нӕ хъӕуты цӕрджытӕ. Фӕлӕ алцы дӕр ихсийы, къаддӕр кӕны, хӕдзардзин ахаст ӕм куынӕ дарай, уӕд. Уыцы хъуыддаг рох нӕу Хуссар Ирыстоны Хъӕды хӕдзарады управленийы (йӕ хистӕр Челӕхсаты Таймураз) кусджытӕй ӕмӕ архайынц ууыл, цӕмӕй хъӕд хъахъхъӕд цӕуа ӕмбӕлон ӕгъдауӕй ӕмӕ уыимӕ иумӕ фылдӕр кӕна йӕ фӕзуат дӕр. Управ-ленийы хистӕры хӕдивӕг Къӕбулты Инал куыд радзырдта, афтӕмӕй фӕстаг рӕстӕджы хъӕд хивастӕй чи цæгъды, уыдоны ныхмæ ист цæуы карз мадзæлттæ, хъахъхъӕнынц ӕй хъӕды рӕмпӕджытӕй. Уыцы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъуыддаг ноджы фӕнывылдӕр, ӕрӕджы Прокуратурӕйы ногӕй цы хайад бакодтой, уый архайды фӕрцы дӕр .

Цӕмӕй Хуссар Ирыстоны хъӕдты фӕзуат фылдӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр кӕна алыгъуызон бӕлӕсты мыггæгтæй, ууыл у йӕ архайд коллективӕн. Цӕвиттон, амӕйразмӕ Ленингоры районы ныссаг-дӕуыд 1 гектары фӕзуатыл нӕзыйы талатӕ 2500 иуӕджы, бӕрзытӕ – 600 иуӕджы, сусхъӕд – 400, сабæлут – 50 ӕмӕ ӕнгуз та – 100 иуӕджы. Зары лесничествойы та ныссагътой нӕзыйы талатӕ 2500 иуӕджы, уым дӕр иу гектары фӕзуатыл. Хӕдзарадӕн Цхинвалы районы Ирыхъӕуы ис тала-хъомылгӕнӕндон, уым дӕр байтыдтой ӕмӕ схъомыл кодтой нӕзыйы талатӕ ӕмӕ сӕ ногӕй ныссагътой ӕндӕр бынаты. Сабæлуты талатӕ та райстой, Дзауы районы Дзалабеты хъӕуы лесничествойы кӕй схъомыл кодтой, уырдыгӕй.

Уӕлдӕр ма куыд банысан кодтам, афтӕмӕй хӕдзарады кусджытӕ стыр хъусдард здахынц хъӕд хъахъхъӕнынмӕ, фӕлӕ уӕддӕр фӕзыны, ӕвастӕй йӕ чи цӕгъды, ахӕмтӕ дӕр. Сарӕзтой сыл ӕртӕ хъуыддаджы 14 мин сомы аргъ ӕмӕ ӕхцайы уыцы фӕрӕзтӕ ахыгъд ӕрцыдысты республикӕйы бюджетмӕ. Уый йедтӕмӕ ма ӕрцӕттӕ кодтой 800 кубикон метры хъуыддаджы хъӕдӕрмӕг, хорз бакуыстӕуыд хъӕды продукци ӕрцӕттӕ кӕнын ӕмӕ уый организацитӕ ӕмӕ уагдӕттӕм фӕхӕццӕ кӕныныл дӕр. Зӕгъӕм, Дзауы районы уагдӕтты сугӕй ифтонг кӕныны план ӕххӕст у 80 проценты бӕрц, иннӕ районтӕ нырма хӕдзарадмӕ не ‘рбавдыстой, цас сӕ бахъӕудзӕн суг, уыцы зонӕнтӕ.

Коллективы бирӕ ис, бахӕсгонд хъуыддагмӕ бӕрндзинады цӕстӕй чи кӕсы, йӕ разылӕууӕг хӕстӕ намысджынӕй чи ӕххӕст кӕны, ахӕмтӕ. Уыдон сты республикӕйы хъӕдӕй пайда кӕнын ӕмӕ хъӕды бахыгъды хайады хистӕр Челӕх-саты Х., Дзауы районы Кировы лесничествойы специалист Танделаты Р., Знауыры районӕй Тъотъоты С.,Знауыр ӕмӕ Ленин-горы районтӕй та – Зозырты М. ӕмӕ Тыбылты  А.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.