ХЪÆД – НÆ ХЪÆЗДЫГАД

Хъæды сыгъдæг уæлдæф æвдадзы хос у адæймагæн, уымæ гæсгæ æмбæстæгты фылдæр хай сæ сæрибар рæстæг фервитынц æрдзы хъæбысы. Æвæдза, цы ис хъæды атезгъо кæнынæй хуыздæр æмæ æхцондæр, цыма уæнгтæ фæрогдæр вæййынц, зæрдæйы равг фæхуыздæр вæййы, афтæ банкъарæм нæхи. Хъусыс мæргъты алыгъуызон зард, доны æнæрынцой хæл-хæл, суадоны сындæг цыд æмæ уыдон уынгæйæ, адæймагыл цыма базыртæ базайы, афтæ нæ тых æмæ хъару фæдывæр вæййы. Æрдзы уыцы алæмæттаг рæсугъддзинадæй хайджын æмæ бæркадджын у Хуссар Ирыстоны æрдз æмæ нын алыварсонæй дæр кæны йæ лæггады хай. Уæдæ ахæм лæггады тыххæй ууыл нæхæдæг дæр хъуамæ аудæм, хъахъхъæнæм ын йæ рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад. Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хауынц алы æмбæстагмæ дæр, иууыл тынгдæр та Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæды хæдзарады фæткдаруаты (управлени) кусджытæм, сæ хистæр Челæхсаты Таймуразы разамындæй. Раст зæгъ-гæйæ, куыстуат æмбары, йæ разы цы ахсджиаг хæстæ æвæрд ис, уыдон æмæ архайынц сæ æххæст кæныныл.

Ныртæккæ нæ республикæйы хъæды фæзуат ахсы 161730 гектары. Зайы нæм алыгъуызон бæласы мыггæгтæ, уыдонæй иууыл фылдæр фæзуат ахсы тæрсбæлас, ома, 85 проценты. Ис ма нæм наз, нæзы, соцъи, бæрз, кæрз, уисхъæд æмæ æндæртæ. Уыдонæй æппæты зынаргъдæр бæласы мыггаг у тæрс, Дзауы районы Дзалабеты хъæуы та зайы сабæлут, фæлæ, хъыгагæн, йæ фæзуат сцъус, хæсты рæстæджы йæ гуырдзиæгтæ кæй цагътой, уый фæстиуæгæн. Районтæ куы сисæм, уæд хъæды фæзуат иууыл фылдæр у Дзауы районы – 64300 гектары, Ленингоры районы ахсы 39200 гектары, Цхинвалы районы у 36 мин гектары æмæ Знауыры районы та – 2200 гектары. Хæдзарады æдæппæт фæллой кæны 82 кусæджы, уыцы нымæцы хъæдгæстæ сты 30 æмæ хъæды фадыджы хъæдгæсты хистæртæ та – 16 адæймаджы.

Куыстуаты хистæры хæдивæг Къæбулты Инал куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ сæ сæйрагдæр куыст у, зымæджы мæйты иуæй-иу скъолатæ æмæ хицæн уагдæтты сугæй сифтонг кæнын. Ацы куыст райдыдтой рæстæгыл æмæ сын уымæ гæсгæ æнтысгæ дæр кæны, тагъд кæнынц, цæмæй спайда кæной кусынæн бæзгæ хорз боныгъæдæй. Абоны бонмæ уал сæ сæххæстгонд плæнттæ ахицæн кодтой афтæ: Знауыры районы кусджытæ хъуамæ æрцæттæ кæной 117 кубикон метры æмæ уал уымæй æххæстгонд æрцыд 30 кубикон метры, Дзауы районæн суг сифтонг кæныны план у 274 кубикон метры    æмæ уал уымæй сцæттæ кодтой 220 кубикон метры, Цхинвалы район суг æдæппæт хъуамæ æрцæттæ кæна 168 кубикон метры  æмæ уал уымæй ифтонг æрцыд 80  кубикон метры. Ацы хъуыддаджы хорз кусынц Ленингоры районы хъæдцæттæгæнджытæ дæр, уыдонæн сæ план у 562 кубикон метры  æмæ уал дзы æрцæттæ кодтой 150  кубикон метры. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæрмады сезонмæ нырма бирæ рæстæг ис æмæ уæдмæ районтæй алчи дæр сæххæст кæндзæн, йæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон. Уымæй дарддæр ма республикæйы хъæды хæдзарады коллектив архайы хъæды фæзуæттæ фæфылдæр кæныныл æмæ йын уыцы хъуыддаджы дæр ис бæрæг æнтыстытæ. Зæгъæм, Ирыхъæуы сын цы талахъомылгæнæндон ис, уым ныссагътой бæхы сабæлуты тауинаг 60 кг, æнгузы тауинаг – 30 кг, скъола-талахъомылгæнæндоны бæрзы талатæ ныссагътой 100 иуæджы, гималайаг кедр та ныссагъдæуыд 1100 иуæджы. Ноджы ма горæты хæрзарæзтады управленийæн радтой тулдзы талатæ 300 иуæджы, цæмæй сæ ныссагътаиккой æм-бæлон бынæтты. Цæрджытæ æмæ уагдæттæн ацы аз радтой бæрзы талатæ 300 иуæджы æмæ афтæ дарддæр. Талатæ ныссадзыныл йæхæдæг хорз бакуыста хъæды хæдзарады коллектив дæр, ома, кæрз, бæрз, сабæлут æмæ сусхъæды талатæ ныссагътой 7 мин иуæджы.

Къæбулы фырт ранымадта, куыстуат буц æмæ сæрыстыр кæмæй у, уыдоны нæмттæ дæр. Уыдон сæ куыстмæ дарынц бæрндзинады ахаст æмæ сæ разылæууæг хæстæ дæр æххæст кæнынц цæсгомджынæй. Ахæмтæ сты Ленингоры районæй Зозырты Махар, Тедеты Нар, Цгъойты Лаврент, Уæлыгæсты Славик æмæ Тедеты Æхсар, Знауыры районæй Тъотъоты Вилен, афтæ ма Зæгъойты Игорь, Танделаты Роин, Хуыджеты Руслан, Челæхсаты Æхсар æмæ æндæртæ.

Зæгъын æмбæлы, хæдзарады коллектив иууыл тынгдæр цæмæй тыхсы, уый тыххæй дæр. Уый та у, кусæн техникæ сын бынтондæр кæй нæй æмæ уымæ гæсгæ æвзарынц зындзинæдтæ. Иу кæнæ иннæ хæс-лæвæрд æххæст кæнынц æххуырсгæ техникæйы фæрцы, фидынц ын æхца æмæ уый та мæгуырауæрдæм æндавы сæ размæцыдыл. Техникæйы хъуагдзинад зоны нæ республикæйы Хицауад дæр æмæ уавæртæм гæсгæ сæ фарст рæстæгыл скъуыддзаг куы æрцæуид, уæд уый уаид хорз хъуыддаг. Æнæуи та ацы куыстуарзаг коллективæн арфæ кæнæм сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ фылдæр уæд сæ лæггад нæ адæмы хæрзиуæгæн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.