РÆЗГÆ ХУРТЫ ЦЫРД ФÆДИСОН

 

Ис тынг бирæ хъæуæг професситæ æмæ уыдоны ‘хсæн æвзонг адæймаг равзары, йæ зæрдæмæ дзы иууыл æввахсдæр чи вæййы, уыцы дæсныйад æмæ йыл цæрæнбонты йæ зæрдæ никуы сивы.

Кæцыфæнды æхсæнады дæр дохтыры професси у уæлдай ахсджиагдæр. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дохтыр професси нæу, фæлæ царды æгъдау. Рагон грекъаг зынгæ философ Сократ дзырдта, зæгъгæ, дунейы æртæ профессийы сты хуыцауæй радтгæ професситæ. Сократы хъуыдымæ гæсгæ, тæрхонгæнæг, ахуыргæнæг æмæ дохтыр сæ курдиат райсынц Хуыцауæй. Дохтырæн  адæймаджы цард ирвæзын кæнын у йæ æрвылбонон уæззау куыст. Дохтыр хъуамæ æмбара адæмы раз ыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый. Уымæн æмæ рынчыны фæхъæуы ахæм дохтыр, зæрдæйæ йын йæ рыстдзинад чи бамбара. А.П. Чехов куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дохтыры професси у сгуыхтдзинад. Дохтыры професси домы уды æмæ хъуыдыты сыгъдæгдзинад,  зонды ирддзинад. Дохтыр  монон æгъдауæй хъуамæ уа сыгъдæг.

Абон уын мæ уацы цы диссаджы сылгоймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уый  æххæст у уæлдæр ранымад миниуджытæй. 1983 азы Гиппократы ардбахæрд куы бакаст, уæдæй абонмæ, ныр 35 азы дæргъы цæсгомджынæй лæггад кæны йæ чысыл пациенттæн. 35 азы та  35 боны куынæ сты мыййаг. Уал азы дæргъы  ауды рæзгæ хурты æнæниздзинадыл.

Гæззаты Азæ райгуырд æмæ схъомыл горæт Цхинвалы. Æнтыстджынæй каст фæци нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола. Йæ ныййарджытæ Гæззаты Никъала æмæ Харебаты Любæйæн Хуыцауы цæст бауарзта цыппар сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Ныййарджытæ æппæт дæр сарæзтой, цæмæй сæ цоты царды раст фæндагыл бафтыдтаиккой æмæ аккаг бынат ссардтаиккой æхсæнады. Сæ сывæллæттæ иууылдæр  каст фесты уæлдæр ахуырадон уагдæттæ. Æфсымæртæй иу каст фæци Киевы æмбæстагон авиацийы инженерон институт, бирæ азты дæргъы бакуыста инженер-механикæй Никъозы цы вертолетон хай уыд, уым. Уый фæстæ та куыста завод «Вибромашина»-йы. Иннæ æфсымæр та каст фæцис Краснодары политехникон институт, куыста Дзæуджыхъæуы ЖБИ-йы заводы инженерæй. Йæ хо Светæ та кусы Дзæуджыхъæуы 3-æм поликлиникæйы рентгенолог-лаборантæй.

Азæ астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта сывæллæтты дохтыр кæй суыдзæн æмæ  йын йæ фæнд сæххæст кæнын æнтысгæ дæр бакодта – бацыд Сырх Æфсады номыл Кубаны паддзахадон медицинон институтмæ. 1983 азы йæ æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд Туламæ. Куыста  горæт Тулайы областы горæт Суворовы централон районон рынчындоны, куыста Тагъд æххуысы станцы дæр. Уым кусгæйæ, каст фæцис интернатурæ  Сечины номыл Мæскуыйы медицинон институты базæйыл. Кæд æвзонг чызгæн Тулайы зæххыл йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг цыдысты, райгонд уыд йæ куыстæй, урæдтой алыгъуызон бæрнон бынæтты, уыцы нымæцы  сывæллæты санаторийы сæйраг дохтырæй дæр,  уæддæр æхсæв йæ фынты дæр йæ уарзон Цхинвалы уыдта æмæ 1986 азы фæстæмæ æрæздæхт йæ райгуырæн горæтмæ. Уайтагъд кусынмæ бацыд Тагъд æххуысы станцмæ æмæ уæдæй фæстæмæ æвæллайгæйæ лæггад кæны йæ чысыл пациенттæн. 1997 азы ма уыцы иурæстæджы кусын райдыдта Сывæллæтты горæтон поликлиникæйы æмæ ам та ныр 21 азы дæргъы ауды рæзгæ хурты æнæниздзинадыл. Цыппар азы бæрц бакуыста ацы поликлиникæйы сæйраг дохтырæй дæр. Сывæллæтты поликлинæкæйы кусын куы райдыдта, уæд уайтагъд йæ хорзы кой айхъуыст горæты цæрджытыл æмæ бирæтæ тырныдтой сæ сабиты уымæ бакæныныл.

Сывæллæтты поликлиникæйы кусгæйæ, абон йæ бæрны сты Гафезы уынг æнæхъæнæй æмæ Джиоты Аланы проспекты бирæуæладзыгон корпусты иу хай. Æдæппæтæй  лæггад кæны 800 сывæллонæй фылдæрæн. Цафонфæнды дæр æм ма бахат тыхст рынчынæн баххуыс кæныны сæраппонд, Азæ  алыхатт дæр цæттæ вæййы йæ лæггады хай бакæнынмæ. Уымæн æппынæдзух йæ зæрдыл лæууынц профессор Н.Н. Петровы ныхæстæ, зæгъгæ, рынчынмæ дар ахæм ахаст, раст цыма дæ разы сынтæгыл де ‘ввахс адæймаг хуыссы. Йæ чысыл пациентты  ныййарджытæ дзы сты тынг райгонд йæ аудгæ ахасты тыххæй.  Арæх æй бахъæуы рынчын сывæллонмæ дæрддзæф хъæутæм ацæуын дæр, фæлæ никуы базивæг кæны.  Уыд ахæм цау дæр,  нæ горæты Джиоты Аланы проспекты цæрæг æвзонг ныййарджытæн сæ хъæбулыл сæххæст иу аз æмæ фынг æрæвæрдтой. Ныййарджытæ чысыл рæстæджы сæ уазджытыл куыд фесты, раст уыцы рæстæджы сывæллонæн та  йæ хъазæн донæй йедзаг аджы ныххаудта. Сывæллон хъазæнмæ куыд нывнæлдта, ома, йæ фæстæмæ сиса, афтæ аджы доны ныххаудта йæхæдæг дæр æмæ хуыдуг кæнын райдыдта. Уыцы бон Тагъд æххуысы радæгс дохтыр уыд Гæззаты Азæ æмæ сæм куыддæр æрбадзырдтой афтæ атагъд кодтой тыхст уавæры бахауæг ныййарджытæм. Сæ бацыдмæ сывæллон нал улæфыд, йæ былтæ ныцъæх сты. Азæ куыд фæлтæрдджын æмæ йæ хъуыддаджы æцæг дæсны дохтыр, афтæ нæ фæтыхст æмæ сывæллонæн райдыдта «искусственное дыхание» кæй хонынц, уый аразын. Æмæ мæнæ диссаг, сывæллонæн скуыста йæ зæрдæ. Фæлæ йæ уæддæр аластой рынчындонмæ. Ацы хабар æрцыд иу 5 азы размæ æмæ уыцы рæстæджы та нæ горæты уынтæ уыдысты æрдæгкъахтытæ. Тагъд æххуысы машинæ цыд стыр тагъдадæй æмæ иу ран уæрмы ныхауд,  йæ уæлæ чи бадт, уыцы нымæцы Азæ дæр размæ ахаудысты сæ бандæттæй æмæ тыххæй аирвæзтысты фыдбылызæй, райстой травмæтæ. Æмæ цал æмæ цал тыхст сывæллонæн баххуыс кодта, уыдон чи фæнымайдзæнис.

Æнæскойгæнгæ мын нæй уый тыххæй дæр, æмæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды æмæ 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы дæр Азæ кæй уыд йæ радтæг адæмы фарсмæ, æппынæдзух уыд йæ куысты уæлхъус. Тагъд æххуысы кусджытæ, уыцы нымæцы Азæ дæр æхстыты бын, сæ цардæн тæссаг уавæрты иу æмæ дыууæ хатты нæ атагъд кодтой цæфтæн баххуыс кæнынмæ.

Гæззаты чызджы уарзынц æмæ йын кад кæнынц æрмæст йæ пациенттæ  æмæ сæ ныййаржытæ нæ, фæлæ йæ коллегæтæ дæр. Мæнæ дзы цы дзуры Тагъд æххуысы кусæг  Къæбысты Эльзæ: «Азæйы хуызæн адæймæгтыл стæм хатт сæмбæлæм.  Куыд адæймаг æмæ куыд дохтыр афтæ йын æмбал нæй. Йæ професси зоны иттæг хорз. У уæлдæр категорийы дохтыр. Алы хатт дæр рынчынтæм ацæуы æвæстиатæй æмæ сын цæстуарзон æххуыс бакæны. Иу ныхасæй у тынг аудаг дохтыр æмæ диссаджы сылгоймаг. Дохтыры курдиат ын æрдзæй лæвæрд у. Иннæ ахæм у хуымæтæг, тынг фæлмæн æмæ æнкъараг зæрдæйы хицау адæймаг. Йæ чысыл пациентты ныййарджытæй бирæтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, Азæ у сæ хъæбулты  хуыцау урс халаты».  Мæнæ дзы цы дзуры чысыл Гобозты Янайы мад Тедеты Анвелинæ: «Азæ у мæ дыууæ сывæллоны тагъд æххуыс. Сывæллон рынчынтæй фылдæр цы кæны æмæ Азæ алыхатт дæр æрбалæууы нæ фарсмæ æмæ мын мæ сывæллæтты сынæниз кæны. Тынг æй уарзæм æмæ йын кад кæнæм. Уый æрмæст хостæй нæ хос кæны, фæлæ дзыхы ныхасæй дæр».

Гæззаты чызг сывæллæтты поликлиникæйы æрвылбон дæр басгары 20-30 сывæллоны бæрц. Йæ зæрдæ уæлдай тынгдæр кæцы рынчын сывæллæттæм фехсайы, уыдоны ныййарджытæм телефоны фæдзуры се ‘ниниздзинад фæхуыздæр, уый базоныны охыл.

Йæ цæсгомджын куысты тыххæй Азæ хорзæхджын æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 15 азы сæххæсты» майданæй, Кады грамотæтæй. У куысты ветеран. 15 азы размæ та йын саккаг кодтой уæлдæр категорийы дохтыры ном. Фæлæ уæддæр уый йæ иууыл стырдæр хорзæхыл нымайы, йæ пациентты ныййарджытæ дзы райгонд кæй сты, уый.

Азæйæн ис иу фырт. Сохъуырты Къоста  у хæрзæгъдау æмæ тæхудиаджы хъæбул. Уый дæр йæ мадау тынг хорз хорз нысæнттыл каст фæцис нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ та  æнтыстджынæй бакаст Мæскуыйы Уæрæсейаг паддзахадон социалон университеты «Финансы и кредиты»-йы факультет.

Уæдæ, тыхст уавæры бахауæг адæмы ныфс дæ æмæ бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæкус дæ ахсджиаг æмæ хъæуæг куысты. Азæ, арфæ дын кæнæм медицинон кусæджы боны сæраппонд. Дæ хъæбулы хурæй æфсæст у!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.