Афтæ куы зæгъон æмæ хъæууон фæллойгæнæг  афæдзы алы рæстæджы дæр куыстæй цух никуы вæййы, кæддæриддæр фæллойы тыххæй счъилдысæй фæкусы, уæд нæ фæрæдидзынæн. Афтæ уыд раздæр азты дæр, афтæ у абон дæр зæхкуыст æмæ фосдарды къабæзты чи фæллой кæны, уыцы хъæууон фæллойгæнæджы æдзухон архайд дæр.

   Нæ цæст куы ахæссæм, ивгъуыд æмæ абоны  азты Цъунар-Къостайыхъæуы æхсæнадон хæдзарад æмæ хицæн цæрджыты хæрзиуæгон куысты æнтыстытыл, уæд бæрæг у, раздæр дæр æмæ абоны зын уавæрты дæр амы хъæууон фæллойгæнджытæ хъæууон куыстытæй сæхи кæй нæ тигъ кæнынц. Уыдон æппæт хъарутæй дæр архайдтой æмæ ныр дæр кусынц зæхкуыст æмæ фосдарды къабæзты зæрдæйы фæндиаг фæстиуджытæ къухты бафтын кæныныл. Советон дуджы Къостайыхъæуы колхоз нæргæ хæдзарад уыд, колхозонтæ æдзухдæр уыдысты куысты лæуд æмæ сæ хайбавæрд хастой иумиаг æнтыстмæ. Уæды колхоз  кодта куыд фосдарды куыст, афтæ ма тыдта æмæ хъæздыг тыллæг иста æфсирон культурæтæй дæр. Зæгъæм, Хуыбиаты Еленæ сæкæры цæхæрайы иу гектарæй райста 450 ц, Хаситы Еленæ – 638 ц, Хуыбиаты Тебро – 458 ц æмæ Мæлдзыгаты Еленæ та – 473 ц. Колхозы 1952 азы ставд фос уыд 6772, хуытæ – 177, мæргътæ – 2279 æмæ бæхтæ та – 34. Быдыркуысты раззагон бригадиртæ уыдысты Мамиты Беги, Къарон, тракторон бригадæйы бригадир, СЦКП-йы 22-æм съезды делегат Хуыбиаты Яша, ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат Тараты Тамарæ, Ленины æмæ Фæллойадон Сырх Тырысайы орденты кавалер, тракторист Тараты Илья, маргъдарджытæ Тегкаты Аннæ æмæ Мамиты Нуши, хъугдуцджытæ Фæллойадон Сырх Тырысайы æмæ «Кады нысан»-ы орденты хицау Гуццаты Маня, Тегкаты Аграфин, Лохты Заретæ, механизатортæ ССР Цæдисы Сæйраг Советы адæмон депутат Хуыбиаты Уасил, Хацырты Алыксандр æмæ бирæ æндæртæ. 1950 азы октябры мæйы газет «Комунист»-ы фарсыл уыд сæкæры цæхæрайы ныв, йæ быны та фыст уыд «6 кг æмæ 600 граммы. Къостайы хъæуы колхоз».

Уæды раззагон зæхкусджыты куыстуарзондзинад дарддæр кæнынц ацы хъæуы хицæн цæрджытæ æмæ арендатортæ дæр. Цæвиттон, Лохты Мурат пенсийы ацæуыны онг куыста Цхинвалы зынгхуыссынгæнæн куыстуаты хистæрæй. Уым йæ разылæууæг ахсджиаг æмæ æнæаргъæвгæ хæстæ æххæст кæнынмæ каст бæрндзинады цæстæй æмæ дзы райгонд уыдысты коллективы уæнгтæ. Ам фæллой кодта йе ‘мкъай дæр. Пенсийы ацæуыны фæстæ дыууæ æмкъайы нæ ферох кодтой хъæууон цард, æрбаздæхтысты йæм æмæ дзы фæллой кæнынц цæсгомджынæй. Сæ хæдзаргæрон зæххы фадыгмæ зилынц æмбæлон æгъ-дауæй æмæ сæ тыллæгæрзадæй барухс вæййы сæ зæрдæ. Ахæм хъарм ахаст нæ радтæг зæхмæ ис Мураты æрвад, журналист Лохты Джамбулатæн дæр. Зæххы куыстмæ иттæг дæсны уыд йæ фыд Вахтъанг  æмæ уыцы æнтыст фæлхат кæны йæ фырт дæр. Цæрджытæ  дисæн хæссынц Хуыбиаты Митяйы куыстуарзондзинад. Уый йæ хæдзаргæрон зæххы фадыгмæ фæкæсы афæдзы алы рæстæджы дæр, нæ йæ уадзы зылдцух æмæ йæ тыллæгæрзад дæр уымæн вæййы зæрдæйы фæндиаг. Фæткъуы, атъами æмæ æндæр дыргъбæлæстæм базилы агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ сæ тыллæгæй барухс вæййы сæ хицауы зæрдæ. Уымæй дарддæр ма йын ис сæндон дæр  æмæ уый дæр ратты хъæздыг тыллæг. Ацы фæззыгон бонты Митя хæрззылд бакодта йæ зæххы фадыг, бахсæста йæ сæндон æмæ дыргъ-бæлæстæ, ссыгъдæг æй кодта сыфтæртæй. Сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ ма хæрззылд кæнынц Санахъоты Валери, Джиоты Джемал, Хаситы Тузар. Сæрмагонд зæгъыны аккаг у Тегкаты-Чугуты Маринæйы хайбавæрд йæ хисæрмагонд хæдзарады. Уый фыццаджыдæр кæны фосдарды куыст, ис æм стуртæ, нæ сæ уадзы зылдцух æмæ уый фæстиуæгæн рæзы сæ продуктивондзинад. Уымæй дарддæр ма Маринæ йæ зæххы фадыгмæ дæр базилы хорз æмæ  хъæздыг тыллæг райсы нартхор, хъæдур, къапускæ æмæ æндæр культурæтæй. Къаддæр не сты ацы хъæуы арендатортæ Хъабанты Хъазбег, Хуыбиаты Гамлет æмæ æндæрты куысты фæстиуджытæ дæр.

Хъæууон хæдзарады кусæджы боныл уæлдæр ранымадгонд адæймæгтæ æмбæлынц фæллойадон æнтыстытимæ. Фæлæ ууыл не рлæудзысты æмæ дарддæр дæр архайынц хуыздæр æмæ ахадæндæр фæстиуджытæ равдисынмæ.                                             

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.