2009 азы 30 апрелы Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенттæ сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæнтæ иумиагæй хъахъхъæныны фæдыл сразыдзинадыл. Уый сæраппонд Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл баконд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнгæрон управлени. Уыцы бонæй фæстæмæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ хуссайраг коллегæтимæ иумæ хъахъхъæнынц Ирыстоны арæнты æмæ нын ифтонг кæнынц сабырад.

Управленийы сырæзтыл сæххæст 10 азы.

Уый цытæн, знон нæ республикæйы паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыдис цытджын мадзал. Хайад дзы райстой нæ Республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Цытджын мадзалмæ ма æрбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Федералон службæйы арæнгæрон управленийы кусджытæ сæ бинонтимæ. Мадзалы райдианы айзæлдысты дыууæ паддзахады гимны зæлтæ, уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æдасдзинады управленийы сæргъ-лæууæг инæлар-майор Анатоли Уткинæн. Уый йæ раныхасы райдианы арфæйы ныхæстæ загъта мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ радзырдта Арæнгæрон управленийы сырæзты историйы æмæ йын цы егъау нысаниуæг ис арæнтæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы, уый тыххæй. «Мах нæ хуссайраг коллегæтимæ арæнтæ иумиагæй хъахъхъæнæм 2009 азæй абоны онг. Уый егъау нысаниуæгджын бон у Арæнгæрон управленийы сырæзты историйы. Нæ куысты иууыл уæззаудæр æмæ зындæр азтыл æз нымайын 2009 аз. Уымæн æмæ нын уæд æппындæр куысты уавæртæ нæ уыд. Нæ куыст райдыдтам ног, æнæзонгæ бынаты, хъуыдис нæ бынæттон цæрджытимæ диалог саразын æмæ æппæт уыцы зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, нæ управленийы кусджытæ дæр сарæзтой, цæмæй абон сæ куыст цы егъау æмвæзадыл æххæст кæнынц, уый сæ къухы бафтыдаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, егъау æххуыс нын бакодтой нæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ Арæнгæрон управленийы кусджытæ æппæт дæр аразынц, цæмæй арæнты алыварс уавæр уа сабыр», — банысан кодта Анатоли Уткин.

Арæнгæрон управленийы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй уыдон æнгом куыст кæнынц, куыд республикæйы къухдариуæгад, афтæ нæ республикæйы æппæт тыхон структурæты кусджытимæ дæр, цæмæй республикæйы арæнтæ хъахъхъæд цæуой æмбæлон æмвæзадыл, æмæ арæнты алыварс уавæр æндыгъд ма уа. «Дæс азы дæргъы Арæнгæрон управлени стыр куыст бакодта, цæмæй паддзахадон арæнты æркæнæм ны-рыккон хуызмæ. Арæнхъахъхъæнджытæн арæзт æрцыдис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм куысты уавæртæ. Паддзахадон арæнтæ чи фехалы, ахæм адæймæгтæ 10 азы дæргъы баурæдтам 4 мин адæймаджы бæрц, ’ссардтам 200 бынаты, цыран æмбæхст уыдысты хæцæнгæрзтæ. Республикæ Хуссар Ирыстон у æвзонг паддзахад, фæлæ уымæн ис паддзахадон арæнтæ. Арæнхъахъхъæнджыты æмæ арæнгæронмæ æввахс хъæуты цæрджыты иумиаг æххуыс æмæ хорз ахаст кæрæдзимæ у алы хæдзары æмæ бинонты сабырад æмæ æдасдзинад ифтонггæнæг», — загъта Анатоли Уткин.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн. Уый, фыццаджыдæр, раарфæ кодта Арæнгæрон управленийы службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сомбон сымахæй алчидæр сæрбæрзондæй дзурдзæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй службæ кодта, уый тыххæй.

«Арæнгæрон управленийы службæгæнджытæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц се ’фсæддон хæс. Сымахæн уæ хъаруджындзинады фæрцы, стæй уе стыр куысты фæстиуæгæн махæн нæ бон у æмæ сæрбæрзондæй зæгъæм, нæ республикæйы паддзахадон арæнтæ профессионалон æгъдауæй хъахъ-хъæд кæй цæуынц, уый. Стыр бузныг уын зæгъын, нæ республикæйы тыхон структурæтимæ æмæ уæ хуссайраг коллегæтимæ иумиаг куыст кæй кæнут, уый тыххæй. Уый махæн ацы хатт дæр фадат дæтты, цæмæй уын бузныг зæгъæм уæ куысты тыххæй. Уымæн æмæ мах ныфс ис, паддзахадон арæнтæ хъахъхъæд кæй цæуынц стыр кад æмæ намысимæ», — банысан кодта Президент.

Республикæйы сæргълæууæг ма æрдзырдта, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн цы æфсымæрон æмæ хъарм ахастытæ ис, уыдон тыххæй дæр.

Республикæйы сæргълæууæг йæ раныхасы фæстæ уæрæсейаг Арæнгæрон управленийы кусджыты иу къорды схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй æмæ сын бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы номæй Арæнгæрон управленийы кусджытæн бæрæгбонон арфæйы фыстæг бакаст йæ уынаффæгæнæг Александр Журов. Бæрæгбонон арфæимæ ма йæ коллегæты раз ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Æдасдзинады комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг Алиханты Валери.

Уæрæсейы Федерацийы Федералон службæйы Арæнгæрон управлени дæр йæ кусджыты иу къорды схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ бакастысты цыбыр кинофильммæ, кæцыйы æвдыст æрцыд, арæнхъахъхъæнджытæ се ’фсæддон хæс куыд æххæст кæнынц æмæ сæ службæ куыд цæуы, уый. Цытджын мадзал адарддæр бæрæгбонон концертæй.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.