Ирон адæмы æхсарджын фырттæ цы æнæмæлгæ сгуыхтдзинад равдыстой, уый сыгъзæрин хъæрнывтæй фыст æрцыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы æмæ сæ сæрыстыр стæм, мах, сæ фæстагæттæ. Сæрыстыр стæм, ацы тугкалæн хæсты нæ адæмы минæвæрттæй Хъайтары ном чи райста, уыдонæй. Уыцы Хъайтартæн та сæ номхыгъд байгом кодта Остъаты Алекси Егоры фырт. Раст у, Хъайтары ном Алекси Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы нæ райста, фæлæ ацы номимæ уый дæрæн кодта немыцаг тыхæйисджыты дæр. Хъайтары ном та йын лæвæрд æрцыд ацы хæсты агъоммæ советон-финаг хæсты.

Алексей райгуырд 1905 азы 15 декабры Дзауы районы Сохты хъæуы.

Йæ карæнтæй бирæты хъысмæты хуызæн уыд Алексейы хъысмæт. Фынддæсаздзыдæй баззад сидзæрæй. Йæ фыд Егор уыд партизан æмæ фæмард 1920 азы меньшевикты къухæй. Йæ ныййарæг мад та 1918 азы амард уæззау низæй. Зын уыд æнæ ныййарджытæй, хъуыд цардамæлттæ кæнын æмæ Алексей ацыдис Цæгат Ирыстонмæ. Кусын-мæ бацыд Дзæуджыхъæу-Назраны æфсæн-вæндагмæ æмæ дзы кодта цалцæггæнæн куыстытæ.

1927 азы барвæндæй бацыдис Кавказаг национ полчы сырхæфсæддонты рæнхъытæм, стæй та ногæй кодта йæ фæллойадон архайд. Куыста Джызæлдонарæзтады слесарæй. Зын зæгъæн у, Алексеймæ арвы тыгъдады цæргæсау ленчытæ кæныны бæллиц кæд фæзынд, уый. 1931 азы Джызæлдонарæзтады разамынд Остъаты Алексейы арвыста Ленинградмæ запасы командиртæ цæттæгæнæн курсытæм, уый фæстæ ахуыр кодта æфсæддон тæхджыты Луганскы скъолайы. Каст æй фæци 1933 азы. Æхсæз азы фæстæ 58-æм авиацион полчы бомбæз-гъалæг цæджы командир Остъайы фырт архайдта урсфинæгтимæ тохы. Хæстон хæстæ æххæст кæнынмæ арæхст иттæг хорз. 1939 азы радон хæс æххæсткæнгæйæ фæцæф йæ къах, йæ хæдтæхæджы фæрстæ та фесты 50 цæфы. Фæлæ уæддæр йæ хæстон атахт уыд æнтыстджын, хæдтæхæг та æрбадын кодта йæхи аэродромы. Уыцы атахты тыххæй Алекси райста йæ фыццаг хæрзиуæг- Сырх Тырысайы орден.

Госпиталы фæстæ, 1940 азы февралы мæйы Остъайы фырт ногæй æрлæууыд йæ хæстон æмбæлтты рæнхъыты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ-иу ын йæ хæдтæхæг куы цалцæг кодтой, уæд-иу техникты фарсмæ балæууыд йæхæдæг дæр, цæмæй йæ тагъддæр сцалцæг кодтаиккой æмæ та радон хæстон атахт сæххæст кодтаид.

Хæстон атахтыты нымæц фылдæрæй фылдæр кодта. Ноджы арæхстджынæй арæхстджындæр кодта Алексей, нæ ауæрста йæ тыхтыл. Æнауæрдонæй дæрæн кодта знаджы æмæ йæ полчы командир бавдыста Хъæбатыры «Сыгъзæрин Стъалы» райсынмæ: «Товарищ Остаев среди личного состава пользуется заслуженным авторитетом бесстрашного и храброго летчика, готового к выполнению любого боевого задания».

Афтæмæй 1940 азы 21 марты Остъаты Алексейæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны знаг Мæскуымæ куы æрбаввахс, уæд бæстæйы сæйраг горæт бахъахъхъæныны тыххæй знаджы размæбырст бауромыны нысанимæ карз тохы бацыдысты Сырх Æфсады равзаргæ иугæндтæ æмæ æфсæд-дон хæйттæ, уыдоны нымæцы – 208-æм бомбæзгъалæг авиацион полк дæр, фæстæ-дæр та ссис ацы полчы командир.

Хъæбатыр тæхæг хæсты кæддæриддæр уыд разæй. 1942 азы 7 январы, радон хæстон атахт æххæст кæнгæйæ, знаджы аэродромыл бомбæтæ æрæппарыны фæстæ Остъайы фырты хæдтæхæг тыхджын фæцæф. Тæхæг фæлвæрдта йæ аэродроммæ баивæрзыныл, фæлæ ацы хатт йæ æндон цæргæс йæ коммæ нал бакаст, æрхауд зæхмæ æмæ хъæбатыр тæхæг фæмард.

Советон Цæдисы Хъæбатыр Остъаты Алексейы бавæрдтой Мæскуыйы, Новодевичьейы уæлмæрды. Бæстæйы сæйраг го-рæты скъолатæй иуæн лæвæрд æрцыд йæ ном. Горæт Цхинвалы йын сæвæрдтой цырт. Цырт ын сæвæрдтой йæ райгуырæн хъæу Сохты дæр, сосæвæндагмæ æввахс. Ногир æмæ Дзæуджыхъæуы 25-æм астæуккаг скъолатыл конд ис мемориалон фæйнæджытæ. Йæ номыл ис уынгтæ Дзæуджыхъæуы, Цхинвал, Къуайсайы горæтты, Сунжæ, Тарскæ, Ногир æмæ Донгæроны хъæуты.

«Алексей у,  табу кæнын кæмæн хъæуы, ахæм хъæбатыр. Сывæллон ма куы уыдтæн, уæд мæхицæн дзырд радтон, æз дæр кæй суыдзынæн тæхæг æмæ мæ къухты бафтыд тæхæджы дæсныйадыл сахуыр кæнын. Алы хатт дæр фæзмыдтон Алексейы, уый мын уыдис мæ царды фæндагамонæг стъалы æмæ мын рухс кодта мæ развæд. Уый фæрцы сдæн тæхæг. Йæ фæлгонц мын æххуыс кодта цыфæнды зындзинæдтæй дæр уæлахизæй рацæуынæн», – загъта Остъаты Инал, Ирыстоны зындгонд тæхæг.

«Æвæццæгæн, тæхæг суæвыны дæсныйад æрдзæй рахаста Алексей. Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй-иу чысылæй дæр къæцæлтæй хæдтæхæг сарæзта, хъæбæр гæххæттæй-иу ын базыртæ сарæзта æмæ-иу æй комы ‘рдæм дæлæмæ атæхын кодта æмæ уымæй иста æхцондзинад. Йæ цинæн-иу кæрон нæ уыд, йæ цæстытæ-иу, зæгъгæ, цинæрттывд кодтой», – загъта Алексейы иннæ æрвад Остъаты Нодар дæр.

Остъаты Алексейы рухс ном нæ ферох уыдзæнис йæ раттæг адæмæй. Сæ мысынады уыдзæн æнустæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.