30 азы та цъус не сты, фæлæ ацы хæсты цы хъæбатыр лæппутæ бабын сты, уыдоны бинонты зæрдæты хъæдгæмттæ абоны онг дæр нæма байгас сты æмæ, æвæццæгæн, никуы дæр байгас уыдзысты.

Уыцы фæдисы бонты хæствæллад хуссарирыстойнаг лæппутæ уайтагъд æххуысмæ фæзындысты сæ цæгаттаг æфсымæртæм. Ацы ныхмæлæуды хъæбатырæй фæмард сты хус-сарирыстойнаг лæппутæ цалдæрæй. Абон æрæмысæм æхсæз хъæбатыры рухс нæмттæ. Ссыгъдис, ныппырх, Тедеты Владимир (Вла), йæ сыхаг Хуыгаты Вадим æмæ ма ноджы цалдæрæй цы хæстон машинæйы бадтысты, уый.

Хъысмæты цалх зыгъуыммæ разылд Тедеты Валодяйыл, йæ цард нывондæн æрхаста Ирыстоны сæрвæлтау. Йæ цард стъалыйæ рахаугæ къæрттау уыдис ирд æмæ уыцы иугъуызон цæхæртæ калгæйæ хуысгæ дæр акодта, бабын æцæг Хъайтарæй. Фæлæ йæ царды фæстаг бонмæ фæкодта æцæг ирон лæджы цард.

Кæугæ, дзыназгæ ныууагъта йæ ныййарæг мады, йæ цардæмбалы, йæ фырт Робикы, йæ хиуæтты.

Тедеты хъæбатыры ном цæры адæмы зæрдæты. Йæ номыл арæзт æрцæуынц турниртæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, Къуайсайы йæ ном хæссы уынг. 2014 азы хорзæхджын æрцыд Ирыстоны уæлдæр хорзæх — Уацамонгæйы орденæй.

Тадтаты Чермены фырт Леник райгуырд 1971 азы Дидмухайы хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæцис Мугуты хъæуы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы Хæххон-металлургон техникумы. Баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты дæр.

1992 азы 2 ноябрь… Леня дæр иннæ лæппутау сфæнд кодта Цæгат Ирыстонмæ фæдисы фæцæуын. О, фæлæ уый уыд йæ фæстаг фæндаг. 7-æм ноябры фæнд кодта йæ хиуæтты æрбамбырд кæнын æмæ кæрæдзийыл фæцин кæнын, фæлæ… 7-æм ноябры уыдон æцæгæй дæр æрбамбырд сты йæ алыварс, æмæ цин кæныны бæсты йæ табæты уæлхъус сæргуыбырæй фæлæууыдысты. Тадтаты Чермен æмæ Мерийы иунæг фырт Леник 21-аздзыдæй йæ цард рауæлдай кодта Ирыстоны сæрвæлтау…

Дзауы районы Часавалы хъæуккаг Хуыгаты Пухийы фырт Вадим дæр фæмард Цæгат Ирыстоны Карцайы хъæуы мæхъæлы ныхмæ тохы. Цы дзы радзурæм? Хур скаст, суад арвы цъæхыл бæндæны бæрц æмæ аныгуылд. Æдæппæтæй а-дунейыл рацард æрмæстдæр 20 уалдзæджы. Кæд хæрзæвзонг уыд, уæддæр фидарæй зыдта иу хъуыддаг — Райгуырæн бæстæ у зынаргъ, æмæ куы бахъæуа, уæд æй хъæуы риуæй бахъахъхъæнын. Нырма царды йæ фаг заргæ дæр æмæ худгæ дæр куы нæ фæкодта. Æрмæстдæр 3 мæйы фæцард йæ ног хаст æмкъаимæ. Райгуырд 3-æм ноябры, цардæй ахицæн 1-æм ноябры.

1992 аз, октябрь… Уæззау хабар та айхъуыст Хуссар Ирыстоныл. Нал ис Джиоты Эльбрус. 3-æм ноябры Карцайы хъæу ссæрибар кæныны рæстæджы йæ зæрдæйыл сæмбæлд знаджы нæмыг… Джиоты Хазбийы фырт Эльбрус райгуырд 1963 азы 25 майы Цхинвалы. Ахуыр кодта нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ та — Харьковы æфсæнвæндаджы транспортон техникумы.

Эльбрусæн йæ фыд раджы фæзиан æмæ хæдзары уæз иууылдæр æрæн-цад æвзонг лæппуйы уæхсчытыл. Джиоты Эльбрус йе ‘фсымæртæ Хъазбег æмæ Хохимæ архайдта, Гуырдзыстоны ирон адæмы ныхмæ цы хæст расидт, уым фыццаг бонæй фæстæмæ. Æппынæдзух уыд Ирыс-тоны хъахъхъæнджыты фарсмæ. 1992 азы Эльбрус йæ цард баиу кодта уырыссаг чызг Орлова Наташаимæ, фæлæ сын иумæ бирæ фæцæрын нæ бантыст. Цæгат Ирыстоны æвзонгæй аскъуыд йæ цард…

Хъоцыты Дауыт райгуырд 1968 азы Дзауы, астæуккаг ахуырад дæр уым райста. Намысджынæй баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Æрыздæхт æмæ слæууыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 1992 азы 24-æм октябры йыл сæххæст 24 азы. Йæ бинонтæ, йæ хиуæттæ, йе ’мгæрттæ йын бæргæ фæарфæтæ кодтой йæ гуырæн боны йæ дарддæры æнтыстджын царды тыххæй, фæлæ, æвæццæгæн, хъысмæты нæ бафæндыд уыцы арфæтæ царды рауадзын æмæ цалдæр боны фæстæ… Нæ цæгатаг æфсымæртæй фæдисы хъæр куы райхъуыст, уæд Хъоцыты Дауыт дæр фæстæ нæ фæлæууыд. 2-æм ноябры поселок «Южный»-йы сæрыл тохты Дауыт мæлæтдзаг цæф фæцис. Хъоцыты Зауыр æмæ Соня фæззæджы кæрон чындзæхсæв хъуамæ скодтаиккой сæ иунæг фыртæн, фæлæ…

22-аздзыд Бæззаты Эдуард фæмард Дачноейы хъæу ссæрибар кæныны рæстæджы. Райгуырд 1970 азы. Æфсады рæнхъыты баслужбæ кæныны фæстæ фæнд кодта Дзæуджыхъæуы уæлдæр ахуырадон уагдонмæ бацæуын, фæлæ йын нал бантыст… Мæхъæл Цæгат Ирыстонмæ кæй æрбабырста, уыцы хабар Дзауы базонгæйæ, фæстæмæ раздæхт æмæ уый уыд йæ фæстаг фæндаг æвзонг цардбæллон лæппуйæн. Къуайсайаг лæппутæ, сæ лидер Тедеты Влайы сæргълæудæй æмæ иумиагæй хуссарирыстойнаг хæстон къордтæ равдыстой æнахуыр хъайтардзинæдтæ Цæгат Ирыстон ссæрибар кæныны рæстæджы, уымæн æмæ уыдон æмбæрстой, Ирыстон ирон адæмæн иу кæй у, уый.

Ирыстоны зынгхуыст сахъгуырдтæ! Уæ ном рох никуы уыдзæн. Ирыстоны тугхъулон зæхх уын пакъуыйау фæлмæн уæд…

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.