30 азы рацыд 1992 азы тугæйдзаг сæрдæй. Иумиагæй сисгæйæ, 1992 аз Хуссар Ирыстоны ногдæр истори бирæбæрцæй у нысаниуæгджын.  Уыцы аз бæстæйæн æрцыдысты ахсджиаг цаутæ. Январы уагъд æрцыд референдум хæдбардзинады фарсты фæдыл æмæ уый фæстæ та – Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй, майы мæйы расидт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд гуырдзиаг хицауад фæлвæрдтой «ирон фарст» тыхæй аскъуыддзаг кæнынмæ. Уымæ гæсгæ 1992 азимæ баст сты трагикон цаутæ дæр: Зары фæндагыл лигъдæтты фехст, бæстæмæ гуырдзиаг æфсæдты радон гарзджын æрбабырст æмæ а.д.

Июны мæйы гуырдзиаг æфсад радон хатт бафæлвæрдта Цхинвалы штурмæй сисынмæ. Цыдæр рæстæджы  бæстæйы æмæ Ирыстоны хуссары æппæт адæмы хъысмæт уыд сæрсæфæны былыл. 1992 азы 7-æм июны изæрмæ гуырдзиаг дæлхæйттæ бацахстой Присы хъæуы районы Цхинвалы сæрмæ бæрзæндты æмæ (ТЭК) ГАИ-йы пост. Райдыдта горæты æрхъула, кæцы аххæссыд иу мæйы бæрц. Хус-сар Ирыстоны  хæстæфхæрд цæрджытæ бахаудтой экономикон æмæ транспортон блокадæйы. Тбилисы цыдысты карз тохтæ, цыран Гуырдзыстоны президенты ныхмæлæуджытæ штурмæй систой Руставелийы проспекты З.Гамсахурдиайы резиденци. 6-æм январы Гамсахурдиайы режим æппæрст æрцыд æмæ уый алыгъд бæстæйæ. Афтæ зынд, цыма ныр гуырдзиаг ног хицауад хуссарирыстойнаг адæмимæ конфронтацийæ рахиздзæн сабырадон диалогмæ. Уыимæ ма Тбилисы ахæстонæй ссæрибар кодтой РХИ-йы Уæлдæр Советы сæрдар Хъуылымбегты Торезы æмæ нæ цыдæр ныфс бацыд, фæлæ…

23-æм февралы уыд гуырдзиаг æмæ хуссарирыстойнаг фæрсты минæвæртты æнæофициалон фембæлд, Фæскавказы æфсæддон зылды командæкæнынад сын æхсæны лæгæй балæууыд, афтæмæй. Фæлæ уæддæр, кæрæдзи бамбарын къухты нæ бафтыд. Хуссар Ирыстоны минæвæртты раз æрæвæрдтой ультиматум: хæцæнгæрзтæ æрæвæрыны æмæ республикæйы статусы фæдыл æппæт политикон уынаффæтæ аивыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл не сразы хуссарирыстойнаг фарс æмæ гуырдзиаг дæлхæйттæ райдыдтой хæстон архайдтыты эскалаци. 24-æм февралæй 25-æм февралмæ æхсæвы Цхинвал бахаудта артиллерион æхстыты бын. Цхинвалы бамбæрстой, Гуырдзыстоны ног хицауад Гамсахурдиайæ кæй ницæмæй хицæн кæны, уый. Цхинвалы блокадæ æмæ поселокты, хъæуты æрвылæхсæв æхстытæ дарддæр кодтой. 1992 азы 6-æм апрелы гуырдзиаг боевиктæ радон хатт бабырстой Хелцуайы хъæумæ, амардтой дзы 6 сабыр цæрæджы, цалдæр адæймаджы уæззау цæфтæ фесты, цæрджытæ иууылдæр ацыдысты хъæуæй. 9-æм апрелы басыгътой Сарабукъ, Зонкъары хъæуты. Уанаты хъæуы та, цыран цæрынц гуырдзиæгтæ дæр æмæ ирæттæ дæр, басыгътой ирæтты хæдзæрттæ. Зонкъар æмæ Тлиахъанайы хъæуты иуæй-иу хæдзæртты басыгътой сæ цæрджытимæ.

20-æм апрелы Цхинвал бахаудта тыхджын ракетон-артиллерион æхстыты бын. Фæмард сты фондз адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ фæцæфтæ сты. 1992 азы 25-æм апрелы Цхинвалы уæвæг Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсæдтæ æхсæвы сусæгæй ацыдысты горæтæй, семæ Гуырдзыстонмæ хæцæнгæрзтæ æмæ техникæ аласгæйæ. Дыккаг бон, 26-æм апрелы Цхинвалы уагъд æрцыд Кавказы хæххон адæмты Конфедерацийы æнæрадон сесси. Форумы сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстоны адæмæн баххуыс кæнын. 9-æм майы райдыдта æндыгъддзинады эскалацийы ног этап. Хуссар Ирыстоны арæнтæм æввахс æрбацыдысты Гуырдзыстоны егъау æфсæддон тыхтæ æмæ уæззау техникæ.  Æмæ райдыдтой горæты æхсын æнæхъæн суткæты дæргъы, уыцы нымæцы уæззау хæцæнгæрзтæй дæр.

12-æм майы гуырдзиаг гарзджын тыхтæ бронетехникæйы æххуысæй бабырстой Присы хъæумæ. 20 адæймаджы фæцæфтæ сты, 8 адæймаджы фæмард сты. 10-13-æм майы æртæ суткæмæ горæты рынчындонмæ баластой 120 фæцæфуæвæг адæймаджы, уыдонæй 15 адæймаджы амардысты уæззау цæфты фæстиуæгæн. Уæззау тохты рæстæджы, кæцытæ цыдысты хъæууынгты, ирон дæлхæйттæн сæ бон ссис ныхмæлæууæджы атакæ аппарын. Тохты рæстæджы, Цхинвалмæ æрбахизæны æмæ Присы хъæуы цур ныхмæлæууæг фе-сæфта танк «Т-55», БМП-1 æмæ БРДМ. Фæлæ гуырдзиаг фарс уæддæр нæ фæнд кодта фæстæмæ алæууын, ацы районы уæлæмхас тыхтæ æмбырд кæнгæйæ. Гуырдзиаг дæлхæйттыл командæ кодта Гия Каркарашвили, раздæры советон афицер. Уыцы рæстæгмæ йæ дæлбар уыдысты танктæ, кæцыты уый размæ бацахстой Гуры уæрæсейаг танкон хайы.

13-æм майы гуырдзиаг къухдариуæгад сарæзта æнæнхъæлæджы къахдзæф. Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты Гуырдзыстоны паддзахадон советы уæнгтæ Эдуард Шеварднадзе æмæ Джаба Иоселиани. Семæ ма уыдысты Дзасохты Александр æмæ Къарджиаты Эльбрус. Вертолетон полкы штабы уагъд æрцыдысты бадзырдтæ хуссарирыстойнаг къухдариуæгады хайадистæй. Æнæнхъæлæджы Шеварднадзе загъта йæ фæндон горæтмæ бацæуыны тыххæй. Уый бадзырдты хайадисджытимæ æрзылд горæты уынгты, фембæлд æхсæнадимæ дæр. Фæлæ бадзырдты фæстиуæгæн ницы конкретон уынаффæтæм æрцыдысты. Æмбæрстгонд уыд Шеварднадзе йæхæдæг дæр кæй нæ контроль кодта уавæрыл, уый, уымæн æмæ горæтæй фæстæмæ здæхгæйæ ногæй райдыдтой Цхинвалы тыхджын æхстытæ, кæд æмæ уый баныфсæвæрдта, зæгъгæ, æхстытæ æруромдзысты, уæддæр.

14-æм майы горæт Цхинвал, Цхинвалы æмæ Знауыры районтæй эвакуаци кæнын райдыдтой сывæллæтты æмæ сылгоймæгты. 20-æм майы арæзт æрцыд ирон адæмы ныхмæ иууыл æгъатырдæр, сырдон фыдракæнд. Зары фæндагыл, царды фæндагыл гуырдзиаг фыдгæнджытæ амардтой æнæаххос бæлццæтты. 25-æм майы Цхинвал бахаудта æхсæвыгон ракетон-артиллерион æхстыты бын. Фæмард сты 7 адæймаджы, уыцы нымæцы зынгæ ирон фыссæг Гуыцмæзты Алеш дæр. 29-æм майы РХИ-йы Уæлдæр Советы сесси æхстыты бын  райста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт.

Фыдæвзарæнты рæстæг

5-æм июны райдыдта горæт Цхинвалы æмæ йæ алыварс хъæуты штурм. 7-æм июны систой æмæ басыгътой Присы хъæу. Уыцы бон горæтмæ æрбахизæны хæстон посты æрхъулайы бахаудысты æмæ хъæбатырæй фæмард сты Цхинвалы ОМОН-ы лæппутæй цалдæр. ГАИ-йы посты цур позици у стратегион Цхинвалы ахасты. Уырдыгæй зыны æнæхъæн Цхинвал. Æгæрыстæмæй, ацы бынаты иунæг артиллерион хæцæнгарз сæвæргæйæ дæр горæты уынгты æдасæй ацæуæнтæ нал уыдаид. Æмæ уыцы рæстæджы та, ныхмæлæууæгмæ уыд бронетехникæ æмæ артиллерийы дæсгай иуæгтæ. Горæты сæйраг уынгты ныхмæ æвæрд æрцыдысты пулеметтæ æмæ æхстой цæрджыты. Æхстыты бын бахаудысты Хицауады хæдзар, тагъд æххуысы станц, рынчындон. Сæвзæрд критикон уавæр. 13-æм июны хуссарирыстойнаг хибахъахъхъæныны тыхты къорд бафæлвæрдта ТЭК-ы район фæстæмæ байсынмæ, фæлæ бахаудтой æрхъулайы. Фæмард сты 6 адæймаджы. Горæты рахизфарсмæ æрбахизыны тыххæй, гуырдзиаг дæлхæйтты бафæлвæрды фæстæмæ аппæрстæуыд. Гуырдзиаг командæгæнæг Каркарашвили ультиматум сæвæрдта Цхинвалы цæрджытæн: 20-æм июнмæ хæцæнгæрзтæ радтыны æмæ горæтæй ацæуыны тыххæй, науæд, зæгъ, горæт ныппырх кæндзыстæм æмæ йæ цæрджыты та скуынæг кæндзыстæм.  23-æм июнмæ Дагомысы нысан æрцыд Уæрæсейы президент Барис Ельцины æмæ Эдуард Шеварднадзейы фембæлд, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæуджыты хайадистæй конфликт æрбæстон кæныны тыххæй.

22-æм июнæй 23-æм июнмæ æхсæвы райдыдтой Цхинвалы иууыл тæссагдæр артиллерион æхстытæ. Сæдæгай ракетæтæ æмæ снарядтæ хаудысты горæты цæрæн кварталтыл, гуырдзиаг æфсæдтæ ногæй бафæлвæрдтой Зæронд хиды цурмæ æрбатоныныл, фæлæ фæстæмæ æппæрст æрцыдысты. Дыккаг бон фæбæрæг сты (Дагомысы) Сочийы бадзырдты фæстиуджытæ, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ хъуамæ æрбацыдаиккой фидауынгæнæг тыхтæ. Фæлæ  уымæ æнæкæсгæйæ, уæддæр цалдæр боны гуырдзиаг æфсæдтæ ногæй бафæлвæрдтой зæронд хиды район сатакæ кæнынмæ æмæ Леуахийы сæрты горæтмæ æрбахизыныл, фæлæ та ногæй æппæрст æрцыдысты фæстæмæ.

Мæскуыйы архайдтытæ

Уавæры æндыгъддзинад æмбæрстой Мæскуыйы, сæрмагондæй Уæлдæр Советы. Июны райдианы вице-президент Александр Руцкой йæ фæндон фехъусын кодта Барис Ельцинæн, Хуссар Ирыстонмæ цæгатирыстойнаг Национ гварди æрбарвитыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл Ельцин не сразы. Фæлæ Руцкой йæ мысинæгты куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йын баххуыс ахæм цау, 1992 азы 15-æм июны Ельцин ацыд АИШ-мæ йæ фыццаг паддзахадон визиты æмæ хуссарирыстойнаг фарсты тыххæй ницахæм бацамындтæ ныууагъта. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, Руцкой уайтагъддæр фæдзырдта Хъахъхъæнынады министры хæдивæг, инæлар-булкъон Георгий Кондратьевмæ æмæ йын загъта, цæмæй Цхинвалы уавæр йæхæдæг бабæрæг кæна. Кондратьев ын фехъусын кодта, зæгъгæ, горæты æхстытæ дарддæр кæнынц, уыимæ ракетæтæ æмæ снарядтæ пырх кодтой вертолетон хайы территорийыл, цыран уыцы рæстæджы уыд йæхæдæг дæр. Уæд Руцкой фæдзырдта Шеварднадземæ æмæ дзы фехъуыста ахæм ныхас, зæгъгæ, «Цхинвалы цы æфсæдтæ штурм кæнынц, уыдон не сты гуырдзиаг æфсæдтæ». Уыцы рæстæджы, Георгий Кондратьев бацамынд радта вертолетон полкы командир Алексей Востриковæн горæт цы тыхтæ æхсынц, уыдоны авиацион цæф ныккæныны тыххæй. Боны сæйраг цау ссис ТЭК-ы районыл вертолет ракетæтæ кæй æркалдта, уый. Руцкойы ныхæстæм гæсгæ, йæм уайтагъд фæдзырдта Шеварднадзе æмæ йын карзæй загъта, зæгъгæ, «ды дæхи хæццæ кæныс суверенон паддзахады мидæггагон хъуыддæгты». Шеварднадзе йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йын Руцкой  сдзуапп кодта, зæгъгæ, сыстын кæндзæн авиаполк æмæ бомбæтæ æркалдзæн Тбилисыл. Уый фæстæ Цхинвалы æхстытæ фæкъаддæр сты.

Афтæ рауад æмæ тбилисаг хицауад алы хатт дæр тырныдта сæ фыдракæндтæ нысаниуæгджын бонты саразынмæ. Афтæ уыд 1989 азы 23-æм ноябры, афтæ уыд 1991 азы 7-æм январы дæр, афтæ уыд 2004 азы 19-æм августы дæр. 2008 азы тугуарæн хæст дæр райдыдтой Пекины Олимпиадæйы райдианы бон. Афтæ уыд сæ фæнд 1992 азы  сæрды дæр – гуырдзиаг командæкæнынад фæнд кодта Цхинвалы 8-æм июны –  1920 азы Советон хицауад расидыны боны размæ бацахсын. Ахæм у се ‘цæг цæсгом нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæн.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.