Ивгъуыд къуырийы кæрон социалон фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Родионæн Цхинвалы фембæлд уыд республикæйы æппæт медицинон уагдæтты къухдариуæггæнджытимæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы сæйраг специалисттимæ.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ, юридикон фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг Козаты Мадинæ,  Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы уынаффæгæнæг, медицинон зонæдты доктор, профессор Игорь Галь.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд тынг ахсджиаг темæ – 2016-2020 азтæн РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты программæйыл – «Нацийы æнæниздзинад – паддзахады æдасдзинад æмæ дидинæфтыды бындур». Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад ныридæгæн кæй æркаст æмæ хорзыл кæй банымадта ацы программæйы. Программæ ма хорзыл банымадтой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад, ацы министрады къухдариуæггæнæджы хæдивæг Анатолий Гулины сæргълæудæй, афтæ ма УФ-йы Президенты Администраци дæр.

Уымæ нæ кæсгæйæ, фембæлды райдианы Сиукъаты Родион куыд банысан кодта, афтæмæй РХИ-йы Президенты Администраци хъæуæгыл банымадта, цæмæй программæйы тыххæй ноджыдæр иу хатт информаци радтой æмæ базонгæ кæной РХИ-йы медицинон уагдæтты æппæт сæйраг дохтырты, ацы программæйы фæдыл РХИ-йы æппæт сæйраг специалистты.

«Ахæм фембæлдтытæ уагъд цæудзысты мæйы дæргъы иу хатт, программæйы фæдыл медицинон æхсæнады коллегиалон хъуыды, фембæлдтыты хатдзæгтæ, кæцыты тыххæй арæзт цæудзысты суагъæтæ, бавдыст цæудзысты Президентмæ. Тыбылты Леониды фæнды  æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы уавæры тыххæй фыццаг адæймæгтæй фехъусын. Абоны фембæлд дзурæг у ууыл, æмæ ацы фадыгмæ паддзахады сæргълæууæг стыр хъусдард кæй здахы», – банысан кодта уый.

Абоны бонмæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы тыххæй дзургæйæ, паддзахадон уынаффæгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, «нæм ис квали-фикациджын кадртæ, ифтонггæрзтæ, æмæ, ифтонгадæй та Хуссар Ирыстон уæлдæр лæууы Уæрæсейы Федерацийы бирæ регионтæй. Ацы нысан къухты бафтын кæныны тыххæй хъæуы эффективонæй спайда кæнын, цы тыхтæ æмæ нæм фæрæзтæ ис, уыдонæй», – загъта Сиукъаты Родион.

Уый йæ ныхас адарддæр кодта, зæгъгæ, программæйы фæлгæтты сæйраг хъусдард здæхт æрцæудзæн медицинон кусджыты квалификацийы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ, ведомствойон æмæ мидæггагон контролы организаци æмæ архайдмæ.

Номхуындæй, æппæт æмвæзадты фадыгыл контроль кæнын Сиукъаты Родион рахуыдта æнæниздзинад хъахъхъæныны управленийы структурæ баххæст кæныны ахс-джиагдзинадыл. Фыццаг медицинон-санитарон æххуысы рæзт, тагъд медицинон æххуысы рæзт, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы телемедицинæйы æмæ ног информацион технологиты рæзт ахъаз кæндзысты программæйы реализацийы рæстæджы. «Президент сиды коллегионалондзинадмæ. Мах коллегионалонæй хæссæм фæндæттæ, исæм уынаффæтæ æмæ карзæй контроль кæнæм ацы куыстыл», – банысан кодта уый.

Цалынмæ ныхасы бар Игорь Галæн нæ радтой, уæдмæ йын Сиукъаты Родион раар-фæ кодта Президенты æмæ йæхи номæй æнæниздзинад хъахъхъæныны систематизацийы æмæ баххæст кæныны фæдыл йæ архайды тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 2016-2020 азтæн РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты программæ кæй бакуыста Галь республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ. «Уый æддейæ ма, Игорь Галь бакодта стыр куыст æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы финансон-экономикон хайыл дæр, кæцыйы фæстиуæгæн мах райстам куыстмызды сэкономигонд фонд, æмæ махæн нæ бон у, хорз чи кусы, уыцы кусджытыл æй адих кæнын», – загъта уый æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, « уыимæ кадртæ нæ фæкъаддæр кæндзысты».

Йæ рады Игорь Галь банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз февралæй райдайгæйæ абоны бонмæ цы куыст арæзт æрцыд, уый æнтыстджын нæ уыдаид æнæ Президенты Администрацийы, æнæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады Григорий Кулиджановы сæргълæудæй, йæ хæдивæг Плиты Агуындæйы, медицинон уагдæтты къухдариуæггæнджыты, æххуысгæнджыты æххуысæй.

«Кæройнаг хатдзæджы мах æрцыдыстæм уымæ, æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ кæй хизы ног гъæдджын æмвæзадмæ. Æнæниздзинад хъахъхъæныны реформæты æвдисæг алыхатт дæр у фадыджы рæзты конкретон бæрæггæнæнтæ  къухты бафтын кæнын. Раздæр дæр уыд бæрæг программæтæ, фæлæ абоны бон, æвæрццаг æмæ æппæрццаг фæлтæрддзинад хынцгæйæ, нæ къухты бафтыд хатдзæгон программæ «средакци» кæнын æмæ ног фæндæттимæ рахизын», – загъта уый.

Уæрæсейаг специалист радзырдта уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг базæ-йон закъæтты тыххæй, кæцыты бындурыл арæзт æрцыд программæ æмæ йæ сæйраг принциптæ æмæ здæхтыты фæдыл, афтæ ма дæлпрограммæты тыххæй, кæцытæ æххæссынц фадыджы уæлдай ахсджиагдæр здæхтытыл.

Программæйы проект лæвæрд æрцыд фембæлды хайадисджытæн æнæмæнг-хъæуæг фæндæттæ йæм бахæссыны тыххæй, кæцытæ дарддæр æркæсынмæ бавдыст æрцæудзысты паддзахады сæргълæууæгмæ.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыд æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы бирæ проблемон фарстытыл, дзырдтой сæ хъуыдытæ фадыджы куыст фæхуыздæр кæныны фæдыл, уагдæтты æмæ службæты архайдтыты координацийыл, æркастысты бирæ æндæр фарстытæм дæр.

Фембæлд ацыд конструктивон кусæгон атмосферæйы.

Банысан кæныны хъæуы уый дæр, æмæ 2016-2020 азтæн РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты программæйы сæйраг нысан кæй у Хуссар Ирыстоны цæрджыты æнæниздзинады уавæр фæхуыздæр кæ-нын, медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæныны, æнцонвадатдзинад æмæ æдасдзинад фæбæрзонддæр кæныны бындурыл.

Программæйы реализацийы фæстиуæг хъуамæ суа цæрджыты, уыцы нымæцы куыстхъом цæрджыты мæлынад фæныллæгдæр кæнын, æнæниздзинад хъаххъхъæныны фадыджы куыстæй цæрджыты райгонддзинад фæбæрзонддæр кæныны, царды астæуккаг дæргъвæтиндзинад фæфылдæр кæнын. Программæ реализаци кæныны рæстæджы сæ разы æвæрынц гуырындзинад фæбæрзонддæр кæныны, цæрджыты æрдзон рæзт фæфылдæр кæныны, самалгонд медицинон ифтонггæрзтæй эффективонæй спайда кæныны, рагдиаг-ностикæ æмæ низтæ аиуварс кæныны, æнæниз цард уаг саразыны нысан.

Программæйы финанскæнынад æххæст цæуы РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн къухтæ цы суагъæтыл æрфыстой, уый фæлгæтты, цыран хынцыд æрцыдысты фæрæзтæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы финанскæнындæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.