Ацæугæ азæн фæстиуджытæаразæн пресс-конференци уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн нæ республикæйы æмæ Цæгат Ирыстоны информацион фæрæзты къухдариуæггæнджытæ æмæ минæвæрттимæ.

Пресс-конференцийы райдиан паддзахады сæргълæууæг арфæ ракодта йæ хайадисджытæн Ног, æрлæугæ азы цытæн – æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ дарддæры æнтыстджын куысты фæндиæгтæ сын бауарзта йæ цæст. Банысан кодта, 2016 азы куыд хуссары, афтæ цæгаты дæр кæй фесæфтам стыр адæймæгты – РЦИ-Аланийы паддзахады сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан æмæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Цгъойты Мерабы. Уыдоны нæмттæ, зæгъгæ, баз-зайдзысты нæ зæрдæты.

Иумæйагæй сисгæйæ, 2016 азы Президент банымадта æнтыстджын азыл, кæцы йедзаг уыд куыд политикон, экономикон, афтæ æндæр здæхты цаутæй, 2015 азы УФ-йы Президентимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд реализаци кæныны фарстыты. Уыцы Бадзырды фæлгæтты куыст æрцыд бюджетон фадыджы кусджыты кустмыздтæ фæфылдæр кæнын ахæм нысанимæ, æмæ 2018 азмæ цæгаткавказаг республикæты кустмыздты æмвæзадмæ схизын кæнын Хуссар Ирыстоны социалон фадыджы куыстмыздтæ.

«Уымæй дарддæр мах райстам ахæм уынаффæ – паддзахадон структурæты æппæт кусджытæн иурæстæгон æххуысы фæрæзтæ бакæнын. Уыцы фæрæзтæ фыст цæуынц æмхуызон, чи цы бынаты кусы, уымæ нæ кæсгæйæ. Иурæстæгон æххуыстæ фыст цæуынц нæ республикæйы пенсиисджытæн, студенттæн æмæ сывæллæтты пособитæ чи исы, уыдонæн. Уымæй зæгъæн ис – Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады ‘хсæн цы сразыдзинæдтæ райст æрцыд, уыдон реализаци цæуынц адæмы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Уымæй дарддæр Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн Уæрæсейы къухдариуæгады минæвæрттæ æмæ структурæтимæ цы фембæлдтытæ уыд, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ нæ бæстæты ‘хсæн цы сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтæ ис, уыдон реализаци кæй цæуынц», – дзырдта Президент.

Банысан кодта, Уæрæсейы Федерациимæ ныридæгæн сæ къухтæ  æрфыстой 90 бæрц сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтытыл. Уыцы бадзырдтытæн Тыбылты Леонид бæрзонд аргъ скодта. Бæстæты ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдон банымадта уникалоныл. Уæрæсеимæ æрбангом кæныны фæдыл интеграцион процесс дарддæр кæны æмæ цы фæндагыл лæуд стæм, ууыл разы стæм, зæгъгæ.

Тыбылты Леонид ма æрдзырдта Республикæйы æххæстæй газификаци кæныны егъау фарстыл. Уæвæг бадзырдтытæм гæсгæ фондз азы æмгъуыдмæ хъуамæ бæстон æрцæуа ацы фарст.

« 2019 азмæ план цæуы республикæйы 124 цæрæн пункты сгазификаци кæнын. Проекты иумæйаг аргъ у 3 миллиард сомы. Сæйраг у, бадзырды бындурыл уыцы фæрæзтæ йæхимæ кæй исы УФ-йы Газпром», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Æхсæнхицауадон къамисы куысты тыххæй Тыбылты Леонид банысан кодта, нæ Республикæйы къамисы фæстаг рабадты Инвестицион программæ реализаци кæнынæн кæй æрцыд стыр аргъ къамисы фæстаг рабадты уæрæсейаг фарсæрдыгæй.

Æхсæнпаддзахадон ахастытыл дзургæйæ Тыбылты Леонид банысан кодта, кæй рæзынц уыцы ахастытæ.

«Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты хæдбардзинад фыццаг чи банымадта, уыцы фыццаг паддзахад уыдыстæм мах», – дзырдта Президент. Уый ма стыр нысаниуæг радта Женевæйы дунеон дискусситы форматы куыстæн. Уым, зæгъгæ, скъуыддзаг цæуынц бирæ фарстытæ, кæд Гуырдзыстон йæхи тыллиф кæны «тыхæй пайда кæй нал ‘рцæудзæн», ууыл къухтæ æрфыссынæй, уæддæр.

Тыбылты Леонид ма информацион фæрæзты минæвæрттæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ мах æрмæст республикæйы цардæй нæ цæрæм – дунеон форум «Русский мир»-ы хайад райстой 100 бæстæйæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстон дæр. Уым Тыбылты Леонид сарæзта гъæдджын æмæ мидисджын доклад.

Иумæйагæй сисгæйæ Президент 2016 аз банымадта Уæрæсейы Федерациимæ интеграци-йы фæдыл нæ бæстæйы хæдбардзинад æмæ дарддæры рæзты азыл.

Цæгат Ирыстоны газет «Северная Осетия»-йы минæвар бузныг загъта Президентæн, кæй сæ фæхуыдтой, уый тыххæй æмæ арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн æрбалæугæ азы цытæн. Фæндон бахаста дыууæ Ирыстоны информацион фæрæзты æмгуыстад кæнынмæ. Бацымыдис кодта аивгъуыйгæ азы проблемæты, цауты ‘хсæн кæцы рахицæн кæнит.

Тыбылты Леонид рахæцыд информацион фæрæзты æмгуыстады фарс. Республикæйы царды ахсджиагдæр цау рахицæн кæнын фæзын Леонидæн. Фæлæ, уый хыгъд архайæг Президент абоны бон йæ сæйраг хæсыл банымадта хуссарирыстойнаг æхсæнады консолидаци. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2012 азы президентон æвзæрстыты рæстæджы æмæ президенты бынатмæ куы цыд, уæд дæр ын сæйраг уыд, уæд цы æхсæнад ныддихтæ, уый æрбангом кæнын.

«Æхсæнад уæд уыд æмбæстагон тохы къæсæрыл, хуымæтæг нæ уыд уыцы уавæрæй рахизын æмæ президенты куыстмæ æрæвналын æмæ æнгом хицауад саразын. Знон политикон хъуыддаджы кæрæдзийы ныхмæ чи уыдысты, уыдон кæрæдзийы фарсмæ æрбадын кæнын æмæ сæ паддзахадон фарстытæ бæстон кæнын уый хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Уымæ гæсгæ æхсæнады æнгом кæнын æз нымайын иууыл стырдæр хæсыл», – загъта Президент.

Хуссар Ирыстоны ном аивыны фæдыл референдум 2017 азы президентон æвзæрстыти-мæ ауадзыны фæдыл ма æрдзырдта Президент. Уый фæдыл уынаффæ цæудзæн политсоветы рабадтыты. Ис алыгъуызон хъуыдытæ, фæлæ ист хъуамæ æрцæуа æмбæлон уынаффæ нæ паддзахады ном Хуссар-Аланийæ баивын, уый фæстæ Цæгат Ирыстонимæ баиу уæвын æмæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуын, куыд паддзахад Алани, афтæ. Уыцы инициативæ Тыбылты Леонид раразмæ кодта иу азы размæ, декабры мæйы.

Æппæтирон адæмон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы радон съезд Хуссар Ирыстоны ауадзыны тыххæй Тыбылты Леонид банысан кодта ацы мадзалы ахсджиагдзинад. Съезды куыст хъуамæ арæзт æрцæуа ирæтты традицитæ æмæ æгъдæуттыл, йæ историйыл.

Информацийы фæрæзты минæвæртты цымыдис кодта, нæ республикæйы физикон культурæ райрæзын кæныны фæдыл цы концепци реализаци цæуы «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ, уый. Президент банысан кодта, уый дарддæр кæй цæудзæн 2017 азы дæр.

«Горæты микрорайонтæ æмæ Хуссар Ирыстоны районты дарддæр дæр байгом уыдзысты ахæм спортивон залтæ, нырыккон спортивон фæзуаттæ тренажертæй ифтонгæй.

Нæ фæсивæд æнæниз цард уагыл хæст хъуамæ уой æмæ сæ сæрибар рæстæг сæхи æмæ бæстæйы пайдайæн æрвитой. Республикæ-йы къухдариуæгад архайдзæн, цæмæй фæсивæдæн арæзт цæуа æппæт уавæртæ дæр спортæй архайынæн», – банысан кодта уый.

Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр уыд йе спортсментæй. Зæрдыл æрлæууын кодта нæ æмзæххонтæ Рæмонты Сослан æмæ Гасситы Мураты стыр уæлахиздзинæдтæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма фехъусынчындæуыд Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы цæрджыты домæн. Уыдон домынц спортивон инструкторы штат бакæнын æмæ Ленингоры трассæйæ спортзалмæ фæндагыл асфальт сæвæрын. Паддзахады сæргълæууæг баныфс æвæрдта, фарстытæ æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

Цæгат Ирыстоны сæйраг ирон газет «Рæстдзинад»-ы минæвар Касаты Батрадз фарст радтыны хæдразмæ банысан кодта, зæгъгæ, алы адæймаг дæр æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн, Хуссар Ирыстоны цард бонæй бонмæ кæй хуыздæр кæны. Бацымыдис кодта республикæйы районты дæрддаг хъæуты царды уавæртæ та куыд сты, уымæ.

Тыбылты Леонид лæмбынæг дзуапп радта ацы фарстæн дæр, зæгъгæ, Дзауы районы хæххон хъæутæ Ерман, Згъуыбир, Брытъатмæ нæ уыд рæстмæ фæндаг, электроэнергийы хъуагдзинад æвзæрстой. Уыдон бæстон æрцыдысты. Республикæйы бирæ хъæуты цæрджытæ æв-зæрстой нуазыны доны хъуагдзинад  уый дæр фылдæрбæрцæй бæстон æрцыд. Ныртæккæ æдзух хъусдарды бын ис Синагур-Карзманы фæндаджы стыр арæзтад, кæцы кæронмæ хæццæ кæны. Уыцы хъæутæ, фæндаг сæм кæй нæ уыд, уымæй æвзæрстой стыр зындзинæдтæ. Стыр нысаниуæг ма ис Цхинвалæй Ленингормæ капиталон фæндаджы эксплуатацимæ радтынæн. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыдон æппæлæн ныхæстæ не сты, фæлæ цард æндидзынгæнæн архæйдтытæ.

Цæгат Ирыстонимæ культурон фадыджы æмгуыстад кæнын дæр хорзыл банымадта бæстæйы сæргълæууæг. Дыууæ Ирыстоны ирон газетты традицион фембæлдтытæ сæндидзын кæнын, театры артисттæ, чингуытæ уадзыны хъуыдда-джы æмгуыстад кæнын банымадта хорз хъуыддагыл.

Информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой дзидзагуыстгæнæн завод «Раст-дон»-ы арæзтад эксплуатацимæ лæвæрд кæд æрцæудзæн, уый. Президент куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ уырдæм ласынц ифтонггæрзтæ. Завод эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа 2017 азы марты мæйы. Ам кусдзысты 25 адæймаджы бæрц æмæ республикæ æххæстæй ифтонг уыдзæн бынæттон дзидзайы продукттæй.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма Президентмæ фарст лæвæрд æрцыд 2017 азæн республикæйы бюджет райсыны фæдыл фарст. Уымæн æмæ ист нæма ‘рцыд. Уый нæ, фæлæ ма 29 декабры парламенты радон сессийы боны фæткмæ хаст дæр не ‘рцыд.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ Парламентмæ æркæсынмæ æмæ сфи-дар кæнынмæ æрвыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты проект 2017 азæн, фæлæ ист не ‘рцыд. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз нæу.

«Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли уый бæтты тæрхондонон къухдариуæгады реформæимæ, кæцыйæн бюджетмæ æппындæр ницы ахаст ис. Уый у хицæн адæймаджы каприз. Бæрнонæй хъусын кæнын уый, æмæ бюджет рæстæгыл ист куынæ æрцæуа, уый фæдыл дзуапп дæдтдзæн Парламенты Сæрдар. Уымæ нæ кæсгæйæ, уыцы хъуыддаг нæ бандавдзæн республикæйы цæрджыты цардыл, куыстмыздтæ рæстæгыл райсыныл», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Дарддæр фарст лæвæрд æрцыд, Хуссар Ирыстоны хицауады сконды 2017 азы кадрон ивындзинæдтæ æрцæудзæн, æви нæ уымæ.

«Кæд æмæ адæм се ‘ууæнк бафтауой архайæг Президентыл, уæд арæзт æрцæудзæн хицауады ног командæ ахæм нысанимæ, цæмæй йе сконды уой æвзонг, ахуыргонд специалисттæ. Фæлæ сæ фарсмæ, хъуамæ уой,нæ республикæйы уæвынады азты уæз се уæхсчытыл бирæ чи фæхаста, уыцы фæлтæрд кусджытæ дæр», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Пресс-конференцийы хайадисджытæй дарддæр ма мадзаламонæг – РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав – рæгъмæ рахаста хуымæтæг æмбæстæгты цымыдисгæнæг фарстытæ. Уыдонæй сæ иу у нæ горæты Хъайтарты уынджы 118 цæрæн корпусы уавæры тыххæй. Тыбылты Леонид банысан кодта, ацы цæрæн корпусы проблемæ йын хорз зындгонд кæй у. 2010-2011 азты дыууæ хатты хицæн æрцыд фæрæзтæ, бакодтой дзы бæрæг куыстытæ дæр, фæлæ объекты бындурæн фидаргæнæн куыстытæ бакæнын хынцыд не ‘рцыдысты. Æмбæлон техникон службæтæн хæс æрцыд, цæмæй уавæрæн анализ скæной æмæ æрбавдисгæ бæрæггæнæнты бындурыл иу хъуыдымæ æрцæуæм. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2017 азы ацы цæрæн корпус капиталон цалцæг æрцæудзæн. Инвестицион программæйы рахицæнгонд фæрæзтæй.

Политикæ, экономикон рæзт, ирон национ культурон фадыджы размæдзыдæй дарддæр информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой Мемориалон кмоплексы арæзтад, гимнази «Рухс»-æн сæрмагонд бæстыхай рахицæн кæнын æмæ æндæр фарстытæм. Уымæй дарддæр ма бацымыдис кодтой, Бæстæйы сæргълæууæг куыд нысан кæндзæн æрлæугæ 2017 аз, уымæ дæр.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.