Нæ республикæйы политикон цардыл дзургæйæ, сæйраджыдæр, банысан кæнын хъæуы, азы райдианы парламент кæй сфидар кодта президентон æвзæрстыты бон –  2017 азы 9 апрель. Январы кæрон официалонæй райдыдтой президенты бынатмæ кандидаттæ раразмæ кæныны процедурæтæ. Раразмæгонд æрцыдысты æхсæз адæймаджы, фæлæ дзы регистраци æрцыдысты æрмæстдæр æртæйæ – Бибылты Анатоли, Тыбылты Леонид æмæ Гаглойты Алан. Зæгъæн ис æмæ республикæйы политикон цард æгасæйдæр баст кæй уыд президентон æвзæрстытимæ, 21 марты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ УФ-йы Президент Владимир Путины фембæлд куынæ нымайæм, уæд. Фембæлды рæстæджы ныхас цыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты дарддæры рæзты фæндæгтыл.

Æрбалæууыд æвзæрстыты бон. Адæм равдыстой стыр активондзинад,  æвзарæн фадгуытæм æрбацыдысты æмæ хъæлæс радтой æвзарджыты 80 проценты бæрц. Се ‘мбисæй фылдæр, 54,8 проценты сæ хъæлæстæ радтой Бибылты Анатолийæн æмæ афтæмæй уый ссис бæстæйы цыппæрæм президент.

Президентон æвзæрстыты æмрæнхъ уагъд æрцыдис референдум дæр бæстæйæн йæ историон ном  «Паддзахад Алани» раздахыны тыххæй. Æвзарджыты 80 проценты бæрц схъæлæс кодтой, цæмæй паддзахады ном «Республикæ Хуссар Ирыстон»-ы æмрæнхъ пайда цæуа «Паддзахад Алани»-йæ дæр.

Нæ республикæйы цæрджытæн æцæг бæрæгбоны хуызæн ссис президенты инаугурацийы бон. Уый уагъд æрцыдис нæ горæты стадионы æмæ йемыдзаг уыд адæмæй. Йæ сæвзæрстæй фæстæмæ Бибылты Анатоли активонæй æрæвнæлдта политикон архайдмæ, бæстæйы раз лæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ. Йæ инаугурацийы хæдфæстæ йын кусæгон фембæлд уыд УФ-йы Президент Владимир Путинимæ æмæ уынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ахастыты дарддæры рæзтыл.

Ивгъуыд аз зынгæ фæактивондæр бæстæйы æддагполитикон архайд. Уый хауы ирон-абхазаг ахастытæм дæр. Республикæйы Президент кусæгон балцы уыд Абхазы, фæстæдæр та махмæ æрцыд Абхазы Президент Рауль Хаджимба. Къухтæ фыст æрцыдысты къорд ахсджиаг документтыл.

Хæлардзинады, æмгуысткæнынады æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырд арæзт æрцыд нæ республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæн. Сæ къухтæ йыл æрфыстой дыууæ бæстæйы разамонджытæ.

Йæ архайд зынгæ фæактивондæр кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр. Ведомствойы сæргълæууæг Медойты Димитр кусæгон балцы уыд Италийы, Испанийы, Францы æмæ йын уыд хъуыддагон фембæлдтытæ, кæцытæ ахъаз кодтой нæ бæстæйы æддагполитикон бастдзинæдтæ рæзын кæнынæн.

Республикæ банысан кодта 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы 9 азы бон, Хæдбардзинад банымайыны бон 26 августы. Алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцыдысты 20 сентябры – Республикæ расидыны боны цытæн дæр.

Республикæйы политикон царды ахсджиаг цау уыдис ноябры мæйы РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы официалон балц Мæскуымæ. Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуысткæнынады фарстатыл, актуалон регионалон проблемæтыл. Баныхæстæ уагъд æрцыдысты рауæрæхгонд форматы дæр. Ацы балцы рæстæджы ма Бибылты Анатоли фембæлд, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы бæстæ  – Науруйы президентимæ.

Ацы мæйы ма Цхинвалы ауагъд æрцыд Æхсæнпарламентон ассамблейы рабат, цыран хайад райстой Республикæ Абхазы Адæмон Æмбырды æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Уæлдæр Советы делегацитæ. Уынаффæ цыдис æртæ паддзахады парламентты ‘хсæн æмгуысткæнынады фарстатыл.

Нæ республикæйы æхсæнад 23 ноябры уæрæх банысан кодта Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон. Ауагъд æрцыдысты бирæ алыгъуызон мадзæлттæ, ацы бон нæ адæм цы æхсардзинад равдыстой, уый фæдыл.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ азы кæрон кæй райдыдта Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыст. Нæ республикæйы цæрджытæн сæ 90 процентæй фылдæр Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй сты, уымæ гæсгæ æвзæрстытæ уагъд цæудзысты нæ республикæйы территорийыл дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй хъæлæс дæттæн бон уыдзæн ацы азы 18 марты.

Республикæйы цард хъæздыг уыд культурон цаутæй дæр. Нæ цæрджыты сæ аивадимæ зонгæ кодтой куыд Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейæ, афтæ дард фæсарæнтæй æрцæуæг сфæлдыстадон коллективтæ дæр. Цæвиттон, сæ арæхстдзинад не сценæмæкæсджыты раз æвдыстой Сербийæ сывæллæтты аргъуанон хор, телепроект «Голос»-ы хайадисæг, зарæггæнæг Хъуылымбегты Сослан, æгас дунейы хъуыстгонд А. Александровы номыл уæрæсейаг æфсады зард æмæ кафты академион ансамбль. Цхинвалы ауагъд æрцыд ирон рок-фестиваль ансамбль «Бонвæрнон»-ыл 45 азы сæххæсты цытæн, цыран хайад райстой юбиляртимæ бынæттон æмæ Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Абхазæй сфæлдыстадон къордтæ. Фадат нын уыдис вокалон-инструменталон ансамбль «Алые маки»-йы, зындгонд уæрæсейаг актер æмæ режиссер Сергей Никоненкойы концерттæм бакæсынæн.

Нæ паддзахадон драмон театр сæвæрдта цалдæр спектаклы. Гастролты уыд Цæгат Ирыстоны, хайад иста Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæтты фестивалты æмæ йын уыдис стыр æнтыст. Гастролты нæм æрцыдысты Цæгат Ирыстоны драмон театры коллектив дæр. Цхинвалы уагъд æрцыдысты зынгæ ирон композитор Галаты Барисы бонтæ. Организаци цыдысты куыд бынæттон, æфтæ фæсарæйнаг нывгæнджыты равдыстытæ. Персоналон равдыст уыд кубæйаг нывгæнæг Омар Гординес Лансойæн, равдыст организаци æрцыд сириаг нывгæнджытæн дæр. Нæхи нывгæнджытæ дæр ха-йад истой европæйаг бæстæты равдыстыты.

Йæ 85 азы юбилей банысан кодта нæ иунæг уæлдæр ахуыргæнæндон – Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.

Уыдон сты, афæдзы дæргъы цы культурон мадзæлттæ уагъд æрцыдысты, уыдонæн сæ иу хай.

Ацыд, афæндараст кодтам ивгъуыдмæ ноджыдæр иу азы. Уый уыдис æндидзынадæй рæзтмæ хизæн аз æмæ рæзты фæндагыл лæуд кæй уыдзыстæм, нæ рухс фæндтæ, бæллицтæ тагъддæр æмæ хуыздæр кæй æххæст кæндзысты, уымæй ис ног азы ныфсæвæрæн.

Азы фæудмæ фæцис 2016-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны Социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы æмгъуыд дæр, кæцыйы фæлгæтты арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты бирæ ахсджиаг объекттæ. Æдæппæт æххæст æрцыдысты 36 мадзалы. Зæгъæн ис, проектон-сметæйон документаци развæлгъау бацæттæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ уалдзæджы райдианы развæлгъау æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм æмæ сын уымæн уыдис æнтыст дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй ивгъуыд аз арæзт цыдысты нæ горæты фæрсаг уынгтæ  Герцены, Калинины, Кутузовы, Дзауы, Скъолайон, Джиоты Дауыты, Фæсивæдон, Колыты Аксойы, Сомихæгты, Комаровы æмæ Заводы уынгтæ. Ацы уынгтæ се ‘ппæт дæр хæрзарæзт æрцыдысты, æвæрд сыл æрцыд асфальты дыккаг фæлтæр. Уыимæ ивд æрцыдысты сæ коммуникацион хæххытæ дæр.  Ацы уынгты хæрзарæзтадыл æдæппæт бахардз ис 467 милуан 66 мин сомы.

Нæ горæт цæстыты раз ивы, пырх хæдзæртты бынæтты рæзынц ног, ноджы рæсугъддæр хæдзæрттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ. Сæ хуыз скалдтой иумиагахуырадон уагдæтты æмæ скъолайы агъоммæ кары уагдæтты бæстыхæйттæ. Ногæй та нæ горæты Театралон фæзуаты рафидауын кодта, æнæхъæн Кавказы дæр æмбал кæмæн нæй, нæ адæмы культурон царды ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объект –   Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бæстыхай. Ныртæккæ уымæн куыд йæ алыварс территори, афтæ йæ фæзуат дæр хæрзарæзт цæуынц æмæ та раздæрау нæ горæты цæрджытæн суыдзæн сæ уарзон хиирхæфсæн бынат. Ам театрдзаутæн арæзт æрцыдис дыууæ кæсæн залы. Хъыгагæн, театры арæзтад чысыл згъуыдтимæ рахызт ног 2018 азмæ. Куыст цæуы цы цухдзинæдтæ дзы æруагъдæуыд, уыдоныл æмæ объект эксплуатацимæ лæвæрд æр-цæудзæнис ацы аз марты мæйы.

Стыр ахсджиаг цау у нæ республикæйы ног университеты арæзтад. Ам æппæт куыстытæ дæр бахæццæ сты кæронмæ, гъæдджынæй æмæ график хъахъхъæнгæйæ. Финанскæнынад уыд стабилон, æнæкъуылымпыйæ.

Комплексы сты сæйраг корпус – цыппаруæладзыгон ахуыргæнæн бæстыхай 700 бынатæн, культурон хиирхæфсæн корпус, спортивон зал æмæ уæлдæр ахуырады агъоммæ цæттæгæнæн центр.

Æппæт корпустæ дæр ифтонг æрцыдысты ног хъæдын дзаумæттæй æмæ инвентарæй. Хæрзарæзт æрцыд йæ алыварс территори дæр. Иудзырдæй, ам æппæт фадæттæ дæр арæзт æрцыд æмбæлон уæлдæр ахуырад райсынæн.

Алы бæстæйæн дæр сæйраг у йæ адæмы æнæниздзинад. Æнæниз адæм кæм цæрой, цард дæр уым æхсиддзæн. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы арæзт æрцыдысты нæ адæмы æнæниздзинадæн ахъаз чи сты, ахæм объекттæ. Уыцы объекттæй сæ иу у, республикон соматикон рынчындоны территорийыл арæзт чи æрцыд, уыцы операцион-хирургион корпус. Уый дæр арæзт æрцыд Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ам кусдзæнис гемодиализы хайад, кæцы стыр æххуыс фæуыдзæн нæ цæрджытæй ахæм æххуыс кæй хъæуы, уыдонæн. Уый у æртæуæладзыгон æмæ баиу ис соматикон рынчындоны бæстыхаимæ.

Хорз лæвар у сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæн Сывæллæтты бирæпрофилон рынчындоны арæзтад дæр. Объекты иумæ-йаг фæзуат у 6874 квадратон метры. Фыццаг  уæладзыджы  сты  службæйон хатæнтæ – регистратурæ, персоналы æмæ хъахъхъæнджыты хатæнтæ, дохтырты кабинеттæ æмæ лабораторитæ, УЗИ-йы, электрокардиографийы, рентгены, хосгæнæн физкультурæйы кабинеттæ, афтæ ма бассейн реабилитацион мадзæлттæн. Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты дохтырты кабинеттæй дарддæр ма ам ис дыууæ сынтæгимæ палатæтæ, ис дзы ныййарæг æмæ саби иумæ кæм уой, ахæм палатæтæ дæр. Медицинон уагдоны администраци ис дыккаг уæладзыджы, æртыккаг уæладзыджы та  хирургион хайад. Хæлцадон блоктæ сты алы хайады дæр. Уæдæ ам нæ сывæллæттæн фадат ис æмбæлон медицинон æххуыс райсынæн.

Ахсджиаг цау уыдис нæ горæтмæ æрбахизæны тахынæгтæ æмæ деликатесты æрдæгфабрикаттæ уадзæн ног куыстуат «Ростдон»-ы арæзтад. Ам æвæрд æрцыдысты универсалон продукциуадзæн хæххытæ, кæцытыл уагъд цæуы дзидзайы гъæдджын продукци, куыд стуры, афтæ хуыйы, фысы æмæ гогызы дзидзайæ дæр. Ацы куыстуаты бакæнгæйæ 50 адæй-маджы ифтонг æрцыдысты куыстæй.

Бирæ азты æнхъæлмæ кæсыны фæстæ ногæй йæ дуæрттæ æрбайгом кодта Ленингоры бæгæныфыцæн завод «Æлутон». Ныртæккæ заводæн фæзынд ног инвестор Джиоты Александр. Уый сæндидзын кодта заводы. Афтæ ма æрласта ног уадзæн хахх æмæ дзы æрæджы рауагъдæуыд 5000 авджы лимонад æмæ минералон дон «Дзимыр». Уыдон реализаци æрцыдысты нæ республикæйы магазинты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Уагъд æрцыдысты заводы территорийыл арæзт ног фирмæ ООО «Ирдон»-ы номæй. Заводы хъомысад у стыр. Йæ бон у сахаты мидæг 6,5 мин авджы минералон дон æмæ лимонад уадзын.

Райдыдта продукци уадзын фæ-къуындæггонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Ирыстоны суадæттæ» дæр. Уымæн йæ ин-вестор у компани «Владимирский стандарт». Уымæн уайтагъд Роспотребнадзоры паддзахадон сертификат райсыны фæстæ фадат фæцис йæ продукци республикæйæн æддæмæ æрвитынæн. Уый уагъд цæуы æрдæглитруат авгæй мигæнæнты. Йæ продукци арвыста Хъырым, Липецк, Воронеж æмæ Ростовмæ. Кондад сахаты мидæг уадзы 3000 авджы бæрц. Ацы дон хауы хосгæнæн миниуджытæ кæмæн ис, уыдоны категоримæ. Лас-гæ та йæ кæнынц Дзауы районы Згъуыбиры хъæуæй. Уый ахъаз у гастрит, тъæнгты низ, ахсæны низ æмæ рæзынæгæн, уыргты дуртæ, сæкæрниз, стоматит æмæ æндæр низты ныхмæ тох кæнынæн дæр.

Ацы проектыл къухтæ æрфыстæуыд Сочийы уагъдцæуæг экономикон форумы.

Æнæзæгъгæ нæй Цхинвалы районы Иры хъæуы 70 гектары фæзуатыл цы фæткъуыты дыргъ-дон арæзт æрцыдис, уый тыххæй. Талатæ æрбаластой Сербийæ. «Ирыстоны дыргъдæттæ» ахæм номимæ. Уый арæзт æрцыдис æппæт технологитæм гæсгæ. Сагъд дзы æрцыдысты фæткъуыты 5 хуызы æндæр æмæ æндæр сорты, уыдон сты, фæлхасгæнджытæ иууыл тынгдæр кæй агурынц, ахæмтæ. Проекты инициатор – инвестор у профессионалон дыргъгуыстгæнæг Константин Ластович. Инвестпроектæн йæ аргъ у 265, 64 милуан сомы. Уыдонæй инвесторæн йæхи фæрæзтæ сты 60, 1 милуан сомы.

Ранымад æмæ æндæр проекттæ, æнæдызæрдыгæй, бындур æрæвæрдтой нæ экономикæйы рæзтæн.

Аивгъуыйгæ азы хуыздæр кодтой не ‘мбæстæгты царды уавæртæ. Бюджетон организациты кусджытæн фæфылдæр сты сæ куыстмыздтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.