2016 аз хъæздыг уыд алыгъуызон мадзæлттæй. Уыдон хаудысты Хуссар Ирыстоны цардархайды алы фадыгмæ дæр. Иуæй-иу ведомствоты æрцыд ивындзинæдтæ, кæцытæ ныридæгæн хæссынц æвæрццаг фæстиуджытæ, иннæтæ та нырма хъуамæ райхалой сæ потенциал.

О, фæлæ ныр, фæндвидарæй зæгъæн ис, Паддзахадон таможнæйон комитеты раз цы хæслæвæрдтæ æмæ нысæнттæ ис æвæрд, уыдон æххæст кæны, куыд æмбæлы, афтæ.

Комитеты куысты тыххæй ныхас кодтам йæ сæрдар Цхуырбаты Муратимæ. Райдианы уый банысан кодта, зæгъгæ, комитеты куысты æвæрццаг момент, гæнæн ис схонæм, республикæйы бюджетмæ ведомство цас фæрæзтæ бахаста, уый.

«Райдианы фæнд кодтам бюджетмæ 25 милуан сомы бахæссын, фæлæ афæдзы дæргъы уыцы суммæ коррекцигонд æрцыд æмæ фæфылдæр 33 милуан сомы онг. Ахæм уынаффæ рахастæуыд, афæдзы дыккаг æмбис паддзахадон фиддонтæ æмæ тарифтæ кæй фæфылдæр сты, уый фæстиуæгæн. Ацы хæслæвæрд ныридæгæн сæххæст кодтам æмæ абоны бон бюджетмæ бахастам 35 милуан сомы», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

2015 азимæ абаргæйæ, ацы суммæ у фылдæр, æндæраз республикæйы бюджетмæ бахастæуыд 24 милуан сомы. Ацы фæрæзтæ фæфылдæр сты администриркæнынады хыгъдæй дæр –  арæныл контроль фæкарздæр кæныны æмæ «Транспортон фæрæзты фиддонтæ фæфылдæр кæныны» тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæ йæ тыхы кæй бацыд, уый хыгъдæй, кæцытæ категоритæм гæсгæ сты 1,5 процентæй 3 проценты онг.

«Ручъы хъæуы таможнæйон посты дæр фæфылдæр сты æфтиæгтæ æмæ сты 15 милуан сомæй фылдæр. Ивгъуыд азы æнгæс æмгъуыдмæ гæсгæ уыдон бахастой 13,5 милуан сомы. Транспортон фæрæзты фæдыл æфтиæгтæ дæр фæфылдæр сты дыууæ хатты. Ивгъуыд аз уыдон уыдысты 7 милуан 900 сомы, ацы аз та уыдысты 15 милуан сомæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны таможнæйы историйы фыццаг хатт административон барадхалынæдты тыххæй хъуыддæгтæ райдыдтам кæнын. 2015 азы ивартæ уыдысты 9 мин сомы, 2016 азы та – 462 мин сомы», – банысан кодта Цхуырбаты Мурат.

2016 азы Паддзахадон таможнæйон комитет  йæ къух æрфыста Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмгуысткæнынад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ уæлæмхас сразыдзинадыл. Ацы темæйы фæдыл сын 8 декабры уыд видеоæмбырд Уæрæсейы Федерацийы Федералон таможнæйон службæйы минæвæрттимæ. Уыцы мадзалы бауынаффæ кодтой ацы уæлæмхас сразыдзинады реализацийы фæдыл сæ дарддæры куысты плантыл. Сæ архайды алы здæхтыты фæдыл арæзт æрцæудзысты къамистæ  æмæ уый фæстæ сæ уæрæсейаг коллегæтимæ Паддзахадон таможнæ æрвылквартал дæр селекторон æмбырдты уынаффæ кæндзысты алыгъуызон актуалон фарстытыл.

«Сразыдзинады развæлгъау нысан æрцыд 2020 азы онг хуссарирыстойнаг таможнæйы Евразиаг экономикон цæдисы закъондæттынадмæ рахизын. 2017 азы кæронмæ Ручъы хъæуы таможнæйы кусджытæ рахиздзысты Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйон постмæ, цыран мах контроль кæндзыстæм  уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ. Уый бирæбæрцæй фæхуымæтæгдæр кæндзæн арæны сæрты амалиуæггæнджыты цæуыны фæтк», – банысан кодта Цхуырбаты Мурат.

Æндæр министрадтæ æмæ ведомствотимæ архайды тыххæй Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, практикон æгъдауæй алы ведомствотимæ дæр кæрæдзийæн дæттæм æмбæлон информаци.

«Махмæ тынг бирæ куырдиæттæ вæййы алы ведомствотæй дæр. Уыдон фæдомынц, цæмæй сын баххуыс кæнæм, сæ адресыл цы уæзтæ ластæуы, уыдон регистрацийы. Мах сын баххуыс кæнæм закъоны фæл-гæтты. Сæрмагондæй сын баххуыс кæнæм уæрæсейаг таможнæйы сæрты рахизыны æмæ хуссарирыстойнаг арæныл деклараци байдзаг кæныны хъуыддаджы.

Хъалонтæисæн службæимæ нын ис æнгом æмахастытæ – мах сын дæттæм, цы товартæ ласт цæуынц, уыдоны тыххæй информаци, сæрмагондæй уый хауы акцизон товартæм. Акцизон товартæ цы бон æрластæуы, уыцы бон республикæйы хъалонтæисæн службæйæн уыдоны тыххæй фыстæй фехъусын кæнæм æмæ сæм уый фæстæ уыдон сæ хъус фæдарынц республикæйы территорийыл», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Афтæ хъуыды кæнын, æмæ сусæггаг никæмæн у, алы хъуыддаджы дæр æнтысты стратегитæй иу кæй у, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм персонал æрæмбырд кæнын. Комитет ам дæр фæстæ нæ лæууы æнæфыст закъонæй. Цхуырбаты Мураты ныхæстæм гæсгæ, кадрон политикæ арæзт цæуы ахæм хуызы, цæмæй фылдæр æрбакондæуа æвзонг специалисттæ. Абоны онг уал куыстмæ райстæуыд цыппар æвзонг специалисты, кæцытæ фесты Уæрæсейы таможнæйон академийы Ростовы филиал, уыдоны тыххæй фæфылдæр чындæуыд штат. Уыимæ иумæ ма ныртæккæ Уæрæсейы таможнæйон академийы ахуыр кæны 38 адæймаджы, кæцытæ тагъд рæстæджы баххæст кæн-дзысты республикæйы таможнæйы рæнхъытæ.

Æнæмæнгæй банысан кæнын хъæуы уыцы факт дæр, æмæ Таможнæйон комитеты материалон-техникон ифтонгад дæр у æмбæлон æмвæзадыл. Æлхæд цæуынц ифтонггæрзтæ, кæцыты фæстиуæгæн æрвылаз дæр бюджетмæ хаст цæуынц æхцайы фæрæзтæ. Комитеты сæрдар бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федера-цийы Федералон таможнæйон службæйæн, кæцы сын æххуыс кæны материалон-техникон ифтонгады фарстатæ скъуыддзаг кæныны.

«2013 азы нын Уæрæсейы Федерацийы Федералон таможнæйон службæ балæвар кодта цыппар техникон фæрæзы таможнæйон басгæрст сæххæст кæныны тыххæй. Афтæ ма нын ацы къуыри радтой 100 комплекты формæйон дарæс, уыдон сты зымæгон, парадон æмæ æрвылбонон дарæс, семæ ма ис, формæйон дарæсы цы хъæуы, æппæт уыцы фурнитурæ дæр  (цырыхъхъытæ, дзабыртæ). Мах ма æнхъæлмæ кæсæм транспортон фæрæзтæм дæр – æртæ ног уæрæсейаг машинæмæ, ныридæгæн сты Дзæуджыхъæуы. Ацы бонты æнхъæлмæ кæсæм  Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæмæ», – банысан кодта Цхуырбаты Мурат.

Проблемæтыл дзургæйæ, комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ сын нæй, вазыгджын æмæ, аскъуыддзаггæнæн кæмæн нæй, ахæм проблемæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис сын стыр æмæ гуырахстджын куыст, кæцы домы раст æмæ арæхстджын архайд. Уый фæстиуæгæн комитеты кусджытæ кусынц æххæст хъомысæй, æвзонг специалисттæ та æппæт дæр аразынц, цæмæй куыст уа æнцондæр.

О, фæлæ куыдфæндыйæ дæр комитеты хъæуы йæхи бæстыхай. Ныртæккæ куыд  Паддзахадон таможнæйон комитет, афтæ  Ручъы таможнæйон пост дæр сты æххуырст бæстыхæйтты. Цхуырбаты Мурат ныфс бавæрдта, зæгъгæ, уыцы фарст тагъд рæстæджы скъуыддзаг æрцæудзæн – кæнæ сын ног бæстыхай сараздзысты, кæнæ та сын рахицæн кæндзысты арæзт бæстыхай.

«Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ рахиздзыстæм электронон документацимæ. Уый тыххæй нæ хъæуы техникон æмæ программон фæрæзтæ. Уæрæсейаг фарс нын баныфсæвæрдта ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæн баххуыс кæнынæй. Æнæмæнг нæ хъæуы иууон базæ, кæцыйы фæрцы нын фадат уаид иу кæнæ иннæ уæзты тыххæй деклараци  реалон рæстæджы электронон хуызы райсын», – загъта уый.

Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, ног 2017 азы фæнд цæуы, республикæйы бюджетмæ цы æхцайы фæрæзтæ цæуы, уыдон дыууæ хатты фæфылдæр кæнын, растдæр зæгъгæйæ та уыцы фæрæзтæ уыдзысты 65 милуан сомы бæрц. Уый тыххæй сын, Цхуырбаты Мураты ныхæстæм гæсгæ, ис хорз потенциал.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ фаронимæ абаргæйæ, ныр дæр план æххæст цæуы 160 %. Афæдзы кæрон таможнæйы кусджытæн радтой премитæ сæ хорз куысты тыххæй. Таможнæйы историйы сæ кусджытæ фыццаг хатт райстой премитæ.

Цхуырбаты Мурат бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы Президент æмæ Хицауадæн иурæстæгон бафысты тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хорз лæвар у, республикæйы хæрзиуæгæн чи фæллой кодта, уыдонæн.

«Æз райгонд дæн ме ‘мкусджытæй, сæ куыстмæ сын бæрнон ахаст кæй ис, уый тыххæй. Мах нæ план сæххæст кодтам уæлдайджынтæй æмæ афæдз дæр фестæм хорз мажорон нотæйыл», – йæ ныхас балхынцъ кодта Цхуырбаты Мурат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны информацион портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.