2018 азы Хуссар Ирыстоны политикон царды уыд,  республикæйы цардыл æвæрццагæй чи бандæвта, къорд ахæм нысаниуæгджын цауы.

Афæдзы дæргъы нæ республикæйы къухдариуæгад цы ахсджиаг политикон къахдзæфтæ сарæзта, уыдон  ахъаз сты куыд нæ республикæйы мидæггагон, афтæ æддагон политикæйы рæзтæн дæр. Ацы нысаниуæгджын къахдзæфтæй иу уыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы кусæгон балц Донецкы Адæмон Республикæмæ. Йæ балцы сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн экономикон æмæ базарадон ахастыты рæзт.

Азы райдианы ма æддагполитикон ахастыты рæзтæн ахъазгæнæн къахдзæф уыд нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатолийы фыццаг официалон балц Европæмæ – Сербаг Республикæмæ. Ацы балц уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады историйы фыццаг балц. Ацы балцы фæлгæтты дыууæ республикæйы президенттæ Милорад Додик æмæ Бибылты Анатоли ныхас кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Сербийы ‘хсæн дыууæфарсон æмгуыстады фарстатыл.

2018 азы нысаниуæгджындæр историон цаутæй иууыл ахсджиагдæр у 29 майы –  нæ бæстæйы хæдбардзинад расидыны тыххæй акт райсыны бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы Арабаг Республикæ кæрæдзийы  хæдбардзинæдтæ кæй банымадтой, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы ‘хсæн ацы фарст скъуыддзаг æрцыд æмгуысткæнынадмæ æмæ æхсæнпаддзахадон æххæстформатон бастдзинад саразынмæ дыууæ фарсы фæндондзинады руаджы æмæ райст æрцыд Иугонд Нациты Организацийы уставмæ æмæ дунеон барады бындурон принциптæм гæсгæ.

Сирийы Арабаг республикæимæ æхсæнпад-дзахадон ахастытæ ноджы æнгомдæр кæныны нысанæн Сиримæ ацыд нæ республикæйы официалон делегаци Бибылты Анатолийы сæргъ-лæудæй.

Дыууæ бæстæйы президенты сæ  къухтæ æрфыстой Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырдыл.

Бибылты Анатоли фембæлд Сирийы премьер-министр Имад Хамисим æмæ Сирийы Адæмон Советы Сæрдар Хаммид Сабагимæ. Уыдон уынаффæ кодтой финансон къабазы æмгуыстады æмæ дыууæ бæстæйы закъондæттынадон органты ‘хсæн æмгуыстады перспективæтыл.

Дыууæ бæстæйы экономикон фадгуыты райрæзты тыххæй ахсджиаг къахдзæф уыд хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг сириаг бизнес-æхсæнады минæвæрттимæ кæй фембæлд, уый дæр, цыран уынаффæ цыдис дыууæ бæстæйы амалиуæггæнджыты æмгуыс-тады перспективæтыл.

Азы ахсджиагдæр цаутæй иу уыд, нæ республикæйы хæдбардзинады банымадыл 10 азы сæххæсты боны хæдразмæ  Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы президенттæ Бибылты Анатоли æмæ Владимир Путины фембæлд. Фембæлды рæстæджы банысан æрцыд дыууæ бæстæйы дарддæр æмгуыстады ахсджиагдзинад.

Владимир Путин куыд загъта, афтæмæй Уæрæсе тырны Хуссар Ирыстоны æдасдзинад сифтонг кæнынмæ, социалон æмæ экономикон æгъдауæй республикæйæн баххуыс кæнынмæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй августы мæй хъæздыг уыд юбилейон цаутæй. Республикæ уæрæх банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл 10 азы сæххæсты бон.

Августы мæйы Цхинвалы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ног арæзт бæстыхайы ауагъдæуыд Æппæтирон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы X-æм юбилейон съезд.

Мадзалы хайад истой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæуджытæ Бибылты Анатоли æмæ Битарты Вячеслав, дыууæ æфсымæрон республикæйы разамынады бæрнон кусджытæ, ахуырад æмæ зонадон-сфæлдыстадон интеллигенцийы, Иры Стыр Ныхасы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Афтæ ма съездмæ æрцыдысты ирон диаспорæты минæвæрттæ дунейы бирæ бæстæтæй. Уыдоны ‘хсæн Уæрæсе, Турк, Бразили, Ног Зеланди, Канадæ, Йемен æмæ æндæр бæстæтæй. Съезды сæйраг хæстæ сты ирон адæмы иудзинад, историон æмæ  культурон бынтæ бахъахъхъæнын.

Нысаниуæгджын цау уыд Хуссар Ирыстонмæ æхсæнадæмон проект «Этнолагерь-2018. Аланты фæд»-ы хайадисджыты æрцыд дæр.

Проекты нысан уыд, Райгуырæн бæстæйæ дард чи цæрынц, уыцы æмфыдыбæстæйонты æрæмбырд кæнын æмæ сын фенын кæнын нæ адæмы культурæ, традицитæ, æгъдæуттæ, гæнæнуæвгæйæ сын амонæм ирон æвзаг æмæ национ кæфтытæ.

Хуссар Ирыстоны æддагполитикон фады-джы рæзтыл чи бандавдзæн, ахæм цау уыд Хуссар Ирыстонмæ РХИ-йы хæдбардзинад расидыны бæрæгбоны хайад райсынмæ италиаг делегаци Джульетто Кьезайы сæргълæудæй кæй æрцыд, уый дæр.

Хуссар Ирыстон банысан кодта ноджы иу нысаниуæгджын юбилейон бæрæгбон – горæт Къуайсайыл 10 азы сæххæсты бон.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фидар æмахастыты ноджы иу бæлвырдгæнæн уыд Мæскуыйы УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министрады химæисæн хæдзары РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ УФ-йы фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министр Сергей Лавровы фембæлд, афтæ ма дыууæфарсон хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон консультацитæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд дыууæварсон ахастыты боны фæткы ахсджиаг фарстатыл, афтæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæ-мон позицитæ сфидар кæныны æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырады тыххæй Женевæйаг фæзуаты æмархайд фæхуыздæр кæнын.

Ахсджиаг къахдзæф уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Пятигорскы Цæгат-Кавказаг федералон зылды УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Александр Матовникимæ кæй фембæлд, уый дæр.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд РХИ-йы Цæгат-Кавказаг федералон зылды регионтимæ æмгуыстады фарстатыл.

Республикæ Хуссар Ирыстонмæ уæрæсейаг политикты æмæ экспертты цымыдисдзинад кæй рæзы, уымæн цæвиттон уыд Президент Бибылты Анатолийы фембæлд Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг дунеон эксперттимæ. Уыдон горæт Цхинвалмæ æрцыдысты тымбыл фынг «Алания и формирование нового вектора экономического роста «Север-Юг»: цивилизационный и культурный аспекты»-йы куысты хайад райсынмæ.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, политологты бакæнгæ куысты æнæмæнг-хъæуындзинад æмæ стыр нысаниуæг куыд Кавказы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæтæн æмхуызон фæндæгтыл кæй рацыдысты, иу хъысмæт сын кæй ис, уый ноджы тынгдæр æнгом кæны дыууæ республикæйы, уый фæстиуæгæн цины дæр æмæ хъыджы дæр хъуыддæгты дæр кæрæдзийы фарсмæ вæййынц. Уымæн æвдисæн уыд  Президент Бибылты Анатоли Абхазы уæлахизы æмæ хæдбардзинады цытæн уагъдцæуæг мадзæлтты хайад кæй райста, уый.

Бибылты Анатоли радон балцы ацыд Донецкы Адæмон Республикæмæ, цæмæй хайад райса Донецкы Адæмон Республикæйы ног сæвзæрст сæргълæууæг Денис Пушилины инаугурацийы церемонийы.

Йæ балцы рæстæджы уый дидинджытæ сæвæрдта Донецкы республикæйы раздæры сæргълæууæг Александр Захарченкойы уæлмæрдыл, кæцы фæмард теракты фæстиуæгæн.

Бибылты Анатоли хайад райста Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечникы инаугурацийы церемонийы дæр.

Нысаниуæгджын цау уыд Хуссар Ирыстонмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ног сæвзæрст сæргълæууæг Леонид Пасечникы кусæгон балц. Йæ балцы нысан уыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ‘хсæн Хæлардзинад, æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфыссын.

Стыр нысниуæг уыд, Бибылты Анатоли ног азы къæсæрыл цы фæстиуæгон пресс-конференци ауагъта, уымæн дæр. Ацы пресс-конференцийы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг дзуаппытæ радта республикæйы цæрджыты риссаг æмæ проблемон фарстатæн. Мадзалы рæстæджы уый хæслæ-вæрдтæ лæвæрдта æмбæлон чиновниктæн, цæмæй проб-лемæтæ æвæстиатæй ахуыр æмæ скъуыддзаг æрцæуой.

ОСИАТЫ Индирæ

 

ИНВЕСТПРОГРАММÆ

Фыццаджыдæр, æхсыгонæй банысан кæнын хъæуы, 2018 азæн Инвестпрограммæйы цы мадзæлттæ нысан уыдысты, уыдон иууылдæр æххæст кæй æрцыдысты æмæ уымæй нæ республикæйы цæрджыты царды гъæд зынгæ кæй фæбæр-зонддæр. Сырæзтысты æмæ рæзынц ног цæрæн хæдзæрттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ.

Нæ горæт нын чи рафидауын кодта æмæ нæ адæмы культурон царды ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæй сæ иу у Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахдон драмон театры бæстыхай. Уый эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2018 азы.

Театралон фæзуат ма ноджыдæр рафидаудзæн, ацы аз аразын кæйрайдыдтой, уыцы уазæгдон «Ирыстон»-æй. Йæ арæзтадмæ æрывнæлдтой ацы аз уалдзæджы æмæ арæзт та фæуыдзæн ног æрбалæугæ азы кæрон.

Нæ горæты Хъайтарты уынгыл ацы аз арæзт фесты дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары. Уыдоны бацæрдзысты 200 хæдзары бинонтæ. Ацы цæрæн хæдзæрттæ сæ хицæуттæн сæ дуæрттæ æрбакæндзысты Ног азæй.

Уалдзæджы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл æрывнæлдтой ноджыдæр дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ. Ныридæгæн хæдзæрттæй сæ иу æмбæрзты бын фæцис. Дыккаг корпус дæр арæзт æрцыд 4-æм уæладзыджы онг. Дыууæ цæрæн хæдзар дæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты 2019 азы кæронмæ æмæ  та ам дæр цæрæн фатертæй ифтонг æрцæудзысты 140 бинонтæ.

Стыр ахсджиаг цау уыд нæ республикæйы университеты ног комплексы сырæзт. Ныр йе студенттæн ис æппæт уавæртæ дæр æмбæлон æмвæзадыл ахуыр кæнынæн, профессортæ-ахуыргæнджыты скондæн та – кусынæн.

Горæтæн цæгатварс арæзт фæцис медико-социалон центр. Уырдæм раконд æрцыдысты пансионат «Аудындзинад»-ы чи цæрынц, уыдон. Ам ма арæзт æрцыдис палиативон æххуыс кæй хъæуа ахæмтæн хицæн хайад.

Капиталон цалцæг æрцыдис туберкулезон диспансер. Уый уыд æдзæллаг уавæры. Рынчынтæн уым бынаты схосгæнæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сын æххуыс цыдис амбулаторон æгъдауæй.

Æхсызгон цау у Вокзалгæрон уынджы 100 сывæллонæн арæзт кæй æрцыд скъолайы кары агъоммæйы уагдон. Рæвдауæндоны арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд апрелы мæйы æмæ ныр цæттæ у сабиты райсынмæ. Ам уыдонæн арæзт æрцыдис æппæт уавæртæ дæр.

Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы арæзт æрцыд, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъола-рæвдауæндон. Скъола-рæвдауæндон ифтонг æрцыд æнæмæнгхъæуæг ахуыргæнæн дзаумæттæй, компьютертæй æмæ хъæдын дзаумæттæй.

Ахсджиаг цау уыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад нымæцон телеуынынадмæ кæй рахызт, уый. Ныр нæ республикæйы цæрджыты 80 процентæн сæ бон у нымæцон форматыл 20 каналмæ бакæсын.

Горæты æмæ районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты тыххæй хицæн хъæутæм уагъд цыдысты нуазыны доны хæххытæ, арæзтой, хуыздæр кодтой, цы фæндæгтæ сæм цæуы, уыдон. Скъуыддзаг цыдысты æндæр цардуагон фарстатæ дæр.

Ивгъуыд аз скъуыддзаг æрцыд ноджыдæр иу иттæг ахсджиаг фарст. Республикæ æмæ Газпромы æхсæн къухтæ æр-фыстæуыд районты хъæуты газификаци скæныны тыххæй сразыдзинадыл.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис чысыл амалиуæгад райтынг кæнынмæ. Уый тыххæй райст æрцыд закъон, чысыл амалиуæгадæн кредиттæ дæттыны тыххæй.

Æрæджы Цхинвалы æрбайгом сæнуадзæн куыстуат «Ирон сæн». Уым куысты бынæттæ фæзынд 30 адæймагæн.

Горæты сæрмæ та арæзт цæуы ног куыстуат «Ир-Базальт»-ы завод. Инвестпрограммæмæ хаст объекттæй дарддæр ма стыр куыст бачындæуыд æндæр æндидзынгæнæн куыстытыл дæр. Уый фылдæр хауы 2008 азы августы хæсты рæстæджы сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыдон сæндидзын кæнынмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

 

УЫНГТЫ, ФÆНДÆГТЫ АРÆЗТАД

2018 азы Инвестпрограммæмæ нæ горæты цы 10 уынджы æрцыд хаст, уыдонæн рахицæн æрцыд 580 милуан сомы. Хæрзарæзт æрцыдысты Джыккайты Шамилы, Нарты, Къуайсайы, Аланты, Дмитровы, Чиайы фырты, Коцойты Арсены, Тæболты Сергейы, Коцты Грийы æмæ Руставелийы уынгтæ.

2018-2019 азты Инвестпрограммæмæ гæсгæ арæзт хъуамæ æрцæуа Хуыбылты Валерийы номыл централон парк дæр. Ацы аз уым бакодтой цæттæгæнæн куыстытæ.

Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад хауы, 2018 азæй 2019 азмæ цы арæзтадтæ рахызтысты, уыдон номхыгъдмæ. Фыццаг этапы Гуфтайæ Хъемултамæ фæндаг арæзт фæцис. Дыккаг этапыл кусгæйæ, ацы аз асфальт æмæ хæрзарæзт æрцыдис Къуайсайæ Кæсаджджыны хъæуы онг.

Ивгъуыд аз Ленингоры райцентры бавнæлдтой уынгты хæрзарæзтадмæ. Ныр, ацы аз уым зæххыбын инженерон-коммуникацитæ ивд æрцыд 16 километры бæрц. Райцентры арæзт æрцыд донсыгъдæггæнæнифтонгад, кæцы суткæйы дæргъы сыгъдæг кæндзæн 1140 кубаметры дон.

Цæрджыты донифтонгады хаххыл Знауыры районы 6 хъæумæ уагъд æрцыд дон. Иууыл гуырахстджындæр проект дзы уыд «Гомарт-Уахтана-Терегуан». Уый фæрцы донæй ифтонг æрцыдысты 200 хæдзары. Хицæн хъæутæм та ивд æрцыдысты доны хæтæлтæ. Ацы аз ма куыст цыд Мугутмæ фæндагыл. Лопаны хъæуы æмæ Знауыры поселочы цы хидтæ ис, уыдон дæр цалцæг æрцыдысты.

2018 азы Ленингоры районы байгом ног скъола. Ам иумæ ахуыр кæнынц ирон æмæ гуырдзиаг, стæй Ленингоры районы чи службæ кæны, уыцы арæнхъахъхъæнджыты сывæллæттæ.

Экономикæйы реалон секторы рæзт Хуссар Ирыстонæн у ахсджиаг. Проекттæ реализаци кæныны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæ уагъд нæ цæуы. «Ирыстоны дыргъдæттæ», «Растдон»-ы кондад æмæ кафе «Винченцо»-йы æмрæнхъ фæзындзæн ноджыдæр «Ир-Бальт» æмæ «Натурплант»-ы заводтæ. Уыцы проектты реализаци кæныны фадат ратдзæн 200 уæлæмхас куысты бынæттæ бакæнынæн.

 

СОЦИАЛОН ИФТОНГАД

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты пенсион ифтонгад фæхуыздæр кæнын, ис нæ республикæйы разамынады æдзухон хъусдарды бын.

РХИ-йы æмбæстæгты пенсийы кармæ хауæг закъон баззад æнæаивгæйæ (55 азмæ – сылгоймæгтæн æмæ 60 азы та  нæлгоймæгтæн). Фидæн азæн республикæйы бюджеты æвæрд æрцыд 76 милуан сомы бæрц социалон пенситæ бафидыны тыххæй. Суæгъдгонд фæрæзты хыгъдæй Пенсион фондæн ныр йæ бон суыдзæн æппæт категориты пенситæ фæфылдæр кæнын.

Фæфылдæр сты сывæллæттæн æххуысы фæрæзтæ. 2018 азы январы мæйæ сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон æххуыс ссис 10 мин сомы. Ныр Хицауады уынаффæмæ гæсгæ 2018 азæй компенсаци лæвæрд цæудзæн дыккаг æмæ ма уый фæстæ цы сабитæ райгуырой, уыдонæн дæр. 2019 азы та сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон компенсаци суыдзæн  16 мин сомы.

Социалон фадыджы æххуыс цæуы æндæр фадыджы æмбæстæгтæн дæр. 2018 азы Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрад рахицæн кодта æвæрæз æмбæстæгтæн æххуысæн 800 мин сомы бæрц. Уыдон нымæцы сты 1-аг æмæ II-аг къорды инвалидтæ, гуырцæй инвалидтæ, Стыр Фыды-бæстæйон хæсты хайадисджытæ æмæ æндæр категоритæ.

 

ФÆЗЫНД НОГ КАБЕЛОН ИНТЕРНЕТ «ЮГТЕЛЕКОМ»

Йæ лæггæдтæй ныридæгæн пайда кæнынц горæты цæрджытæн сæ фылдæр хай. Цæрæн хæдзæрттæм  кабелон интернет бауадзынмæ рагæй бæллыдысты нæ республикæйы цæрджытæ. Абоненты хæрзиуæгæн горæты æвæрд æрцыд терминалтæ. Терминалты фæрцы ма цæрджытæн сæ бон у сæ телефоны хыгъд баххæст кæнын, спутникон антеннæйы лæггæдтæн хæрдзтæ бафидын, кредитон картæйæ спайда кæнын. 2019 азы ацы куыст адарддæр уыдзæн  республикæйы районты хъæуты.

***

Аивгъуыйгæ азы хуыздæрæрдæм ивындзинæдтæ цыдысты æнæниздзинад хъахъхъæныны, культурæйы, спорты æмæ æндæр къабæзты дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.