РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей фӕуазӕг ис РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центрмӕ ӕмӕ фембӕлд журналисттимӕ. Пресс-конференцийы Зассеты Сергей ӕрдзырдта ивгъуыд 2019 азы бакӕнгӕ куысты фӕдыл ӕмӕ ма комитеты дарддӕры плӕнттыл, стӕй ма сдзуапп кодта журналистты фарстатӕн дӕр.

Райдианы Зассеты Сергей банысан кодта, зӕгъгӕ, спорты фадыджы Хуссар Ирыстонӕн 2019 аз уыд иууыл ӕнтыстджындӕр. Иннӕ азтӕм абаргӕйӕ нӕ ӕрыгон спортсментӕ алыхуызон турнирты систы уӕлахиздзаутӕ. Уый та ууыл дзурӕг у ӕмӕ нӕ фӕсивӕд фылдæр хъусдард кӕй здахынц спортмӕ ӕмӕ нæ, зæгъгæ, фидарӕй уырны дарддӕр дӕр нын кӕй уыдзӕн ӕнтыстытӕ. Комитеты сӕрдар ма фехъусын кодта, ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй нӕ фаг кӕнынц ӕмӕ уымæ гæсгæ кæй ныкъуылымпы вӕййынц бирӕ проекттӕ. Комитет ӕрӕмбырд кодта информаци йӕ дӕлведомствотæ ӕмӕ ахуыргӕнӕн уагдӕттӕй, цы цухдзинӕдтӕ ӕййафынц ныридӕгӕн, ӕмӕ сӕ стӕй куы банымадтой, уӕд суммӕ рауад 32 миллуан сомы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыйбӕрц ӕхцайы фӕрӕзтӕ нӕ республикӕйы бюджеты нӕй, фӕлӕ уӕддӕр къухты цы ис, уымӕй архайын хъӕуы рационалонӕй. 

«2019 азы нӕ комитеты бюджет уыдис 9 милуан сомӕй чысыл фылдӕр, фӕлӕ не сфаг сты, кӕд ӕмӕ уыцы ӕхцайы фӕрӕзтӕ иууылдӕр нысанмӕздæхтæй хардз цыдысты, уӕддӕр. Фӕстӕдӕр ма нын нӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатоли Президенты фондӕй рахицӕн кодта 5 милуан сомӕй фылдӕр. Ацы ӕхцайы фӕрӕзтӕй мах бацӕттӕ кодтам спортивон мадзӕлттӕ ӕмӕ ма балхӕдтам спортивон инветарь дӕр. Президенты ӕххуысы фӕрцы нӕ къухты бафтыдис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ ныр фидӕнмӕ дӕр хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй нӕ спортсментӕн, спортивон мадзӕлтты хайад исгӕйӕ, уа аккаг фӕстиуджытӕ», – банысан кодта Зассеты Сергей.

Фӕсивӕдон политикӕ уадзыны    хъуыддаджы дӕр бирӕ куыст цӕуы, – ӕрмӕст 3 милуан сомӕй фылдӕр бахардз сты форумтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм мадзӕлттӕ ауадзыныл куыд бынаты, афтӕ ма республикӕйы ӕдде дӕр.

«Азы райдианы комитет планмӕ бахаста 89 мадзалы ӕмӕ дзы уагъд ӕрцыдис 59. Рохуаты дзы чи аззадис, уыдонӕн иууылдӕр ис бӕрӕг аххосӕгтӕ. Зӕгъӕм, Уӕрӕсейы Федерацийы спортивон календарь арӕзт ӕрцӕуы ӕрӕгмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр бахъӕуы ивындзинӕдтӕ бахӕссын. Кӕцыдӕр мадзӕлттӕ та дзы уагъд ӕрцӕудзысты фидӕнмӕ. Афтӕ нын никуы уыд, ӕмӕ кӕцыдӕр хорз мадзал, кӕнӕ проект мах ферох кӕнӕм. Кӕд нӕ бон нӕ вӕййы йӕ бацӕттӕ кӕнын планмӕ гӕсгӕ, уӕддӕр ӕй фӕстӕдӕр ӕнӕм-ӕнгӕй саразӕм», – загъта комитеты сӕргълӕууӕг.

Зассеты Сергейы ма бафарстой Дзауы районы Цъоны хъӕуы хӕххон лыжӕты спортӕн цы трассӕ хъавынц аразынмӕ, уымӕй. «Ацы проект среализаци кӕнынӕн хъӕуы бирӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ нӕ паддзахадмæ уыйбӕрц фӕрӕзтӕ нӕй. Ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы инвестортӕ ссарын ӕмӕ йӕ арӕзтад та хъуамӕ уа хицауады хъусдарды бын. Политикон ситуаци нӕм стабилон кӕй нӕу, уый фӕдыл инвестор ссарын дӕр зын у, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ архайӕм нӕхи тыхтӕй ӕмӕ саразӕм элементарон уавӕртӕ спорты ацы хуыз уарзджытӕн», – загъта Зассеты Сергей.

Комитеты сӕргълӕууӕг ивгъуыд азы иууыл стырдӕр ӕнтыстыл банымадта Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгонд футболӕй кӕй ссис Европӕйы чемпион, кӕцы уагъд цӕуы CONIFA-йы эгидæйы бын ӕмӕ дзы хайад исынц 40 командӕйы бӕрц. «Куыд турниры уӕлахизуӕвджытӕ, афтӕ мах официалон ӕгъдауӕй бахаудтам турниры хызӕгмӕ ӕмӕ нӕм ныр фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы дунейы чемпионат. Ныфс мӕ ис, ам дӕр нӕ футболисттӕ сӕхи хорз кӕй равдисдзысты ӕмӕ та нын нӕ зӕрдӕтӕ кӕй барухс кӕндзысты», – загъта Зассеты Сергей.

 РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет фӕнд кæны, цӕмӕй ӕмгуыстад кӕныны тыххӕй бафыссой ног Бадзырд Уӕрӕсейы Федерацийы туризмы фӕдыл Федералон агентадимӕ. «Ныридӕгӕн дыууӕ профилон ведомствойы цы документты фӕлгӕтты архайынц, уый хӕссы формалон характер ӕмӕ ницы ахъаз у нӕ ӕмгуысткӕнынады размӕцыдӕн. Ӕмӕ мах та хъӕуы конкретон къахдзӕфты тыххӕй Бадзырд бафыссын. Уымӕй уӕлдай ма мах активон хайад исӕм Уӕрӕсейы уагъдцӕуӕг алыхуызон форумты, фембӕлӕм Уӕрӕсейы фӕсивӕдон организацитимӕ. Ацы аз дӕр та нӕ не ‘мбӕстӕгтӕ дыууӕйӕ рамбылдтой гранттӕ ӕмӕ сӕ фидӕнмӕ среализаци кӕндзысты», – адарддӕр кодта йӕ ныхас Зассеты Сергей.

Комитеты сӕргълӕууӕг ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй сӕ зӕрды ис фехтовани ӕмӕ джиуджитсуйӕ нӕ республикӕмӕ тренертӕ ӕрхонын, цӕмӕй спорты ацы хуызтӕ дӕр райтынг кæнæм нӕ фӕсивӕды ‘хсӕн. Кӕд ӕмӕ рахицӕнгонд ӕхцайы фӕрӕзтӕ нӕ фӕкъаддӕр уой, уӕд сӕм тынг бирӕ плӕнттӕ ис. Зассеты Сергей куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй спорты алы хуыз раразмӕ кӕнынæн хъӕуы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ тырнындзинад, куыд спортсменты ӕрдыгӕй, афтӕ тренерты ӕрдыгӕй дӕр. Ис нӕм ахӕм спорты хуызтӕ, кӕцыты Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдӕн рагӕй фӕстӕмӕ уыдис стыр ӕнтыстытӕ, фӕлӕ ныр цӕмӕдӕр гӕсгӕ рохуаты аззадысты. Уыдон сты волейбол, баскетбол, гандбол ӕмӕ ӕндӕртӕ. Афтӕ зӕгъӕн нӕй ӕмӕ нӕ фӕсивӕд ӕгуыдзӕг сты, нӕ арӕхсынц, сӕ бон нӕу, – фӕлӕ ӕппынӕдзух семӕ хъӕуы кусын, хъӕуы сын аразын уавӕртӕ, скъолаты хъӕуы спорты секцитӕ бакӕнын ӕмӕ физкультуртӕйы ахуыргӕнджыты та хъӕуы цӕсгомджынӕй кусын. Ацы аз стыр райгондӕй баззадыстӕм нӕ спортсментӕй, фӕлӕ нын уӕддӕр ис, цӕмӕ тырнӕм, уый. «Азы кӕрон фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ, зӕ-гъӕн ис, ӕмӕ 2019 аз кӕй рауад иууыл ӕнтыстджындӕр. Нӕ спортсментӕ юниортӕй райдайгӕйӕ сӕхи равдыстой тынг ӕвзыгъд ӕмӕ рамбылдтой бирӕ майдантӕ ӕмӕ кубоктӕ, систы алыхуызон ерысты уӕлахиздзаутӕ. Ныфс мӕ ис ӕмӕ ацы тенденци дарддӕр кӕй ахиздзӕн 2020 азмӕ», – банысан кодта кӕронбӕттӕны Зассеты Сергей.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.