Алы азы кæрон дæр хатдзæгтæ арæзт æрцæуы РХИ-йы спортивон цардæн. Хъыгагæн, ацы аз коронавирусы пандемийы аххосæй спортсментæ æмæ сæ тренертæн нæ бантыст бирæ плæнттæ сæххæст кæнын, фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ бирæтæн  2020 аз уыд фæстиуæгджын.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Азы райдиан æнтыстджынæй райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг богалтæн. Æртæйæ – Джиоты Андрей (65 кг), Джиоты Арсен (79 кг) æмæ Дзæгъиаты Сослан (92 кг) систы 2000-2002 азты гуырд спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Ацы ерысты дыккаг бынат бацахста Бестауты Андрей (125 кг) æмæ бронзæйон призер та ссис Плиты Владик (70 кг). 2003-2004 азты гуырд спортсменты ‘хсæн та РЦИ-Аланийы чемпионаты æртыккаг бынат бацахста Нæрыкъаты Марат (51 кг).

Февралы мæйы хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой 2005-2006 азты гуырд спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы чемпионаты. Бантыст сын рамбулын дыууæ сыгъзæрин, иу æвзист æмæ иу та бронзæ майданы. Фыццаг бынæттæ бацахстой Плиты Вадим (52 кг) æмæ Плиты Эльбрус (41 кг), дыккаг ссис Къелеты Азæмæт (44 кг) æмæ бронзæйон призер та – Тедеты Давид (75 кг). Фæстæдæр Плиты Вадим æртыккаг бынат бацахста йæ кары спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты.

Фæлæ иууыл стырдæр æнтыст уæгъдибар хъæбысхæцджытæн уыд Наро-Фоминскы, цыран уагъд цыд 2003-2005 азты гуырд спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат. Уым  Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ Дзæгъиаты Сослан (92 кг) æмæ Бестауты Андрей (100 кг) рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ.

Октябры мæйы ма Бестауты Андрей  йæ тыхтæ фæлвæрдта фæсивæды хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Уæд ын бантыст дыккаг бынат бацахсын. Ам ма йæ тыхтæ фæлвæрдта Зассеты Арсæмæг. Уый 97 кг уæзы категорийы рамбылдта бронзæ майдан.

Октбры мæйы ма Дзæуджыхъæуы  уагъд æрцыд æппæтуæрæсейон турнир «Лучший детский тренер». Уым дыккаг бынæттæ бацахстой Плиты Вадим (57 кг), Джиоты Андрей (71 кг) æмæ Дзеранты Эрик (110 кг). Плиты Эльбрус та ацыд æртыккаг бынатыл (48 кг).

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Цхинвалы хъуамæ уагъд æрцыдаиккой алыгъуызон ерыстæ, фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй азы фыццаг мæйты ауадзын бантыст æрмæстдæр Къудухты Бесикы номарæн турнир æмæ Тедеты æфсымæртæ Альберт æмæ Владимиры номарæн турнир. Ацы ерыстæм æрцыдысты уæгъдибар хъæбысхæсты дунейы стъалытæ.  

ЛЕНК КÆНЫН

2019 азимæ абаргæйæ 2020 азы сæ бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кодтой РХИ-йы ленк кæнынæй архайæг спортсментæ. Бантыст сын Уæрæсейы уагъдцæуæг ерысты майдантæ рамбулын. Февралы горæт Ессентукийы уагъд æрцыд сгуыхт тренер А.Г. Клюкины номарæн турнир ленк кæнынæй. Ерысты ныр дыккаг аз хайад райстой хуссарирыстойнаг спортсментæ дæр. Фыццаг бон сыгъзæрин майдан рамбулын бантыст Уалыты Даянæйæн. Уый фыццаг ссис баттерфляйæ 50 метрмæ ленк кæнынæй. Уымæн ма ерысты дыккаг бон бантыст дыууæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы рамбулын. Фæстæдæр та нæ республикæйы минæвæрттæ хайад райстой Казаны турнир «Mad Wave Classic»-ы. Ерысты фыццаг бон  сыгъзæрин майдан рамбулын бантыст Тыджыты Дианæйæн. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 200 метрмæ фæсонтыл ленк кæнгæйæ. Уыцы бон ма дыууæ майданы а рамбылдта Уалыты Даянæ. 200 метрмæ баттерфляйæ ленк кæнгæйæ ссис дыккаг, уæгъдибар стилæй та 400 метрмæ бацахста æртыккаг бынат.

Даянæ ма æртæ майданы рамбылдта ерысты дыккаг бон. Уæгъдибар стилæй 200 метрмæ ленк кæнгæйæ рамбылдта æвзист майдан. Бронзæйон призер та ссис баттерфляйæ 100 метрмæ æмæ комплексон ленк кæнынæй та 200 метры дæрддзæгмæ.

Марты мæйы та Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы уæнгтæ 7 майданы рамбылдтой æвзæнгты ‘хсæн г.Пятигорскы гом чемпионаты. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Къæбулты Инал, Тасойты Арсен æмæ Лалыты Анжеликæ. Дыккаг бынæттæ бацахстой Лалыты Арсен æмæ Даниил Игнатов. Бронзæйон призертæ та систы Уалыты Александр æмæ Бесаты Барсæг.

Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ ма ссис ерысты эстафетæйы уæлахиздзау.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Марты мæйы хуссарирыстойнаг штангисттæ цыппар сыгъзæрин майданы рамбылдтой Юграйы ХХ-æм гом Кубокы. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Тыджыты Русик, Кæсæбиты Майрæм, Джиоты Александр æмæ Наниты Арсен. Тыджыты Русик 81 кг уæзы категорийы архайгæйæ, дыууæ истæн скодта 205 кг (90+115). Кæсæбиты Майрам 67 кг уæзы фенын кодта 204 кг бæрæггæнæн (86+118). Джиоты Александр та ерыс кодта 102 кг уæзы категорийы. Уый дыууæ истæн систа 270 кг (120+150). Цыппæрæм сыгъзæрин майдан та бафтыд Наниты Арсены къухты. Уый иууыл уæззаудæр уæзы категорийы архайæгйæ, дыууæ истæн скодта 360 кг (175+185).

Октябры мæйы Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ сæхи æнтысджынæй равдыстой 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Владимиры æмæ сæ хайад райстой 500 штангистæй фылдæр.

Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+109 кг) сыгъзæрин майдан рамбылдта Наниты Арсен. Уый дыууæ истæн скодта 388 кг (181+207).

ДЗЮДО

Ирыстоны спортуарзджыты зæрдæтæ рухс кæны цхинвайлаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ. Уый марты мæйы Тюмены уагъдцæуæг 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты ссис бронзæйон призер. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг) архайгæйæ, Аланæ акодта 5 тохы æмæ дзы цыппары фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд фембæлды рамбылдта Мæскуыйы областы минæвар Светлана Селезневайы.

Аланæ фæззæджы райдианы та ссис Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Грознæйы, хайад сæ райстой 243 спортсмены. Аланæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд Дагъыстаны минæвар, кæцыйы ирон спортсменкæ  рамбылдта æмгъуыдæй раздæр. Фæстæдæр ма Аланæ ссис 23 азы кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты хсæн Цæгат Кавказы Федералон Зылды уæлахиздзау дæр. 

ТЕННИС

Азы райдианы стъолы теннисæй хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 4 бронзæ майданы Цæгат-Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Нальцыччы. Чызджыты ‘хсæн командон хыгъды Цæгат Ирыстон-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды 3-аг бынат бацахстой Елбачиты Иринæ æмæ Кокойты Амандæ. Командæ 3-аг бынат бацахсыны хъазты 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз Дагъыстаны минæвæрттыл. Кокойты Амандæ ма 3-аг бынат бацахста къæйтты хсæн ерысты дæр. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй ма ноджы иу бронзæ майдан та рамбылдта Бекъойты Эдвард. Уый дæр архайдта къæйтты ‘хсæн ерысты.

Нæ республикæйы теннисисттæ хорз зæрдæйы равгимæ сæмбæлдысты ног 2021 азыл. Декабры кæрон Елбачиты Иринæ æмæ Кокойты Амандæйæн РЦИ-Аланийы чемпионаты бантыст фыццаг дыууæ бынаты бацахсын.

ÆМХÆЦЦÆ ÆМБУАР ХÆСТ

Февралы хуссарирыстойнаг спортсментæн бантыст 10 майданы рамбулын MMA-Free-Fighting-æй Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты, кæцы уагъд цыд Кисловодскы. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Джиоты Арсен, Мамытаты Роман æмæ Мамиты Давид. Æвзист майдантæ бафтыдысты Бесаты Андрей, Алексей Чеботарев, Алан Генгеури æмæ Джиоты Артемы къухты. Бронзæ майдантимæ та цхинвалæмæ æрæздæхтысты Одтаты Артур, Бестауты Ацæмæз æмæ Къæбулты Хъазбег.

ШАХМАТТÆ

Марты мæйы Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд тагъд шахматтæй ерыстæ «Кубок Алания Синема». Уым архайдтой скъоладзаутæ. Хайад сæ райста Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ дæр РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георгийы къухдариуæгадæй æмæ бацахста дыккаг призон бынат. Командæйы сконды архайдтой Цоциты Батрадз, Цоциты Ацæмæз, Багаты Зелим, Джыгкайты Артур æмæ йæ капитан Къодоты Андрей.

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Коронавирусы пандемийы аххосæй турнир хаст æрцыд июлы кæронмæ. Хайад сæ райстой 25 спортсмены. Уыйбæрц спортсмены ма сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой, нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн Цхинвалы цы республикон турнир уагъд æрцыд, уым. Хъæзтытæ цыдысты горæты центры гом арвы бын. Хайад сæ райстой нæ бæстæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Тæрхонгæнджыты хатдзæгтæм гæсгæ иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Саулохты Георги æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынатыл ацыд Гæбæраты Ацæмæз æмæ æртыккаг та ссис Бибылты Алан. 4-æм æмæ 5-æм та систы Бибылты Марат æмæ Къæбысты Эрик.

Октябры мæйы Дзауы районы уагъд æрцыд ирон энциклопеди «Осетия и осетины»-йы автор, национ преми Нарты фæткъуыйы лауреат Челехсаты Хъазбегы цытæн традицион турнир шахматтæй. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 11-æм хатт. Æрвылхатт дæр сæ хайад райсынц республикæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ. Ныр дæр та дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой 10 командæйы. Уыдон нымæцы Цæгат Ирыстон-Аланийы Горæтгæрон районы командæ. Фыццаг бынат адих кодтой Паддзахадон университет æмæ Горæтгæрон районы командæтæ, кæцыты финалон фембæлд фæцис æмдыхæй. Æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæ.

ШАШКÆТÆ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 75 азы боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шаш-кæтæй. Ацы ерыстæ уагъд цæуынц 2010 азæй фæстæмæ Ирыстонæн нысаниуæгджын бонты цытæн. Турниры хайад райстой 16 спортсмены – 8 лæппу æмæ 8 чызджы. Майдантыл тох кодтой республикæйы районты æмæ горæтты минæ-вæрттæ.

Хъæзтыты фæстиуджытæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Цхинвалы районы минæвар Те-деты Николай. Дыккаг дæр ссис ацы районы спортсмен Джиоты Павел, æртыккаг бынатыл та ацыд Знауыры районы спортивон кад хъахъ-хъæнæг Плиты Хазби.

Чызджыты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд Ленингоры районы минæвар Хуыбылты Оксанæ, дыккаг бынат фæцис Цхинвалы районæй Дудайты Каринæйы æмæ æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæйы уæнг Джиоты Али-сæ. 

ПАУЭРЛИФТИНГ

Азы кæрон цхинвайлаг пауэрлифтер Икъаты Сæрмæт фæуæлахиз Новороссийскы уагъдцæуæг Европæйы Кубокы. Сæрмæтæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн 125 кг уæзы категорийы.

АРМСПОРТ

Армспортæй архайæг спортсментæ аз рай-дыдтой марты мæйы РЦИ-Аланийы чемпионаты хайад райсгæйæ. Уым Хæбæлаты Арсен (80 кг) бацахста дыккаг бынат, Бететы Алан (100 кг) та ссис бронзæйон призер. Октябры мæйы та Плиты Батрадз Санкт-Петербурджы дыккаг ссис æп-пæтуæрæсейон турнир «Кубок Балтики»-йы.

Ивгъуыд азты хорз бæрæггæнæнтæ равдис-гæйæ, азы кæрон «Дунеон къласы спорты дæс-ны»-йы  кадджын спортивон ном лæвæрд æрцыд  хуссарирыстойнаг армрестлер Гасситы Сосла-нæн.

БОКС

31 октябры æрцыд ныр дыууæ азæй фылдæр Ирыстоны спортуарзджытæ цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы цау. Рингмæ рахызт дунейы зынд-гонд ирон боксер Гасситы Мурат. Уымæн Сочийы уагъдцæуæг боксы изæры сæйраг тохы йæ ныхмæлæууæг уыд албайнаг боксер Нури Се-фери. Муратæн бантыст уый фыцццаг раунды но-кауты арвитын. Тохы фæстæ куыд банысан кодта, афтæмæй йын сæйрагдæр у ногæй та рингмæ кæй рахызт, уый. «Хуыцауы фæрцы та мæ уырны арæхдæр кæй уаддзынæн тохтæ æмæ фæстæмæ кæй рахиздзынæн мæ раздæры æмвæзадмæ, уый», – загъта Гасситы Мурат.

КАРАТЭ

Азы райдианы æвзæнгты ‘хсæн Краснодары чемпионаты дыккаг призон бынæттæ бацахстой Дудайты Доннæ (+55 кг) æмæ Тедеты Аннæ (50 кг). Фæстæдæр ма нæ республикæйы минæвæрттæ хайад райстой æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Уым та дыккаг ссис Тадтаты Софья (55 кг). Дудайты Доннæ æмæ Тедеты Аннæ та ацыдысты æртыккаг бынæттыл. Хис-тæр кары спортсменкæты ‘хсæн та бронзæ майдан рамбылдта Тыджыты Иринæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.