Цахæм у 2022 азы символ?

Тигр у тугдзых цæрæгой, кæцы иу ран бадын нæ уарзы: æппынæдзух ивы йæ бынат, агуры  йæхицæн амæттаг. Уый хорз хабар у, боныфæстагмæ, чизоны мах дæр фæрвæзæм дыууæазон (пандемийы аххосæй) хæдзарон ахæстонæй.

Тигр никæмæй тæрсы, уæдæ ацы аз махæн дæр нæ бон у æдæрсгæйæ план кæнæм ног проекттæ, аивæм нæ бынат, ивддзинæдтæ нæм уа хи царды. Цыдæриддæр хъуыддæгтæ рæстæгмæ аргъæвтам, цæмæдæриддæр бæллыдыстæм уыдон, гæнæн ис, сæххæст уой 2022 азы.

Фæлæ нæ рох ма хъуамæ уа грациозон, тыхджын æмæ зонджын Тигр – йæ архайдтытæн дзуапп чи нæ дæтты æмæ цæрæгойты дунейы æгъатыр минæвар тугдзых кæй у. Нæ хъæуы хи лæмæгъæй равдисын, уавæрыл хъуамæ кæнай контроль.

Азы символ «доны» Тигр кæй у, уый æвзæр нæу. Астрологты хъуыдымæ гæсгæ, дон сыгъдæг кæны азы символæн йæ негативондзинад.

Растдæр, дон уыдзæн 2022 азы хицауиуæггæнæг æрдзтыхон. Æнхъæлмæ нæм кæсы цымыдисон аз, цаутæй æмыдзаг, фембæлдтытæ, балцытæ æмæ ивындзинæттæ царды алы къабазы дæр.

Кæд райдайдзæн Тигры аз?

Скæсæйнаг къæлиндар хицæн кæны европæйагæй: Ног аз уым райдайы 1-æм январæй нæ, фæлæ æндæр бон. Китайы Тигры аз райдайдзæн 1-æм февралæй æмæ фæуыдзæн 2023 азы 21 январы. Фæлæ европæйæгтæ сæ фылдæр, уыдонимæ мах дæр, Ног аз уæрæхæй банысан кæнæм 1 январы (фæлæ нæ рох нæу, тигр йæ тыхы мæй фæстæдæр кæй бацæудзæн).

Цæмæ æнхъæлмæ кæсæм 2022 азы Тигрæй?

Азæн характерон уыдзæн ивддзинæдтæ. Уыдонæй тæрсын нæ хъæуы. Астрологты хъуыдымæ гæсгæ, æрбалæугæ аз хæрзвадат уыдзæн ног хъуыддæгтæ райдайынæй чи нæ тæрсы, уыдонæн. Уый хауы царды алы къабазмæ дæр.

Уарзондзинад æмæ бинонтæ

Иунæг адæймæгтæн фадат уыдзæн сæ царды «дыккаг æрдæгты» ссарын. Уый тыххæй хъæуы архайын: фезмæлут æмæ активонæй архайут. Уалдзæджырдæм уавæр фæхуыздæр уыдзæн. Уарзон адæймаг уын кæд ис, уæд афон у ахъуыды кæнат уæ цард баиу кæныныл. Уыдзæн конфликттæ бинонты ʻхсæн, фæлæ бирæ рæстæг нæ ахæсдзысты. Ацы аз цы сывæллæттæ райгуыра, уыдон уыдзысты æнæниз, фæлæ тæргайгæнджытæ.

Æнæниздзинад

Тыхджын æмæ æнæниз Тигр ныфс æвæры, уе ʻнæниздзинады уын кæй нæ уыдзæн серьезон проблемæтæ. Фæлæ уый нæ нысан кæны афтæ æмæ уе ʻнæниздзинадмæ уæ хъус ма дарат.

Уæлдай хъусдард аздахут нуæртты системæмæ, контроль кæнут уæ эмоцитæ, ма халут уæ нуæрттæ æмæ депрессийæ уæхи бахизут.

Финанстæ æмæ карьерæ

Аз хорзæрдæм бандавдзæн педагогтæ æмæ æфсæддонты карьерон рæзтыл, бæрæг фæхуыздæр уыдзæн материалонæй сæ уавæр. Алы профессийы минæвæрттæн Тигр амоны: аразут æппæтдæр, сымахæй аразгæ цыдæриддæр у æмæ уын æнтыстытæ дæр уыдзæн. Ныфс уæ уæт уæ тыхтæй æмæ уыл æндæртæ дæр баууæнддзысты. Сæрды банкъардзыстут уæ хъуыддæгты æнтыстдзинæдтæ.

 

2022 АЗÆН АСТРОЛОГИОН НЫСÆНТТЫ ИУМÆЙАГ ГОРОСКОП

Фыс (Овен) – 21.03-20.04

2022 аз Фысæн  уыдзæн ивддзинæдты аз. Дыууæ азы дæргъы царды уадиссаг ницы размæ рацыд. 2022 азы майы Юпитер бахиздзæн Фысы нысантæ æмæ уавæр цæхгæр фæивдзæн. Цыфæнды хъуыддагæн дæр уыдзæн æнтыстджын кæрон. Аудæг Марс афæдзы дæргъы æххуыс кæндзæн æмæ тых дæтдзæн Фысæн йæ хъуыддæгты размæцыды. Ацы аз  Фыстæй иутæ фæивдзысты сæ кусæн бынæттæ, иннæтæ сæ цæрæн бынæттæ, аннæтæ бинонты хицæуттæ бауыдзысты. Фæфылдæр уыдзæн сæ куыстмызд. Фысæн æнтыстытæ йæ сæр ма хъуамæ разилын кæной, хъуамæ рохуаты ма  уой йе ввахс адæймæгтæ

Гал (Телец) –  21.04-20.05

Астрологтæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, Галæн Тигры аз уыдзæн æфтиагджын. Уæхскуæзæй кусыны сæр æй нæ бахъæудзæн. Гæнæн ис æнæнхъæлæджы сбонджын уа – исчи йын бынтæ ныууадза, кæннод лотореяйы рамбула. Цардæмбал ссарын, йæ бинойнагæй ахицæн, ног партнер ссарын уымæн æнцонтæй бафтдзæн йæ къухты. Уыдзæн æнæнхъæлæджы сюрпризтæ: цинаг æмæ хъыгаг дæр, фæлæ сын уыдзæн хорз кæрон.

Фаззæттæ (Близнецы) – 21.05-20.06

Ацы аз Фаззæттæ хъуамæ басчъил кæной сæ дыстæ, ма базивæг кæной æмæ цы сæ бон у, уымæй хъуамæ кусой. Фæстиуджытæм бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн. Астрологтæ фæдзæхсынц Фаззæтты, цæмæй сæхи бахизой дызæрдыггаг бадзырдтæй. Адджынмæ мæлдзгуытæ куыд æмбырд кæной, афтæ уæм цæудзысты «мæгуыртæ», цырддзаст ут. Æхца алкæмæн куы дæттат, уæд уын гæнæн ис уæ хъуыддæгты æнтыстытæ мауал уа. Фаззæттæй чидæртæ фæивдзысты сæ кусæн бынæттæ, кæннод та ахуырмæ ацæудзысты фæсарæнтæм.

Мыдзбыр (Рак) – 21.06 – 22.07

Мыдзбыртæн æрбалæугæ аз уыдзæн бирæфадатджын – уыдзæн куыд сабыр, афтæ эмоцитæй йемыдзаг рæстæджытæ, æнтыстытæ æмæ къуыхцытæ. Азы дыккаг æмбисы сын уыдзæн хуыздæр æнтыстытæ. Иунæгтæ сæхицæн ссардзысты цардæмбæлттæ. Бирæтæ схиздзысты карьерæйы бæрзæндтæм. Рох уæ ма уæт уе ‘нæниздзинад бахъахъхъæнын.

Домбай (Лев) – 23.07-22.08

Домбæйттæн астрологты бафæндзæн (уынаффæ сын кæнынц), цæмæй ацы аз уой уæлдай быхсагдæр: байхъусой сæ алыварсуæвджытæм, бинонтæ æмæ æмгæрттимæ ахасты фылдæр хатт хуыздæр уыдзæн компромиссыл ацæуын. Ацы аз Домбай фылдæр хъуыды кæндзæн карьерæйыл. Фæзындзæн æм бирæ тыхтæ ног бæрзæндтæм схизынмæ. Бинонтæ скæныны хъуыддаджы дæр ын уыдзæн æнтыстытæ.

Чызг (Дева) – 23.08-23.09

Тигры аз Чызгæн уыдзæн стабилон. Æркæсын хъæуы финанстæм, банымайын хъæуы цы хардз кæнут уый, гæнæн уæвгæйæ сæ фæкъаддæр кæнут. Экономи кæнын уын фадат ратдзæн, цæмæй, æгæрæстæмæй, финансон æгъдауæй дæр баххуыс кæнат уæ хиуæттæн. Афæдзы райдианæй чызгæн йæ хъуыддæгтæ хорз цæудзысты æмæ фæныфсджын дæр уыдзæн. Хъуыдыгæнгæ куы нæ архайа, уæд ын фæзындзæн бирæ проблемæтæ. Æппæт дæр аразын хъæуы хъуыдыгæнгæ æмæ æппæтдæр уыдзæн хорз.

Тæрæзтæ (Весы) – 24.09-23.10

Тигры аз Тæрæзтæн ныфс æвæры профессионалон планы æнтыстытæй. Уый тыххæй æрмæст уæхскуæзæй кусын нæ хъæуы,  фæлæ хъуамæ хъуыды кæной сæ алы къахдзæфыл дæр. Хуыздæрæрдæм ивындзинæдтæ сын уыдзæн сæ царды æндæр къабæзты дæр. Азы фыццаг æмбисы, астрологты хъуыдымæ гæсгæ, нæу хорз рæстæг бинонтæ скæнынæн, фæлæ хорз у хæдзары сцалцæг кæнынæн æмæ хæдзары дзаумæттæ æлхæнынæн. Аз хорз у балцыты цæуынæн.

Къæдздым (Скорпион) – 24.10-21.11

Хъысмæтæй уадиссаг лæвæрттæм нæ хъæуы æнхъæлмæ кæсын. Планетæтæ Къæдздымæн ныфс æвæрынц ацы аз уавæр фæхуыздæр кæнынæй. Фæлæ зæрдыл хъуамæ дара, проблемæтæ йæхæдæг кæй хъуамæ скъуыддзаг кæна, уый. Хъус дарын хъæуы æнæниздзинадмæ, уæлдайдæр фæлдзæуæн рæстæджыты. Астрологты фæдзæхстмæ гæсгæ Къæдздым 2022 азы хъуамæ бахъахъхъæна оптимистон зæрдæйы уаг.

Фатæхсæг (Стрелец) – 22.11-21.12

Тынг хорз рæстæг ын у карьерон планы. Æцæг, карьерон асинтыл хизынæн бахъæудзæн активондзинад равдисын. Бинонты ʻхсæн ахастытæ фæуазалдæр уыдзысты, фæлæ уый рæстæгмæ уыдзæн. Фатæхсæгæн астрологтæ уынаффæ кæнынц, цæмæй архайа спортæй, аива хæрды режим, æвзæр цайдагъдзинæдтæй йæхи бахиза.

Сæгъысыкъаджын (Козерог) – 22.12-19.01

Ацы нысаны адæймæгтæн Тигры азы уыдзæн хорз фæстиуджытæ кæд æмæ равдисой сæ хорз миниуджытæ: нысанмæздæхтдзинад, хъæддыхдзинад   æмæ хиуылхæцындзинад – æмæ нæ тагъд кæндзысты. 2022 азы бæрæг фæхуыздæр уыдзæн сæ материалон уавæр. Куысты сын уыдзæн бирæ бакæнинаг хъуыддæгтæ, фæлæ улæфын дæр кæй хæуы, уый сæ рох ма хъуамæ уа.

Донкалæг (Водолей) – 20.01-18.02

2022 аз астрологион нысæнттæй иууыл хуыздæр уыдзæн Донкалæгæн. Уый куыствæллад у. Тигр баххуыс кæндзæн ацы нысаны минæвæрттæн, сæ алыварс цы адæм ис уыдоны фæрцы ситуаци рараст кæнынæн. Донкалæгæн ацы аз сæйраг уыдзысты хæдзар æмæ бинонтæ. Уыдзæн ын ног идеятæ æххæст кæныны фадæттæ. Æнæнхъæлæджы йæм æнхъæлмæ кæсы хорздзинæдтæ. Зæрдыл дарын хъæуы: хуыздæр сюрприз дын уыдзæн. æххæстæй цæттæ кæмæ дæ, уый.

Кæсаг, Кæф (Рыбы) – 19.02-20.03

Кæсæгтæн дæр ацы аз уыдзæн амондджын аз. Азы райдианы ацæуыл дæр халдзысты сæ нуæрттæ. Бахъахъхъæнут уе ʻнцойад. Уæлдай нуæрттæхæлд ницы пайда у январы. Уалдзæджы райдианы хорз фадæттæ фæзындзæн, фæхуыздæр уыдзæн царды æмвæзад. Фæхуыздæр уыдзысты æввахс адæймæгтимæ ахастытæ. Майы мæй иуæй-иутæн уыдзæн карьерон рæзт. Уый тыххæй та хъæуы уæхскуæзæй кусын. 2022 азы иунæг Кæсæгтæ ссардзысты сæ дыккаг æрдæгтæ æмæ уыдзысты амондджын. Бирæ фæхуыздæр уыдзæн сæ материалон уавæр дæр. Гæнæн ис балцы ацæуой фæсарæнтæм дæр.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.