УÆД РАЙДЫДТА НÆ НОГДÆР ИСТОРИ

1989 азы 23-æм ноябрь… Номхуындæй, уыцы бон райдыдта Хуссар Ирыстоны ногдæр истори. Номхуындæй, уыцы бонæй райдыдта Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæст.
Ирон адæмæй 20-æм азтæ куыд никуы ферох уыдзысты, афтæ сæ никуы ферох уыдзысты 1989-2008 азты сын фашистон Гуырдзыстон цы удхайраджы бонтæ æмæ æхсæв-тæ фервитын кодта, уыдон дæр. 1989 азы 23-æм ноябры райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд, кæцы аххæссыд 20 азы бæрц. Уыцы бон Тбилисы ’рдыгæй сæдæгай автобустыл Цхинвалы ’рдæм рацыдысты мингай гуырдзиаг «патриоттæ» Цхинвалы «сабырадон» митинг уадзынмæ. Фæлæ сын сæ сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон цæхæрцæст лæппутæ.

Уыцы бон Цхинвалы цæрæг гуырдзиæгтæ дыууæрдæм куы ратæх-батæх кодтой, уæд мах дæр иуран кæцæй бадтаиккам æмæ араст стæм нырма Театралон фæзуатмæ æмæ уый фæстæ та — ТЭК-мæ, цæмæй æнæхонгæ уазджытыл уым сæмбæлдаиккам. Тамарашенæй Театралон фæзуатмæ митинг уадзынмæ чи цыд, уыдоны уырдæм нæ бауагътой уæрæсейаг æфсæддонтæ — дыууæ рæнхъæй слæууыдысты фæзуаты.

Уæд уыдон сæ фæндаг акодтой ТЭК-ы ’рдæм æмæ уым баиу сты сæ тбилисаг митингаразджытимæ. Уыцы бон Цхинвалмæ æрбахизæны, хотыхджын агрессоры ныхмæ кæрæдзийы къухтыл ныхæцгæйæ цы 30 ирон лæппуйы бæрц æрлæууыдысты, уыдон равдыстой æнæмæлгæ сгуыхтдзинад. Зæгъгæ, уæд гуырдзиæгтæ горæтмæ æрбаирвæзтысты, уæд абон Хуссар Ирыстон нал уыдаид. Афтæ нæ хæдбардзинады сæрыл тохы истори райдыдта хъæбатырдзинадæй.

Фæстæдæр уыцы хъæбатыр лæппуты бирæтæ абарстой 300 спартаконтимæ, фæлæ уыцы абарст дæр раст нæ уыд, уымæн æмæ спартаконтæ уыдысты иууыл профессионалондæр хæстонтæ æппæт Грецийы, æмæ сæ сæргъ та лæууыд фæлтæрдджын æфсадфæтæг Леонид. Хуссарирыстойнаг ирон лæппутæ та сæхи хæстмæ никуы цæттæ кодтой, нæдæр сæм хæцæнгæрзтæ уыд æмæ уымæ гæсгæ цы сгуыхтдзинад равдыстой, уый диссагæн дзуринаг у, цæрæнбонты дæр нæ ферох уыдзæн адæмæй сæ диссаджы хъæбатырдзинад. Уымæн æмæ иу чысыл провокаци дæр расайдтаид стыр фыдбылыз, уыимæ гуырдзиæгтæ уыдысты хотыхджын.

Уыцы бонты лидертæй сæ иу — Гия Чантурия æргом загъта: «Уыцы дыууæ сæдæ адæймагæй мах сарæзтам национ хъайтартæ, уымæн æмæ уыдон фæстæмæ раздæхтой 28 мин гуырдзиаджы. Стыр рæдыд уыд Цхинвалмæ цæуын, фæлæ дыууæ хатты стырдæр рæдыд та уыд фæстæмæ раздæхын. Æз æй нæ зонын, ацы рæдыд куыд сраст кæнæм, уый».

Гуырдзыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæй иуæй-иутæ та фыстой, зæгъгæ, дам, ирон лæппутæ сæ разæй слæууын кодтой сывæллæтты æмæ сылгоймæгты æмæ, зæгъ, уый тыххæй раздæхтыстæм фæстæмæ. Гуырдзиаг адæм мæнг ныхæстæ дзурынмæ тынг рæвдз сты. Æндыгъддзинад ахаста 25 ноябры онг æмæ кæд уазал боныгъæд уыд, æгæрыстæмæй, мит дæр рауарыд, уæддæр ирон лæппутæ фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ сарæзтой, уымæй дæр-иу æнæхъæн горæты цæрджытæ дæр балæууыдысты сæ фарсмæ. Гуырдзиæгтæм уæлдай хъыг каст Цхинвал хъахъхъæнджыты къухты Советон Цæдисы Сырх тырысатæ уынын. Æмæ сæм хъæр кæнын райдыдтой, зæгъгæ, æххæст Ленины портрет дæр рахæссут. Уалынмæ дын 10 минуты нæма рацыд æмæ нæ лæппуты ’рдыгæй фæзындис Ленины портрет. Лæппутæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ ма уыдон агуырдтой Родионовы портрет (гуырдзиæгты знаг) дæр, фæлæ йæ, хъыгагæн, не ссардтой. Æнæхонгæ уазджытæ дæр сдардтой 20-æм азты Хуссар Ирыстоны туджы зæйтæ цы тырысайы бын рауагътой, уый.

Æртæ боны фæлæууыдысты кæрæдзийы ныхмæ ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ. 25-æм ноябры райсомæй раджы горæтмæ æрбахизæны уавæр фæкарздæр. Гуырдзиаг неформалты къухдариуæггæнджытæ уæддæр аскъуыддзаг кодтой горæтмæ æрбатонын. Æмæ уæд завод «Эмальпровод»-ы скуыста сиренæ, горæты цæрджытæм ныхмæлæуды бынатмæ сидгæйæ. Гуырдзиæгтæ сæдæгай адæймæгты куы федтой зæронд хидæй мидхъуыддæгты æфсæдты кордоны онг, уæд нал баууæндыдысты фезмæлын.

Фыццаг атакæйы фæсыккæй ирон адæм бындур æрæвæрдтой дарддæры уæлахизтæн. 1989 азы 23-æм ноябрь куы нæ уыдаид, уæд нæ уыдаиккой 1990 азы 20-æм сентябрь, нæдæр 1992 азы 29-æм май, нæдæр 2008 азы 26-æм август.

Фæдзурынц, зæгъгæ, дæ сыхагæй дæр амонд хъуамæ уа. Раст у, хорз сыхагæй хуыздæр цы ис, фæлæ ирон адæмы амонд нæ фæци хорз сыхæгтæй куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр. Ирон адæмы цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ гуырдзы æмæ мæхъæлæн куыддæр фадат фæцис, афтæ та се ‘цæг цæсгом равдыстой, Советон Цæдис куы ныппырх æмæ сын сæ рохтыл куы ничиуал хæцыд, уæд. Æмæ балбирæгътау лæбурын райдыдтой ирон адæммæ дыууæ ’рдыгæй, фæлæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон куыд нæй, афтæ фыдлæгæн дæр йæ цъаммар митæн æрцæуы кæрон æмæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ сæрибар паддзахад. Ныр 14 азы нæ сывæллæтты нал рамбæхс-бамбæхс кæнæм знаджы нæм-гуытæй ныккæндты алы къуымты стыр Уæрæсейы руаджы.

1989 азы ноябры цаутæй кæд 33 азы рацыд, уæддæр ирон адæмы зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, афтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ