Ирон адæмæн нæ рагфыдæлтæй цы хъæздыг исбонтæ баззад, уыдон сты: Райгуырæн бæстæ, фыдыуæзæг, мадæлон æвзаг, дзыхæйдзургæ сфæлдыстад, Нарты æнæмæлгæ кадджытæ, Даредзанты таурæгътæ, Царциаты диссæгтæ æмæ тæмæссæгтæ. Ацы арфæйаг цардвæндаджы бахсыстысты нæ цытджын фыдæлтæ, æмæ нæ абоны кæстæртæн сты фæзминаг.

Æнæ ивгъуыдæй фидæн аразæн нæй, уый йæ уд æмæ зæрдæйæ чи æнкъардта, уыцы арфæйаг кæстæртæм хауд Абхазы, Хуссар Иры æмæ Донецкы хæстыты хъайтар Мамиты Толикы фырт Олег. Мамийы фырты хуызæттæ вæййынц наци – наци кæмæй вæййы, ахæм хурæмдых лæгтæ.

Олегы фыдæлты цæрæнбæстæ æрбынат кодта Туалгомы – фаллаг комы, быдыры хъæутæй та – йæ райгуырæн Къостайыхъæу.

Адæмы фарн хæхтæй бæрзонддæр у. Хæхты хъæбул – Мамиты Олег, йæ раттæг адæмимæ, æмтугæмыстæг у, йæ рагфыдæл Мамиты номхæссæны куырыхон, ахуыргонд Хъарадзау уыд Магкаты разагъды лæг, Иры адæмæн хæрзгæнæг Зураппы рахис цонг. Уыдон бабастой æнустæм ирон адæмы хъысмæт Цытджын Уæрæсеимæ. Ирыстоны хурты-хур, ирон дзырды зæрингуырд Хетæгкаты Къоста йæ адæмы фидæны амонд уыдта æрмæстдæр Стыр Уæрæсеимæ!

Ацы разагъды лæгты фæдон уыд, йæ раттæг адæмы хъæбулы уарзтæй чи уарзта, йæ Фыдыбæстæ, ныййарæг зæххæн кад æмæ намыс чи скодта, йæ сæрвæлтау йæ цард чи радта, Абхазы адæмы, Ирыстоны æмæ Стыр Уæрæсейы цытджын адæмы патриот Мамиты Олег.

Коцты Славик (дзæнæты уæд йæ бынат), йæ фырт Олег, хъомысджын куыстуат «Спецтепломонтаж»-ы сæйраг инженер, Мамийы фыртимæ сывæллоны бонтæй иумæ схъомыл сты, мадызæнæг æфсымæртау уарзонæй цардысты дыууæ Олегы. Коцты Олегæн цард бантысæд, адæмæн хæрзгæнæг у æмæ адæмы хорзæх та цардамонд у! Коцты лæппу – йæ цæссыгтæ нæ урæдта, афтæмæй æрхæндæгæй дзырдта: «Бæргæ, куы ничи мæлид, фæлæ уый цард æмæ мæлæты ‘хсæн арæныл æнусон фæтк у. Цыппар мæйы размæ мæ фыдæн йæ куыстуаты йæ зæрдæ ныллæууыд йæ куыстæй… Ныр та ноджы фыдохы мардæрцыд, мæ хуыздæр æмгар Донецкæй ласгæ мард фæци… О, цæй зын у хорз æмгарæй фæхицæн уæвын! Æнæмæлæт дуне нæй, алчи дæр нæ лæууы кæнæ цæуы цардæй мæлæты ‘хсæн фæндагыл. Æнусон а-дунейыл ницы ис. Фæлæ мæлæтæй æнусондæр у адæймаджы уды фарн, æрмæст  æрвон рухсæй æнусондæр у адæймаджы фарн.

Мамийы фыртæн йæ цин, йæ уды равг æмæ йæ зæрдæйы рухс уыдысты райгуырæн Ирыстоны хæрзæбон – хæрзиуæг, Иры фидæныл аудын. Йæ уды хъизæмар – Ирыстоны рыст, æфсымæрон бæстæ Абхазы адæмыл сагъæс, Стыр Уæрæсейы адæмы, Донецкы хæсты катай.

Хорз адæймаг адæмæн царды хос хæссы, йæ хорзы кой – мыггагмæ цæры. Зонд, куыст, æгъдау, адæмы фарн Мамиты Олег кæддæриддæр нымадта, адæймагæн кад чи кæны, уыцы хуыздæр миниуджытыл».

Олегæн йæ царды рæсугъд, райдзаст, зæрдæрай азтæ уыдысты йæ сабибонтæ, скъолайы ахуыры, уæлдæр ахуырады рæстæг.

Нæ цардуаджы адæмы, бæстæйы хъæздыг историйы æвдисæндартæ куыд æвдисынц, афтæ хъысмæты фæндтæн рагагъоммæ базонæн нæй. Райсом цы уыдзæн, уымæн ничи ницы зоны. Советон цардарæзт чи æрæййæфта, уыдонæн, нæ хъомысджын паддзахад мидбæстон знæгтæ авгау куыд нызгъæлæн кодтой, уый амонын нæ хъæуы. Федтам, цы нын æрхаста мæнгард цардхал демократты цардарæзт. Дунейы æппæты егъаудæр бæстæ фынддæс хæдбар паддзахадыл ныддихтæ. Бæстæ сæмтъеры, армукъа фестад, чи кæй асайа, афæлива, кæй бафæнда, уый мары. Искæй зæхх дæ хъæуы, табуафси,  демократи  – де ‘вварсхæцæг!

Фыдыбæстæйыл гадзрахатæй рацæуджытæ, мæнгард, æнæсæрфат политиктæ ссыгътой хæсты арт. Æмæ уыцы фыдохы арты, фыццаджыдæр, басудзынц рæстаг чысылнымæц адæм. Уыцы артæндзарджыты ныхмæ хъæбатырæй чи хæцыд, уыдонæй иу уыд Донецкы Хъæбатыр Мамиты Олег. Дзæуджыхъæуы йæ саударæн æмбырды Донецкæй æрбацæуæг йæ хæстон æмбæлттæ кæугæ-дзыназгæйæ кастысты поэт Плиты Феликсы фыст æмдзæвгæйæ ахæм рæнхъытæ:

 

Цы дын кодтам, нæ уарзæгой æмгар?!

Ды нæ куыд уарзтай, афтæ дæ куы уарзтам,

Уæд нын ды уый цы бакодтай «лæвар»,

Дæ сау фыдохæй арф хъыджы ныххаудтам.

 

Мамиты Олег, 2014 азы цæргæсау, йæ фидар базыртыл стахт Уæрæсейы сæрмæ бæрзонд, уæрæх арвмæ, дæрдтыл афæлгæсыд æмæ хæстон æххуыс кæм бахъуыд, уым æфхæрд Донецкы адæмы фарсмæ нæртон Батрадзау уарт æмæ цирхъимæ æрлæууыд.

Цыппар азы хъахъхъæдта йæ дæлбар 400 хæстонимæ Донецкы адæмы удæнцойад. Ирон саджы фисынтыл амад лæппу Мамиты Олег ирон адæмы кад уæлдæр систа, фæлæ цардæй зынаргъдæр ницы ис æмæ йæ Олег радта намысджын Донецкы сæрибаруарзаг адæмы сæрвæлтау. Мамиты Олегы фыдохы табæт Донецкы паддзахадон оперæ æмæ балеты театры саударæн митингы бирæ хъыггæнæг адæмы раз Донецкы республикæйы разамонæг Александр Захарченкойæн йæ цæстытæ доны зылдысты, афтæмæй дзырдта: «Царды цыфæнды зын фæлварæнты сæрты ахизын æмæ зæрдæхæлар, æууæнкджын, дзыллæтæн уарзон адæймагæй баззайынæн хъæуы фидар зонд, ныфс, хъару æмæ фидæн райдзастæй уыныны хæрзæбон. Ахæм хатдзæгмæ æнæрцæугæ нæй Иры хъæбул, Донецкы республикæйы Хъæбатыр, мæнæн мæ кæнгæ æфсымæр Мамиты Олегы цардвæндагимæ куы базонгæ уай, уæд. Æз сæрныллæгæй тæфæрфæс кæнын мæ дыккаг мад Мамиты-Чысиаты Верæйæн, дæ хъæбул Донецкы сæрибаруарзаг адæмы цæрайæн йæ цард кæй радта, уый тыххæй. Зынаргъ Верæ! Дæ хъæбулы дын ничиуал баивдзæн, фæлæ, кæд гæнæн ис, уæд мæ нымай дæ хъæбулыл».

Донецкæй Ирыстонмæ мæрддзыгой æрцыд 100 адæймагæй фылдæр æмæ æртæ инæлары. Уый стыр кадыл дзурæг у.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы тæфæрфæсы ныхасмæ хъусгæйæ, адæмы зæрдæйы нуæрттæ сызмæлыдысты: «Мамиты Олег хæцыд, 26 азы размæ, 20-æм майы Зары фæндагыл бæлццæтты чи ныццагъта, уыцы лæгсырдтимæ Ереды хъæуы. Олег йæ цард радта, цъаммар Бендеры сæркъуыртæ Донецкы сабыр адæмы кæй цæгъдынц, уыдоны сæрвæлтау.

Олег, дон нуазгæйæ дæр, рухс кодта, Беслæны фыццæгæм скъолайы дон-донгæйæ чи фæмард, уыцы рæзгæ æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæн. Олег йæ маст райста æмæ бирæ знæгты мæрдтæм барвыста, Хуссар Ирыстоны зæххæй лæгъз быдыр скæндзыстæм æмæ дзы кафдзыстæм, зæгъгæ, чи дзырдта, уыцы æрбалæбурæг фыдгæнджытæй».

Олегы хуызæн хъайтартыл кады зарджытæ кæнын хъæуы:

 

 Тоны æрхæндæгæй зæрдæ,

Скъуыйы мæстæлгъæдæй риу.

 Ног та нæ хуыздæртæй

 Бацыд сау сыджытмæ иу.

 

Ирон адæмæй рох нæ уыдзысты Мамиты Олегы хъæбатырдзинады хабæрттæ. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ йын æрæджы, Олег Дзæуджыхъæуы цы хæдзары цард, уый къулыл кæй бакодтой номарæн къæй, зындгонд журналист А. Сладков та йæ номыл систа документалон киноныв.

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.