ФАУНÆ ÆМÆ ФЛОРÆ – АДÆЙМАДЖЫ АУДИНАГ

Экологи у нæ царды ахсджиагдæр хай, фæлæ йыл æппæрццагæй æндавынц нæ дуджы – алыгъуызон зианхæссæг буарадтæ йæм кæй æфты, транспорт цы газтæ уадзы, уыдон, хъæд цагъд кæй цæуы, афтæ ма хъæддаг цæрæгойтæ куынæг кæныны хъуыддаг. Ацы факторты рæхыс кæй æндавы æрдзыл, уый тыххæй нын лæмбынæгдæр радзырдта нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы клуб «Æнæниз фæлтæр»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Екатеринæ.Афтæ уыд хъæды хабар дæр. Нæ фыдæлтæй нæм æрхæццæ тобæгонд хъæд, зæгъгæ, ахæм дзырд дæр. Уырдæм æвналæн нæ уыд, суг ракæныны бар дзы нæ уыд æмæ-иу æвастæй ахæм хъæдмæ фæрæт чи бахастаид, уыдон æййæфтой карз æфхæрд. Афтæмæй  хæххон ирон адæм хъахъхъæдтой хъæдты æвæрæнтæ, сæ фидæны фæлтæртыл хъуыдыгæнгæйæ.

Екатеринæ куыд зæгъы, афтæмæй æрвылаз дæр 3-æм марты æгас дуне нысан кæнынц хъæддаг æрдзы дунеон бон. Ацы бæрæгбон 2013 азы 20 декабры расидт ИНО-йы Генералон ассамблея. Йæ нысан уыд, хъæддаг фаунæ æмæ флорæйы фарстытимæ уæрæх дзыллæты базонгæ кæныны æмвæзад бæрзонддæр кæнын. Уыцы аз ма нысан цыд æндæр ахсджиаг документ райсыныл 40 азы сæххæсты бон. Уый та уыд, «фесæфынæй тас кæмæн уыд, уыцы хъæддаг фаунæ æмæ флорæйы хуызтæй дунеон базарады тыххæй» конвенци. Раст-дæр ацы конвенцийы райст æрцыд, цæмæй 3 март нысан цæуа «хъæддаг æрдзы дунеон бон»-æй. Абон ацы конвенцийы хайадисджытæ сты 183 паддзахады. Уæрæсе, куыд Советон цæдисы фæдон, афтæ ацы организацимæ бацыд 1992 азы.

Ахæм бæрæгбоны фæзынд баст у планетæйы, хъæддаг æрдзы биологион бирæхуызондзинад бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинадимæ. Хъæддаг æрдз æнгом баст у адæмы фæрныгады экологион, генетикон, со-циалон, экономикон, зонадон,   ахуырадон, культурон рекреацион æмæ эстетикон аспекттимæ.

Хъæддаг æрдзы дунеон бон фадат дæтты хъæддаг флорæ æмæ фаунæйы бирæгъуызон æмæ рæсугъддзинадмæ хъусдард аздахынæн, афтæ ма æххуыс кæны æрдзхъахъхъæнынадон архайды рæстæджы адæймаг цы зонындзинæдтæ райсы, уыдоны тыххæй æндæртæн хъусын кæнынæн. Ацы бон ма нын нæ зæрдыл лæууын кæны хъæддаг æрдзмæ ахасты фыдракæндты ныхмæ тох фæтыхджындæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцытæн вæййы экономикон, экологион æмæ социалон фæстиуджытæ. Ацы бон цы мадзæлттæ уагъд фæцæуынц, уыдон вæййынц хицæн экологион темæтыл. Сæфты къахыл ныллæууæг флорæ æмæ фаунæйы хуызтæ ба хъахъхъæнын, афтæ ма æрдзы иннæ хуызты нымæц дæр ма къаддæр кæныныл аудындзинад æвдисынц æгас дунейы бирæ зо-надон кусджытæ, политиктæ, экономисттæ æмæ хуымæтæджы æмбæстæгтæ дæр. Уыдон архайынц, цæмæй сæ тыхтæ æрбамбырд кæной, æрдзы дунейы адæймаг йæхи кæй хæццæ кæны, уый фæстиуæгæн чи сæфынц, уыдон фервæзын кæныны сæраппонд. Уымæ гæсгæ фылдæрæй фылдæр адæм ныхъуыды кодтой планетæйы æрмæст адæймаджы нæ, фæлæ алы удæгас уæвæгойы царды ахсджиагдзинадыл дæр, цæрæгой уа æви зайæгой, уымæ нæ кæсгæйæ. Ацы бæрæг-бон ахъуыдыгондæй, дзыллон-информацийы хайадистæй ауадзын, фадат дæтты рæнхъон æм-бæстæгтæн нæ дунеæмбарынад рауæрæх кæнынæн, адæмæн хъæддаг æрдзы фенын кæны-нæн.

Гæбæраты Екатеринæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы бæрæгбон адæймаджы ахуыр кæны, цæмæй йæ алыварс дунеимæ цæра гармонийы. Адæмы æрдзы рæсугъддзинадимæ, йæ бирæхуызондзинадимæ æмæ хицæнæй йæ алы хуызы уникалондзинадимæ зонгæ кæнын ахъаз кæны ахæм процессы гармонизацийæн. Хъæддаг æрдзмæ ахасты адæмы зондахаст фæивын, æрдзон хъæздыгдзинæдтæ æгæрон кæй сты, афтæ хъуыды кæныныл къух сисын, нæ фидæны фæлтæртæн фадат дæтты хъæддаг æрдзимæ æмуæвынады ахæм гармонион фæрæз ссарын, кæцыйы руаджы æхцондзинад исдзысты хъæддаг æрдзы рæсугъддзинадæй.

Хъыгагæн, куыд æгас дунейы, афтæ нæ республикæйы дæр уæвынц хъæддаг æрдзимæ баст проблемæтæ. Сæфынц, кæнæ къаддæр кæнынц хъæддаг цæрæгойты æмæ зайæгойты хуызтæ. Бирæ хуызтæ дзы хаст æрцыдысты «Сырх чиныг»-мæ. Бирæ хуызтæ дзы сæфынц адæймаджы æнæахъуыдыгонд архайды тых-хæй. Махæй алкæй хæс дæр у, цæмæй аудæм хъæддаг æрдзыл æмæ йæ бахъахъхъæнæм нæ фи-дæны фæлтæртæн.

Раст зæгъгæйæ, не ‘гъдæуттæм дæр куы æркæсæм, уæд уыдоны дæр бæрæгæй зыны, æрдзы сыгъдæгдзинадыл куыд аудын хъæуы, куыд æй хъахъхъæнын хъæуы, уый, зæгъы Гæбæраты чызг. Зæгъæм, дон чъизи кæнын нæ фæтччыдис, уымæ гæсгæ брæттæ донмæ ничи калдта. Суадоны дон та сын бынтон табуйаг уыд. Донскъæфæнты йæм цыдысты кувынмæ. Аргъуыдыл нымад кæй цыд, уымæ гæсгæ йæ абон дæр фæхæссынц хосæн. Донмæ ног чындзыты кодтой æртæ кæрдзынимæ, кафгæ æмæ заргæйæ. Доны чызджытыл сæ фæдзæхстой. Ныр та цы уынæм? Нæ цæугæдæттæ систы брондæттæ.

Ирон адæймаг æрдзы сыгъдæгдзинад нымадта уды сыгъдæгдзинадыл æмæ йæ хъахъ-хъæдта уыцы хуызы. Адæймаг æрдзæн йæ иу хай кæй у, уый æмбаргæйæ йыл фæдзæхста йæхи, зыдта йын йæ архайдтытæ, йæ бæрæг афонтæ æмæ ахæм рæстæджыты нæдæр суг ракодтаид, нæдæр цуаны ацыдаид. Уымæн æмæ сын уыдис сæхи фæтк. Уыцы фæтк та-иу чи фехæлдта, уый та æлгъыстаг уыд æрдзæн æмæ адæмæн дæр. Раздæр-иу Ирыстоны цæугæдæттæм еугæф кæныны рæстæджы ничи бацыдаид. Йæ цæуæн афон ын æнæхъуа-джы мыййаг нæ рахуыдтой кæфты мæй. Диссаг уыдысты, æвæдза, нæ фыдæлтæ, цас аив æмæ æмбаргæ хъуыдытыл хæст уыдысты. Сæ цот кæнын афон хъахъхъæдтой кæфы, хъæддаг сырдты. Ныр та?..

Уалдзæджы зæхх базмæлы, æрдз райхъал вæййы, фæивы йæ хуыз. Хъæдгæрæтты, фæзуæтты æрдузты фæзынынц алыгъуызон дидинджытæ. Фæлæ æрдзы уыцы рæсугъд лæвæрттыл дæр мах нæ фæцауæрдæм, ферох нæ вæййы, лæвар нын кæй сты, уымæ гæсгæ сыл нæ ауæрдæм, тонæм сæ æнæвгъауæй.

«Æрдз нæ радта, æрдз – нæ дарæг, нæ абон æмæ нæ фидæн дæр уымæй кæнгæ у, æмæ йæ хъуамæ хъахъхъæнæм, аудæм ыл, нæ бон цас у, уыйас, цæмæй лæггад кæна, нæ фæстæ цы фæлтæртæ цæрой, уыдонæн дæр. Æрдзы æнæниздзинад у не ‘нæниздзинад. Куыд ыл аудæм, афтæ ныл ауддзæн. Æрдз æфхæрд нæ бары æмæ уый хъуамæ махæй алчи дæр йæ зæрдыл дара», – загъта йæ ныхасы кæрон Гæбæраты Екатеринæ.

Уæдæ, махæй алкæмæн дæр йæ бон у, цæмæй æрдзы сыгъ-дæгдзинадмæ бахæсса йæ хайбавæрд. Алчи дæр йæ алыварс территори, донбылтæ алыгъуызон брæттæй куы сыгъдæг кæна, уæд.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.