18 сентябрь – УФ-йы паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты бон

 

Цалдæр боны ма баззад Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм. Куыд зонæм, афтæмæй æвзарæн фадгуытæ бакондæуыдзæн Хуссар Ирыстоны дæр, цæмæй мах дæр, Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ, спайда кæнæм нæ Конституцион бар-тæй æмæ хайад райсæм уыцы æвзæрстыты.

Нæ истори, нæ хъысмæт Уæрæсейы историимæ æмæ хъысмæтимæ  рагæй у æмбаст, йемæ нæ фыдæлтæ сæ хъысмæт фидар сбастой. Фыдæбойнаджы бонтæ æмæ нын цины бонтæ иу уыдысты æмæ ныр дæр сты, куыд фæзæгъынц – нæ цин дæр æмæ нæ хъыг дæр иу у. Нæ фыдæлты разагътадæртæ-иу Уырысы æфсады службæ кодтой, бирæтæ дзы инæлæрттæ дæр систы. Уыдонæй Ирыстон кæддæриддæр сæрбæрзонд уыд. Алы хæсты дæр уырыссаг салдат æмæ ирон салдат уæхски-уæхск тох кодтой. Цæвиттонтæн фаг сты 2008 азы августы хæст æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. 2008 азы иунæг уæрæсейаг салдаты ныййарæг дæр нæ балæууыд йæ цардбæллон хæстон хъæбулы раз æмæ йæ не ‘рурæдта, Хуссар Ирыстонмæ фæдисы куы рацæйцыд, уæд. Афтæ уыд, фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы æрбабырста, уæд дæр. Фашистты ныхмæ тохмæ æзфæраздæронæй цыдысты Ирыстоны хæстхъом фæсивæд.  Нацийы бæрцмæ гæсгæ ирæттæй фылдæр Советон Цæдисы Хъайтартæ никæцы адæмæй уыд. Уымæй зæгъæн ис – Уæрæсеимæ нæ фæндаг иу уыд æмæ йыл иумæ æмдзу кодтам æмæ дарддæр дæр æмдзу кæнæм æмæ кæндзыстæм. Мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй нæ кæстæртæ уыцы фæндагæй ма фæиппæрд уой, æндæр фæндаг нæ сæрсæфæнмæ кæны.

Хъыгагæн, не ‘хсæнады вæййы ахæм адæймæгтæ, кæцытæ фæхъуыды кæнынц, зæгъгæ, æз хъæлæс куынæ радтон, уæддæр ын ницы у. Уый раст хъуыды нæу.  Не ‘хсæнады иунæг адæймаг дæр фæстæ ма хъуамæ фæлæууа æмæ хъæлæс радта, æрмæст Уæрæсейы Федерацийы хæрзиуæгæн нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн дæр. Нæ адæмæй иу дæр Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм куыдфæндыйы цæстæй ма хъуамæ кæса, уымæн æмæ ацы æвзæрстытæ сты президентон æвзæрстытæм репетици æмæ нæ хъуыдыджынæй хъæуы хъæлæс радтын. Мах хъуамæ фенын кæнæм нæ ахаст æрмæст Уæрæсейы Федерацимæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны хъысмæтмæ дæр. Ноджыдæр ма йæ зæгъдзынæн, Стыр Уæрæсеимæ нын иу хъысмæт, иу фæндаг ис..

Уый кæуылты хъуыддаг уыд, æмæ 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Президент Дмитри Медведев, æнæхъæн дуне йæ ныхмæ суыдзысты, уый зонгæйæ, равдыста фæндвидардзинад æмæ банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уымæй æрурæдта хуссайраг  ирæтты геноцид, кæрон скодта Хуссар Ирыстоны адæмы хъизæмæрттæн.

Махæй рох ма хъуамæ уа, 20 азы дæргъы кæй ныфсæй баззадыстæм удæгас, кæй тасæй нæ нæ аныхъуырдтой нæ сыхаг «кæфхъуындартæ», 2008 азы августы Хуссар Ирыстонæй кæй фæрцы нæ сарæзтæуыд «тыгъд быдыр». Уыцы тугæрхæм фондз бонон хæсты рæстæджы уырыссаг салдат æмæ ирон хæстон иумæ бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæгæй. Нæ цæст ахæссæм нæ ивгъуыдыл, нæ фидæныл дæр ахъуыды кæнæм, нæ цæстытыл ауайын кæнæм, æнæ Уæрæсейæ нæм цы æнхъæлмæ кæсы. Мæнмæ гæсгæ ничи дызæрдыг кæны, æнæ Уæрæсейы æххуысæй махæн ам цæрын тынг кæй фæзын уыдзæн, нæ фыдбоны сыхæгтыл æндзыгниз куы схæца æмæ нæ куы ныхъуыдты кæной, уæддæр.

Мæн уырны, ирон адæм никуы ферох кæндзысты Уæрæсейы хорздзинæдтæ æмæ уый нысанæн 18 сентябры, хъæлæс дæттыны бар кæмæн ис, уыдон иууылдæр активонæй хъæлæс ратдзысты, нæ тыхсты рæстæджы нæ фарсмæ чи балæууыд æмæ нæ фыдбылызæй чи бахызта, чи ныл ауды æмæ нæ республикæ кæй фæрцы æндидзы, уыцы Уæрæсейы рухс фидæны тыххæй. Уымæй мах фæахъаз уыдзыстæм нæ  республикæйы размæцыдæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.