Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта кусæгон æмбырд, цыран æруы-наффæ кодтой цæрæнуатон-арæзтадон кооперативты (дарддæр ЦАК) бирæфатерон цæрæн хæдзæртты иумæйагæй пайдакæнынады бынæттæм зилын æмæ  сæ  цалцæг кæныны фарстытыл.

Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у ЦАК-ы бирæфатерон цæрæн хæдзæртты иумæйаг исадмæ цæстдард сорганизаци кæнын архайгæ нормативтæм гæсгæ, сæйраджыдæр, 2016 азы 17 октябры «Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исадмæ цæстдард æмæ цалцæг кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæ.

«Ацы проблемæ рагæй уæвынад кæны. Цæрæн хæдзæрттæ столицæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады балансмæ радтын фадат ратдзæн дарддæр ЦАК-ы цæрæнуатон фонд бахъахъхъæнынæн, иумæйаг исады рæстæгмæйон æмæ капиталон цалцæгкæнынад, афтæ ма хæдзæрттæ æмæ хæдзæртты раз территоритæ дарыныл хъусдард», – загъта Хицауады сæргълæууæг.

Банысангонд æрцыд, бирæ азты дæргъы ЦАК-ы бирæфатерон хæдзæрттæм цæрæнуатон-эксплуатацион кусæндæтты ‘рдыгæй хъусдард кæй нæ уыд, æмæ уый фæстиуæгæн исады фылдæр хайы хъæуы бындурон цалцæг.

Бекъойты Геннади бахæс кодта горæт Цхинвалы администраци æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад»-æн, цæмæй кооперативон бирæфатерон хæдзæртты иумæйагæй пай-дакæнынады бынæттæ лæвæрд æрцæуой эксплуатацимæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ, афтæ ма Экономикон рæзты министрадмæ ЦАК-ы хæдзæртты иумæйаг исады гуырахст æмæ сконды тыххæй бæлвырдгæнæнтæ бавдисын, æмæ развæлгъау хыгъдтæ саразын, хъусдард сæм æрдарыны тыххæй. Уымæй уæлдай ма, Экономикон рæзты министрадæн хæсгонд æрцыд дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ ЦАК-ы бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæм (лифтон хæдзарад хынцгæйæ) цæст дарыны фæдыл 2023 азы цæрæн фонды Паддзахадон унитарон куыстуат «горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад»-ы лæггæдты фæдыл тарифты хыгъдмæ ног фæрæзтæ бахæссыны фарстыл бакусын.

Хицауады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, столицæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады балансмæ лæвæрд æрцæудзысты 70 мин квадратон метры иумæйагæй пайадакæнынады бынæттæ 38 бирæуæладзыгон хæдзæртты.

Æмбырды хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ йæ хæдивæг Гуыцмæзты Илья, Экономикон рæзты министры хæдивæг Дыгъуызты Руслан, Паддзахадон унитарон куыстуат «горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад»-ы хистæры хæдивæг Биазырты Анатоли æмæ æндæртæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.