Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды тыххæй референдум ауадзыны фарсты фæдыл  æрæджы Мæскуыйы уыд хуссарирыстойнаг делегаци Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Сæйраг тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан,  Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Къоста, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Медойты Димитр æмæ Централон æвзарæн къамисы сæрдар Гæджиты Эмилия.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры делегацийы уæнгтæ фембæлдысты журналисттимæ æмæ сын радзырдтой сæ балцы фæстиуджыты тыххæй.

Президент Гаглойты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсеимæ баиу уæвыны сæраппонд Хуссар Ирыстоны референдум ауадзыны тыххæй уæрæсейаг фарс ницы зыдта, цалынмæ хуссарирыстойнаг фарс Уæрæсейы официалон адæймæгтимæ консультацитæ нæ ауагъта, уæдмæ.

«Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерациимæ ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд. Уыцы бадзырды фыццаг статьямæ гæсгæ, æддагполитикон векторы æппæт къахдзæфты дæр хъæуы координаци æмæ сыл æруыннаффæ кæнын. Фæлæ  нæ референдумы хъуыддаг та рауад афтæ, мах Уæрæсеимæ иу кæнæм, фæлæ уый тыххæй Уæрæсе ницы зоны. Референдум ауадзын нæ кæй хъæуы, уый тыххæй мах нæ позици Уæрæсейы раз банысан кодтам,  фæнды нæ, цæмæй  Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуа», – загъта Президент Гаглойты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, экспрезиденты барамындæй референдум куы ауагъдæуыдаид, уæддæр раст нæ уыдаид, референдумы фарс-ты формулировкæ раст кæй нæ уыд, уый фæстиуæгæн.

«Референдумы цы фарст хъуамæ уыдаид, ома, «Разы дæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы баиу уæвыныл?», уый дæр æвзæрын кæны серьезон фарстатæ, уымæн æмæ Уæрæсеимæ баиуæн цалдæр варианты ис. Цæвиттон, «Уæрæсейы скондмæ бацæуæн ис, куыд хицæн субьект», афтæ, кæнæ та – «Куыд хицæн субъект, фæстагмæ Цæгат Ирыстонимæ баиу уæвгæйæ».

Цæмæй æмбæлон фарст æрæвæрæм ре-ферендумы, уый тыххæй фарсты формулировкæйыл уынаффæ кæндзыстæм Парламенты дæр, цыран хайад райсдзысты æхсæнад дæр, уый фæстæ консультацитæ ауадздзыстæм Уæрæсеимæ», – банысан кодта Гаглойты Алан.

«Мах иууылдæр фæнды, цæмæй тагъд Хуссар Ирыстон бацæуа Уæрæсейы скондмæ. Фæлæ мах фæнды, цæмæй хъæуæг процедурæтæ иууылдæр æххæст æрцæуой», – бахахх кодта Президент.

Тадтаты Алан куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæм æнусты дæргъы тох кодтой историон рæстдзинадыл. Уыцы историон рæстдзинад та у  Уæрæсейы скондмæ бацæуын æмæ Цæгат Ирыстонимæ баиу уæвын. Ацы фарсты тыххæй Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад дырысæй банысан кодта йæ позици.

«Консультацитæ дыууæ сахатæй фылдæр цыдысты. Референдум Хуссар Ирыстоны адæмы кæй хъæуы, уый тыххæй махæй алчи дæр загъта йæ позици», – загъта Парламенты спикер æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъ-гæ, нæ адæм йæхи æмæ йæ фидæн уыны Уæрæсейы сконды.

«Ацы фарсты формулировкæйыл ногæй æруынаффæ кæй хъæуы, уый тыххæй мах иууылдæр сразы стæм. Инициативон къорды уæнгтæ, кæцытæ сæ къухтæ æрфыстой фыццаг референдумыл, хъуамæ æрæмбырд уой æмæ юридиконæй раст фарст сæвæрой референдумы тыххæй,цæмæй уыцы фарстæн  ма уа дывæрсыг мидис», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Джиоты Алан куыд банысан кодта,  афтæмæй хуссарирыстойнаг фарс ногæй кусын райдыдта, референдумы цы  фарст кæнæ фарстатæ хъуамæ уа, уыдоныл, уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, референдум снысан кæныны барамынд раст нæ уыд, ома, хæлд æрцыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырды  фыццаг статья, кæцы «мах хæсджын кæны,  цæмæй æддагполитикон фæстиуджытæ кæмæн ис, уыцы  архайдтытæ координацигонд цæуой æмæ сыл Уæрæсеимæ иумæ æруыннаффæ кæнæм».

Куыст иууылдæр ногæй райдайын хъæуы, фæлæ историонæй хъуамæ раст уа, хъуамæ дзуапп дæтта Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды фыццаг статьяйæн. «Ахæм ахсджиаг фарстыл дыууæ фарсы иумæ не ‘руынаффæ кодтой æмæ йæм  уæрæсейаг фарс цæттæ нæ уыд.

«Нæ позици уый мидæг уыд, æмæ кæд ахæм фарстаимæ референдумы фæстиуæгмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны  Уæрæсе райстаид йе скондмæ, уæд мах цæттæ уыдыстæм референдум ауадзынмæ. Фæлæ алыгъуызон мидистимæ цы фарст ис, уый райсинаг нæу», – бамбарын кодта Джиоты Алан.

«Иу фарст æвзæрын кæны æртæ варианты. «Æвзæрстыты тыххæй цæрджыты барты гарантитйы тыххæй» закъонмæ гæсгæ,  дырыс фарстæн дырыс дзуапп хъуамæ уа», – банысан кодта Президенты Администрацийы Къухдариуæггæнæг.

Коцты Олеся куыд банысан кодта, афтæмæй референдум ауадзыны тыххæй тæрхондонон акт райстæуыд РХИ-йы закъонмæ гæсгæ. Ацы фарсты фæдыл Сæйраг тæрхондоны президиум æмхъæлæсæй райста уынаффæ.

«Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй референдумы фарсты формулировкæйы тыххæй махмæ дæр сæвзæрд фарстатæ, фæлæ тæрхондоны уыд 4000-æй фылдæр къухфысты, æмæ къухфыстыты алы фарсыл дæр дырысæй фыст уыд, референдумы цы фарст хъуамæ уыдаид, уый. Инициативон къорды уæнгтæ та уыдысты авторитетон адæймæгтæ. Уымæй дарддæр къухфыстытимæ гæххæттытыл уыд алы æмæ алы рæстæджыты паддзахады сæргълæуджыты къухфысттæ дæр. Уый фæстиуæгæн Сæйраг тæрхондо-нæн ницы бындур уыд, референдумы фарсты формулировкæйыл кæронмæ куыст кæй не ‘рцыд, уый тыххæй», – банысан кодта Сæйраг тæрхондоны сæрдар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы Конституцимæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ бон у баиу уа æндæр паддзахадтимæ, сараза цæдисон паддзахадтæ.

«Нæ республикæйы закъондæттынады позицитæм гæсгæ, нæ уынаффæтæ уыдысты раст, фæлæ дзы цы «донбын дуртæ» уыд, кæцытæн ис политикон мидис, уыдоны мах нæ зыдтам æмæ сæ нæ дæр базыдтаиккам», – банысан кодта Коцты Олеся.

«Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ гæсгæ, дыууæ фарсæн дæр се ‘ддагон политикæ æмхуызон хъуамæ уа, цыран хынцыд хъуамæ цæуой дыууæ фарсы интерестæ дæр», – йæ рады банысан кодта Медойты Димитр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ æддагон политикæтæ хъуамæ уагъд цæуой фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты хаххыл.

«2021 азы январы  Мæскуыйы къухтæ æрфыстæуыд 2021-2022 азтæн  Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн консультациты планыл. Уый у, кæрæдзийы интерестæ раразмæ кæныны тыххæй консультацитæ уадзыны механизм. Хъыгагæн, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн ницы фехъусын чындæуыд Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды тыххæй референдумы  фарсты фæдыл. Ацы фарсты тыххæй министрадмæ исты документтæ куы æрбацыдаид, уæд æй фæхатыдаиккам, къухфыстытæ цы документыл уыд, уыдоны дæр æмæ нын уыцы документæ цы фадат дæттынц, уый дæр», – загъта министры хæстæ æххæстгæнæг.

Гæджиты Эмилия куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерациимæ консультациты фæстиуджытæм гæсгæ,  РХИ-йы Конституцимæ гæсгæ, Централон æвзарæн къамисы бахъæудзæн ногæй кусын, ног инициативон къорд саразын, кæцыйы сконды хъуамæ ма уа 20-æй къаддæр адæймаджы. Загъта ма, зæгъгæ, куыддæриддæр Централон æвзарæн къамисмæ æрбацæуа æмбæ-лон документты пакет, афтæ къамис райдайдзæн кусын.

«Нæ уæрæсейаг коллегæтæ консультациты райдиан банысан кодтой, кæй хъусынц æмæ кæй фехъусдзысты Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй Хуссар Ирыстоны адæмы фæндон. Уыимæ иумæ ма загътой, зæгъгæ, уал нырма хъуамæ нæхимæ мидæгæй равзарæм хъуыддаг æмæ сæвæрæм референдумы фарсты дырыс формулировкæ», – дарддæр фехъусын кодта Гаглойты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг у референдум ауадзын нæ, фæлæ – йæ фæстæ цы барадон фæстиуæг уыдзæн, уый.

«Инициативон къорды иумиаг хъусинагмæ бахастам фæндон, фарсты формулировкæ-йыл кæй уынаффæ кæндзысты куыд депутатон корпус, афтæ æхсæнад дæр, цæмæй сом фарстатæ ма æвзæра, уый нысанæн. Мах æй хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм, Уæрæсейы скондмæ цы хуызы хъуамæ бацæуæм, уый», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Куыд æй зонæм, афтæмæй референдум ауадзыны фарст сæвзæрд президентон æв-зæрстыты дебатты рæстæджы. О, фæлæ æмбæлон барамындыл раздæры Президент йæ къух æрфыста æвзæрстыты фæстæ. Афтæ цæмæн сарæзта, уый æмбæрстгонд нæу», – загъта Гаглойты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, референдум ауадзыны фарсты формулировкæ раст кæй нæу, уый тыххæй йæ хъæуы аивын.

Дарддæр йæ хъуыдытæ загъта Коцты Константин. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны снысангонд референдум, референдумы цы фарст хъуамæ рахас-тæуыдаид, уый тыххæй Уæрæсейы никæимæ цыд уынаффæ. Ахæм серьезон политикон фарстатæ ахуыр æмæ скъуыддзаг кæнынц Уæрæсейы Президент æмæ Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон ведомство. Адонæй иу æмвæзадыл дæр уынаффæ нæ цыд ацы темæйыл, никæимæ йыл ныхас цыд.

Президенты уынаффæгæнæг куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ Уæрæсе цæттæ нæу Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй уынаффæмæ.

«Перспективæйы Хуссар Ирыстон Уæрæсейы къухдариуæгадимæ консультацитæ куы уадза, уæд гæнæн ис  уынаффæ цæуа ахæм деликатон фарстыл дæр. Уæрæсе дарддæр дæр æххуыс кæны Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы интеграцийы рæзтæн. Æмæ дарддæр дæр активон куыст цæудзæн уыцы здæхты. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуы-дæгты министрады нын куыд баныфс æвæрдтой, афтæмæй уыдон æппæт дæр араздзысты республикæйы æхсæнадæмон позицитæ фидар кæныны тыххæй, æппæт здæхтыты дæр цæудзæн алыварсон æххуыс», – банысан кодта Коцты Константин.

Делегацийы уæнгтæ дзуаппытæ радтой журналисттты фарстатæн дæр.

Женевæйаг дискусситы тыххæй Коцты Константин банысан кодта, зæгъгæ, куыд бадзырдты фæзуат, афтæ Жеевæйаг дискусситæн альтернативæ нæй. Уыцы фæзуат ифтонг кæны комкоммæ диалог Цхинвал, Тбилис, Мæскуы æмæ Сухумы ‘хсæн.

«Хъыгагæн, марты кæронæй Женевæйаг дискусситы куыст урæд æрцыд, Евроцæдисы бæстæтæ серьезон проблемæ кæй сарæзтой ирон, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджы-тæн Женевæмæ ацæуыны тыххæй, уый аххосæй. Радон раунд Женевæйы куынæ ауагъдæуа, уæд аркастæуыдзæн нейтралон бæстæты столицæтæм, цыран дискусситы алкæцы хайадисæгæн дæр уыдзæн комфортон уавæртæ. Дискусситæн æруромæн нæй» – банысан кодта паддзахадон уынаффæгæнæг.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.