Бонтæ ивынц бонты, азтæ-азты. Ахæм у рæстæджы цыд, фæлæ мысынад тыхджындæр у рæстæгæй, мысынадæн, æгæрыстæмæй, йæ бон у æмæ мæлæтыл дæр фæуæлахиз уа. Мах хъуыды кæнæм нæ адæмæн иууыл уæззаудæр рæстæджыты. Мæнæ та æрбалæууыд августы мæй… Уый ирон адæмæн хъыджы, фыдохы мæй дæр у æмæ циндзинады мæй дæр. Хуссарирыстойнаг адæмы цæрæнбонты бæллиц 26-æм августы сæххæст, Уæрæсе нын августы мæйы банымадта нæ хæдбардзинад.

Фæлæ уал уæдмæ Ирыстоныл тугуарæн бонтæ кодта, нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ нын нæ горæтæй «сыгъдæг быдыр» саразынмæ бахъавыдысты, фæлæ сын сæ сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон сахъ лæппутæ. Уыдонæн сæ къухты хæцæнгарз нæ уыд, афтæмæй ахæм ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн æмæ диссагæн дзуринагæй баззадысты.

Абон уын радзурдзынæн, Гаглойты æфсымæрты хъайтар тохвæндаджы тыххæй. 2008 азы Гаглойты хистæр æфсымæр Николайыл  (Коля) цыд 24 азы, йе ‘фсымæр Андрейыл – 23 азы æмæ сæ кæстæр æфсымæрыл та – 19 азы. Фæлæ уал 2008 азы августы хæсты размæ, уыдон 2004 азы бахъуыд Райгуырæн бæстæ гуырдзиаг тыхæйисджытæй бахъахъхъæныны сæр. Ахæм у ирон лæппуты цалдæр фæлтæры хъысмæт. Дыууæ хистæр æфсымæры – Николай æмæ Андрей уыдысты хæдхъахъхъæнынады къорды. Æмæ уый фæстæ та – хъахъхъæнынады министрады цур 4-æм батальоны 4-æм ротæйы. «Нæ кæстæр æфсымæры нæ уагътам хæстон позицитæм, æгæр чысыл кæй уыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ-иу уæддæр сусæгæй æрбахъуызыд æмæ-иу нæ фарсмæ балæууыд. Æнæмæнгхъæуæг уыд райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын, знаг тынг мæнгард разынд. Нæ адæм хорз зонынц, цалынмæ нæм  уæрæсейаг æфсад æххуысмæ фæзынд, уæдмæ хуссарирыстойнаг лæппутæ цы стыр хъайтардзинад равдыстой, уый. Уыдонæй бирæтæ нæ бавгъау кодтой сæ цард дæр, цæмæй абон нæ сывæллæттæ цæрой сæрибарæй нымад  æмæ хæдбар паддзахады», – банысан кодта Николай.

2008 азы августы фыццаг бонтæй фæстæмæ уавæр бæрæг фендыгъддæр, горæт æмæ республикæйы хъæутæ æдзухдæр уыдысты тыхджын æхстыты бын. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр бон.

 

ЧЫНДЗÆХСÆВÆЙ – ХÆСТМÆ

«5-æм августы Дзæуджыхъæуы уыд мæ хæлар Биазырты Иналы чындзæхсæв. Мах хъомыл кодтам иумæ æмæ нæ Андреимæ фæхуыдта. Уавæр æндыгъд кæй уыд, фæлæ ирон лæг алы хатт дæр хъуамæ уа йæ ныхасы хицау æмæ ацыдыстæм чындзæхсæв-мæ. Уыдыстæм æрхæндæг, зæрдæйæ æнкъардтам, стыр бæллæх кæй æрцæудзæн, уый. Хæстæй цасдæр рæстæджы фæстæ Иналы чындзæхсæвы видеомæ куы кастыстæм, уæд нæ алчи дæр фарста, зæгъгæ, афтæ æнкъард цæмæн уыдыстут? Фæстæмæ æрыздæхтыстæм 7-æм августы райсомæй æмæ уайтагъддæр бацыдыстæм постмæ, хæдзармæ нал бахаудтам. Афтæмæй систæм фондзбонон хæсты хайадисджытæ. 4-æм батальон уыд Шанхайы раздæры тала-хъомылгæнæндоны бæстыхайы. Уырдыгæй Гуырдзыстонимæ арæнгæрон территори зыны, армы тъæпæнмæ куыд кæсай, афтæ. 7-æм августы мах бафиппайдтам, хуссарирыстойнаг арæнты ‘рдæм æввахсæй-æввахсдæр кæй цæуынц гуырдзиаг æфсады дæлхæйттæ. Гуырдзиаг дæлхæйттæ сæ фæндаг акодтой Къостайыхъæуы ‘рдæм. Æмæ рай-дыдта…», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы бонты цаутæ Гаглойы фыртæн.

7-æм августы æрдæгæхсæвмæ æввахс знæгтæ райдыдтой Цхинвалы тыхджын æхст кæнын реактивон системæтæй спайда кæнгæйæ. 4-æм батальон, Николай йе ‘фсымæртимæ кæм службæ кодта, уыцы батальон фидауынгæнæг тыхты æфсæддон городокмæ хæстæг кæй уыд, уымæ гæсгæ уырдæм æхстой тынгдæр. «Нæ батальоны минæхсджытæ активонæй архайдтой знаджы атакæтæн аккаг ныхкъ-уырд радтыныл», – банысан кодта  Николай.

 

НЫППЫРХ ÆФСÆДДОН ГОРОДОК

Цыбыр рæстæгмæ бынтондæр ныппырх æфсæддон городок, æхстытæ тыхджынæй-тыхджындæр кодтой. Уалынмæ райдыдта уæлдæфон атакæ, гуырдзиаг хæдтæхæг атахт нæ тæккæ блиндажты сæрты æмæ айхъуыст цалдæр срæмыгъды. Æфсæддон хайы бæстыхайæ ницыуал баззад æмæ нæ позицитæ гомæй аззадысты. Аскъуыддзаг кодтам тыхджын æхстыты рæстæджы блиндажы æрæмбæхсын, фæлæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ рахызтыстæм, уавæр куыд у, уый базоныны тыххæй. Нæмгуытæ  æнæвгъау тахтысты нæ сæрты», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ каскæтæй сифтонг кодтой, фæлæ алкæмæн не сфаг сты. Æртæ æфсымæрмæ æрхауд иу каскæ, кæцыйы радтой Андрейæн, уымæн æмæ уый уыд пулеметчик æмæ пулеметчик та хæсты у ныхмæлæууæджы фыццаг мысан. 8-æм августы райсомæй Николай рахызт уавæр бабæрæг кæнынмæ æмæ цæуылдæр йæ къах скъуырдта, кæсы æмæ зæххыл каскæ, бацин кодта æмæ йæ хъуамæ систаид, фæлæ куыддæр æргуыбыр кодта, афтæ банкъардта тыхджын цæф.

«Нæ йæ зонын, цы æрцыд æмæ зæххыл цас фæхуыссыдтæн, уый, фæлæ мæхимæ куы æрцыдтæн, уæд бамбæрстон, сыджыт мыл кæй æркалд æмæ мын улæфын зын кæй у, уый. Бафæлвæрдтон арф сулæфыныл æмæ ме уæнгты цыдæр хъарм ацыд. Снаряды схъистæй фæцæфтæ сты мæ къухтæ, мæ къах, мæ цæсгом, мæ фæрстæ дæр уыдысты тыхджын цæфтæ. Мæ хæстон æмбал Плиты Гена (Ченчо) æмæ мæм ме ‘фсымæр Андрей æрбалыгъдысты æмæ мæ бахастой блиндажмæ. Гена мын уайтагъд мæ цæфтæ бабаста. Мæ рыстытæ афтæ тыхджын уыдысты æмæ сæ нал урæдтон, хъуыды кодтон, зæгъын, нал фервæздзынæн»», – загъта Коля. Йæ дыууæ æфсымæры æппынæдзухдæр уыдысты йæ цуры æмæ аскъуыддзаг кодтой рынчындонмæ йæ истыхуызты фæхæццæ кæнын. Семæ ма уыдысты Козаты дыууæ æфсымæры, кæцытæ сын бауынаффæ кодтой чысыл рæстæг багæдзæ кæнын, цæмæй æхстытæ иу чысыл уæддæр фæсабырдæр уыдаиккой. Æниу æй æмбæрстой, алы секунд дæр сын ахсджиаг кæй у, уый. Афтæмæй рацыд 3 сахаты бæрц. Андрей уæддæр рахызт блиндажæй, ссардта машинæ æмæ Коляйы Ченчоимæ бахастой машинæмæ. Сæхи цардæн дæр тас уæвгæйæ, цæф хæстоны куыддæрты фæхæццæ кодтой тагъд æххуысы станцмæ.  Тагъд æххуысы станцы бæстыхай хицæн бынæтты уыд пырх, мидæгæй дзы ничи уыд. Андрей сæм райдыдта æххуысмæ сидын æмæ нын уæд ныккæндæй сдзуапп кодтой. «Уым уыд бирæ адæм. Уайтагъд мын бакодтой æнæмæнгхъæуæг æххуыс, сарæзтой мын рыстуромæн судзинтæ æмæ мæ ногæй æрфæндыд цæрын. Хæсты фæстæ сæм æрбацыдтæн æмæ сын бузныг загътон», – дзырдта Николай.

Андрейы фæндыд Тагъд æххуысы машинæйыл йе ‘фсымæры рынчындонмæ баласын, фæлæ æхстыты бын ацæуæн нæ уыд. Николай хосты æндæвдадæй афынæй. Æхстытæ иу чысыл куы фæсабырдæр сты, уæд ацыдысты рынчындонмæ, йæ хъæдгæмттæ серьезон уыдысты. Сталины уынгыл, бæлæсты къалиутæй ахизæнтæ нал уыд. Рынчындонмæ бахæццæ сты изæрæй, Шанхайæ уырдæм цыдысты аст сахаты бæрц.

 

«НЫР НАЛ АМÆЛДЗЫНÆН»

«Дохтырты куы федтон, уæд мæ ныфс бацыд æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, ныр нал амæлдзынæн. Рынчындоны дæр дохтыртæ куыстой. Уайтагъд мæ схуыссын кодтой операцион стъолыл æмæ мæ сгарын райдыдтой. Нæ дохтырты диссаджы профессионалон архайд бахъуыды кодтон цæрæнбонтæм. Сарæзтой мын судзин æмæ бафынæй дæн. Куы райхъал дæн, уæд мæ уæлхъус лæууыдысты дохтыртæ æмæ цæуылдæр уынаффæ кодтой. Сæ иу загъта, зæгъгæ, йæм ис бæрзонд тæвд æмæ тагъдыл хъæуы мадзæлттæ райсын. Бестауты Айвары фырт у ме ‘мбал æмæ мæм уый йæ фыды æрбакодта. Уый загъта, зæгъгæ, куыддæр Дзæуджыхъæуæй фыццаг Тагъд æххуысы машинæ æрцæуа, афтæ йæ хъæуы тагъдыл уырдæм арвитын. Тагъд æххуысы машинæтæ рæджы кодтой æмæ мын мæ хæстæг лæппу æмæ мæ хæлар Туаты Александр ссардтой машинæ. Хирург Тедеты Азæмæт мын саразын кодта тыхджын рыстуромæн судзин, цæмæй бафæрæзтаин фæндагыл æмæ мæ 9-æм августы аластой Дзæуджыхъæумæ. Рукъы онг мæ рыстытæ уыдысты сабыр, фæлæ хосты æндæвдад куы ацыд, уæд та сытынг сты», – дзырдта æнкъардæй Николай.

Æрмæстдæр изæрмæ ныхæццæ сты Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, цыран фæхос кодта æртæ мæйы. Уый фæстæ йæ бахъуыд Санкт-Петербургы æмæ Мæскуыйы рынчындæтты операцитæ саразын æмæ дæргъвæтин реабилитаци. Абон кæд хæстæй 14 азы рацыд æмæ Николай йæ цæфтæй нал хъæрзы, уæддæр йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ цæрæнбонтæм дæр никуы байгас уыдзысты…

                              ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.