Менталон арифметикæйы скъола «Тесла» йæхимæ хоны математикон фæдыздæхты 4 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм кары сывæллæтты.

Ацы скъола нæ горæты цалдæр азы размæ фæзынд цæгатирыстойнаг скъолайы филиалы бындурыл. 6-æм скъолайы уыдонæн хицæн æрцыд цалдæр къалсы æмæ ныр уым ахуыр кæнынц иттæг курдиатджын сывæллæттæ. Математикон нымæцтæ тагъд чи нымайы, вазыгджын радтæ цæстыфæныкъуылдмæ чи аразы. Хуссар Ирыстоны ахæм скъола бакæныныинициатортæ сты Цæгат Ирыстон-Аланийы «Тесла»-йы къухдариуæггæнджытæ. Уыдон цалдæр азы размæ сæхæдæг æрцыдысты Хуссар Ирмæ æмæ бынаты уагътой скъолаты ‘хсæн математикон фæдыздæхты хуыздæр зонындзинæдтæ рабæрæг кæныны фæдыл фæлварæнтæ. Ныртæккæ скъолайы ахуыргæнинæгтæ сты 6-14 аздзыдтæ. Ахуыртæ цæуынц менталон арифметикæ «Юсимас»-ы пргораммæмæ гæсгæ. Уæрæсейы Федерацийы фæстаг ныр 25 азы байгом дзæвгар ахæм скъолатæ. Йæ программæмæ гæсгæ та архайынц дунейы 80 бæстæйы бæрц. «Тесла»-йы ахуыргæнджытæ зæгъынц, зæгъгæ, ацы скъолаты ахуыр цы методмæ гæсгæ цæуы, уый Инди, Малази, Казахстан æмæ Япони бахастой скъолаты программæмæ. «Ацы сæрмагонд метод-математикон нымæцты тагъд нымайыны бындур конд у авд сæйраг æмæ æртæ та уæлæмхас сæргондæй. Иу æмвæзад сахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы æртæ-цыппар мæйы. Скъолайы ахуыргæнджытæй ис бынæттонтæ дæр æмæ Цæгат Ирыстонæй æрхонгæтæ дæр.

«Тесла»-йы скъолайы педколлективы куы фарстам нæ горæты сывæллæттæ цас курдиатджын сты математикæйы фæдыздæхты, уæд загътой, зæгъгæ, нæм  бирæ  ис ахæм сывæллæттæ. Ерыстæм дæрарæх ацæуынц, канд Цæгат Ирыстоны цы менталон скъола ис, уырдæм нæ, фæлæ цæгаткавказаг, æппæтуæрæсейон æмæ дунеон масштабтя дæр. Цалынмæ пандеми нæ райдыдта, уæдмæ ерыстæм уыдысты Иорданиы. Уым бацахстой иу фыццаг æмæ иу та æртыккаг бынæттæ. 2019 азы та «Тесла»-йы ахуыргæнинæгтæ сæ иу Дзабиты Денис Казахстаны æхсæнадæмон чемпионаты бацахста дыккаг бынат.

Скъолайы педколлектив ма зæгъы, зæгъгæ, ахуыры процессы рæстæджы  иуæй-иу сывæллæттæн райтынг вæййы сæ курдиат æндæр фадыджы дæр. Сæ ныййарджытæ куыд фæзæгъынц, афтæмæй уый вæййы æнæнхъæлæджы. Уроктыл ахуыргæнинæгтæ нæ бафæллайынц, уымæн æмæ иудадзыг ивд цæуы сæ архайд. Скъолайы цы сабитæ ахуыр кæны, уыдон нæ хъæуы се ‘мбæлттимæ ерысы сæр. Уымæн æмæ сæ алчидæр кусы йæхи сæрмагонд хæслæвæрдыл. Уый та у хорз стимул æмæ сабитæн уымæй сæ психикæ хъахъхъæд цæуы. Менталон скъолайы ахуыртæ нæ хъыгдарынц иумæйаг ахуыры системæ. Ам ахуыртæ цæуы урокты фæстæ. Ахуыргæнинæгтæн сæ бон Цæгат Ирыстоны цы «Тесла»-йы скъола ис, уырдæм дæр сæрибарæй бацæуын æмæ уым дæр уроктыл бадын.

Скъоламæ ист цæуынц æрдзæй сахъат сывæллæттæ дæр. Уыдонæн уым арæзт цæуы уавæртæ. Зæгъæм,  Дзабиты Денис чысылæй аварийы бахауд æмæ уый фæстиуæгæн инвалиды каляскайы сбадт, фæлæ йæ уый нæ бахъыгдæрдта менталон математикæйы уæлдæр къæпхæнмæ схизын. Скъолайы куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм сывæллæттæн ахуыр у æнæаргъæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.