Паддзахады разамонджыты — президентты кæнæ премьер-министрты куысты райдианæй 100 боны куы рацæуы, уæд æппæтдунеон традицимæ гæсгæ алы бæстæйы дæр йæ архайдæн фæкæнынц фыццаг хатдзæгтæ. Сæдæ бонмæ Наполеонæн бантыст французаг æфсад дæр сæндидзын кæнын, герцог Веллингтонæн дæр фæхæрд уæвын! Америкаг президент Франклин Рузвельт та сæдæ бонмæ Стыр депрессийæ фервæзын кодта паддзахад. Ацы традици дæр уыцы тæмæссаг сгуыхтдзинады фæстæ фæзынд. Ӕнæфыст дунеон æгъдау мах дæр уæдæ банымайæм.

Ацы фарстайы фӕдыл абон нӕ редакцимӕ фӕуазӕг Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, аналитикон зондахасты хицау, ахуыргонд ӕмӕ куырыхон сылгоймаг ТУРМАНТЫ ФАТИМӔ. Нӕ фарстатӕ йӕм радтам. Йӕ хъуыдытӕ нын радзырдта. Фембӕлды стенограммӕ хӕссӕм уӕ тӕрхонмӕ:

Д. И.: — Ӕртӕ мӕйӕ фылдӕр рацыд Гаглойты Аланы инаугурацийы бонӕй. Афон у ӕви ӕгӕр тагъд кӕнӕм йӕ президентон куыстӕн хатдзӕгтӕ кӕнынмӕ?

Т. Ф.: — Ӕгæр бирæ цæмæдæртæм фенхъæлмæ кæсæм президентмӕ, æгæр бирæ фæдомæм (канд Гаглойты Алан Эдуарды фырты кой нæ кæнын), алы ног президентæй дæр. Чи фæнды ма суыдаид нӕ паддзахады сӕргълӕууӕг, уымæй дӕр домдтаиккам стыр ӕнтыстытӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ. Раст нӕу, уымæн æмæ бынтон хорз уавӕр куы ӕрыййӕфтаид, уæддæр æм цы хъуыдытæ ис, цы политикон, экономикон ӕмӕ ӕндӕр ивындзинæдтæ фæнд кæны, уыдонæн иу мæй кӕнӕ æртæ мæймæ саразыны фадат не ссардтаид.

Политикон фадыджы фӕдыл Гаглойты Алан афтӕ дзырдта, зӕгъгӕ, президент хъуамæ ма дара алцыдæр йæхи къухы. Хицауадӕн дæр æмæ парламентæн дæр хъæуы фылдӕр бартæ раттын. Афтӕмӕй демократон фæрæзтæ дӕр фӕфидар уыдзысты, адӕмӕн дзуаппдӕттӕг ӕмӕ сӕ размӕ аххосджын дӕр ӕрмӕст президент нал уыдзӕн. Уымæн дæр нæй иу бонмæ саразыны фадат. Иу азмӕ та гӕнӕн ис ӕмӕ къухы бафта.

Экономикæйы та абон хорз бындур куы сывæрай, уæд дыууӕ-ӕртӕ азмæ уыдзæн ивындзинæдтæ. Æз тынг æмбарын нæ адæмы дæр — бафæлладысты. Алыхатт дæр сын ныфсытæ бавæрынц чидæриддæр фæцæуы президентæй æмæ сæ уыцы ныфсытæ ферох вæййынц. Фæлæ нæ уæддæр чысыл банхъæлмæ кæсын хъæуы. Уымæн æмæ афтæ ӕвиппайды ницы фæивдзæн. Загъта нын Гаглойты Алан, зæгъгæ, закъоны тых хъуамæ æрбаздахæм, уый уыдис йæ сæйрагдæр лозунг. Æмæ уымæн дæр иу бонмæ саразæн нæй. Тæрхондæттæм дæр æркæсын хъæуы. Чи сты сæ сæргълæуджытæ æмæ афтæ дарддæр. Æппæты зындӕр мӕм кӕсы нæ адæмы зондахаст нымайын, ӕмбарын, нæ адæмы фæлладдзинад фæкъаддæр кæнын.

Ӕртӕ мæймæ гæнæн ис æрмæстдæр кадрты фарст алыг кӕнын, ома, командæ саразынӕн бындур ӕрӕвæрын. Афтæ нæ зæгъдзынæн, æмæ иууылдæр мæ зæрдæмæ цæуынц, фæлæ мæ бирӕтӕй ис ныфс. Дзыллон информацийы фæрæзтæ чи кæсы, уыдон æй рахатыдаиккой, кæй фæхуыздæр ис уавæр. Фыццаджыдæр ныртӕккӕ фӕзынд ахæм фарстатæ æвæрыны фадат, кæцытыл раздæр æрмæст социалон хызæгты æмæ «адæмон радиойы» фӕлгӕтты дзырдтам. Æз нæ зонын ахæм ахсджиаг фарста, кæцы адæмы тыхсын кæны æмæ сӕ тыхстӕй бахатыдысты дзыллон информацийы фæрæзтӕм, зæгъгæ, равзарут ма ацы фарста æмæ сӕ уым та ницӕмӕ ӕрдардтой. Тынг мæ фæнды, цæмæй дарддæр дæр афтæ уа, уый.

Фæстаг дыууæ азы, куыд зонут, афтæмæй уæлдæф дæр æндыгъд уыд политикон быцæудзинадæй. Адæм схæццæ сты, хъаугъа социалон хызæгты… ныртӕккӕ уыцы æндыгъддзинад зынгӕ фæкъаддæр. Мæ хъуыды загътон — æртæ мæймæ æз ницæмæ æнхъæлмæ кæсын, æгæрыстæмæй, иу азмæ дæр ницæмæ æнхъæлмæ кæсын. Зондджын, хъуыды кæнынмæ чи рæхсы, уыдон дæр афтæ хъуамæ хъуыды кæной.

Ивындзинæдтыл куы дзурæм, уæд фыццаджыдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын, раздӕр ӕрцӕугӕ финансон ӕмӕ ӕндӕр фыдракӕндты фӕдыл арӕзт къамисы хатдзӕгтӕм. Мæ бар куы уаид, уæд ӕртын азы дӕргъы цытæ ӕрцыдис, уыдон дæр сбæрæг кæнин, фæлæ уал нырма фӕстаг фондз азы куыст бæрæг кæнынц. Иу фарст дæр ахæм нæй, æмæ 3 мæймæ скъуыддзаг æрцыдаид. Иу азы фæстæ, кæд ма мæ бафæрсат, уæд уын сдзуапп кæндзынæн, цæмæ æнхъæлмæ кастæн æмæ мæ ныфс цæмæй уыд, мæ ныфс цæй мидæг асаст, мæ хъуыдытæн дзуапп кæм разынд, кæм райхæлдысты, уымæн.

Д. И.: — Рæстæг цæуы, нæ хицауады кабинет та кæронмæ арæзт нæма у. Дзӕвгар рӕстӕг хардзгонд ӕрцыд раздӕры президент референдумы фӕдыл къух цы барамындыл æрфыста ӕмӕ ӕхсӕнады чи сӕзмӕста, уыцы ситуаци ӕрбӕстон кӕныныл…

Т. Ф.: — Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хъуыддаг ын йӕ куыст бахъыгдардта. Иу мæй байста сæ куыстæй ног командæйæн, президентæн. Уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Мæскуымæ хъуыдис ацæуын, стæй цавæрдæр юридикон коллизиятæ хъуыд равзарын. Фæлæ ног командæйы уӕнгты ӕрæгмæ кæй нысан кæнынц, уый айдагъ референдумы аххос нæу.

Ахæм у нæ президент æмæ йæ зонын хъæуы. Цыфæнды фарст æмæ хъуыддаг дæр фæрабар-бабар кæны, алыварсонæй ӕй сахуыр кæны, ӕмӕ уый фӕстӕ хатдзæгтæ скæны. Фæлæ йæ нырмæ куыд базыдтон, афтæмӕй кæронбæттæны оптималон фæндаг равзары. Дарддæр дæр афтæ уыдзæн, мӕнмӕ гӕсгӕ.

Кадрты хабар дæр нæм куыд у, уый дæр зонын — нæу хорз. Ахуыр æмæ нæм зондджын адæм бирæ ис, фæлæ нырыккон дуг ахæм зын фарстатæ æвæры, канд нæ республикæйы нæ, фæлæ нæ алыварс дæр æмæ сæ чи аскъуыддзаг кæна, уыцы адæймаг хъуамæ уа цавæрдæр æнахуыр кæлæнгæнæн зонды хицау. Афтæ мæм кæсы, цыма нӕ президент дӕр уый тынг хорз ӕмбары. Ацы хъуыддаджы нюанстæ дæр ис. Кæйдæрты раз, сусæггагӕй дзы ницы ис, хæсджын дæр у. Адæймаг президенты бынатмæ куы фæцæуы, уæд йæ фарсмæ чидæртæ балæууы. Æмæ уыдон дæр цæмæдæрты фенхъæлмæ кæсынц. Хъыгагæн, хатгай афтӕ дӕр рауайы — кӕмӕндӕр радта шанс, зæгъгæ, дæ бон суыдзæн, уæд, табуафси. Ӕмӕ уый та бӕрнон бынаты аккаг нӕ разыны.

Кадрты фарст зын фарст у.

Уазӕгимӕ ныхас кодта ДАМБЕГТИ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.