Армспорт

Хуссарирыстойнаг армхæцæг Плиты Батрадз ссис Уæрæсейы æфсæддон тыхты чемпионаты уæлахиздзау. Батрадзæн аккаг ныхмæлæууæг нæ уыд 100 кг уæзы категорийы. Уый тыххæй хъусын кæ-ны тренер Джиоты Валери. Батрадз йæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз рахиз æмæ галиу къухæй дæр. Ерысты хуссарирыстойнаг спортсмен хъахъхъæдта Санкт-Петербурджы Михайловаг хæстон артиллерион академийы спортивон кад. Уый ахуыр кæны ацы ахуыргæнæндоны 4-æм курсы.

* * *

Республикон комплексон спортивон скъолайы та уагъд æрцыд турнир армспортæй. Ацы ерыстæ æрвылаз дæр бацæттæ кæны Цхинвалы администрацийы спорты хайад. Турнир стыр цымыдисдзинад сывзæрын кæны спортуарзджытæм. Йæ хайадисджыты нымæц азæй-азмæ кæны  фылдæр. Ныр дæр та дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой 170 скъоладзауæй фылдæр. Уыдон уыдысты Цхинвалы 13 скъолайæ. Ерыстæ уагъд цыдысты куыд лæппутæ, афтæ чызджыты ‘хсæн дæр.

«Ацы турнир æрвылаз дæр фæуадзæм фæззæджы. Уыцы хабар зонынц горæты скъолаты. Стæй ма сæм развæлгъау дæр фехъусын кæнæм æмæ сын рæстæг вæййы сæхи бацæттæ кæнынæн», – банысан кодта горæт Цхинвалы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Битеты Гурам.

Лæппуты ‘хсæн командон хыгъды фыццаг бынат бацахста 6-æм скъола, дыккаг ссис 5-æм скъола æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд 1-аг скъола.

Чызджыты ‘хсæн фыццаг бынат адих кодтой скъола-интернат æмæ 5-æм скъола. Æвзист призер ссис 11-æм астæуккаг скъола æмæ бронзæйон майдан та фæцис 2-æм скъолайы ахуырдзауты.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдыс-ты Кады грамотæтæ, кубоктæ æмæ майдантæй.

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы 15-æм туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд «Краснодар -2»-имæ. Фембæлды райдианы фысмытæн уыд цалдæр хорз гæнæны хыгъд байгом кæнынæн. Фæлæ сæ не спайда кодтой. Уый фæстæ цадæггай хъазты инициативæ сæхимæ райстой алайнæгтæ æмæ уал нырма 18-æм минутыл фысымты кулдуары пурти бакъуырдта  Николай Гиоргобиани. 50-æм минутыл та Максим Петров бакъуырдта алайнæгты дыккаг пурти. Хыгъд 3:0 та скодта Ислам Машуков. Уый та расгуыхт 85-æм минутыл. Хъазт дæр фæцис ахæм хыгъдæй. Ацы уæлахизы фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 34 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы фыццаг бынатыл. Дыккаг бынатыл цæуæг Калиниграды «Балтика»-йæн та ис 28 очкойы.

«Алани» радон туры 29 октябры хъаздзæн Тольяттийы «Акрон»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.