2008-æм азы агъоммæ Хуссар Ирыстоны уавæр кæд уæззау уыдис, уæддæр адæмы уырныдта æмæ æууæндыдысты, кæрон кæй æрцæудзæн тугкалæн рæстæгæн æмæ сабырадон фæндагыл, сæ цард аразыныл кæй ныллæудзысты. Уыцы хъуыдытимæ æппынæдзух уыд дзæнæттаг, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Дзаттиаты Анисим дæр. Уый уæд 2006-æм азы сфæнд кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур сывæллæтты паддзахадон хор саразын. Уæд уый бирæтæм фæкаст, сæххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæм хъæппæрис, фæлæ фæстæдæр куыд фæбæрæг, уымæ гæсгæ Анисимæн уыцы хæс сæххæст кæнын бантыст. Кæд Анисим абон не ’хсæн нал ис, уæддæр ансамбль дарддæр кæны йæ куыст, архайы дзы фæндзай адæймагæй фылдæр. Ансамбль абон цы уавæрты архайы, цахæм æнтыстытæ йын ис, уыдæтты тыххæн ын радзырдта ансамблы ныры аивадон къухдариуæггæнæг æмæ директор Къæбысты Сæрмæт.

— Сæрмæт, радзур-ма нын, ахæм уæззау уавæрты цæргæйæ, Анисимæн йæ къухты куыд бафтыд сфæлдыстадон коллектив æрæмбырд кæнын?

— Ирон адæмы æхсæн бирæ ис, музы-кæмæ æвзыгъд чи у, ахæмтæ. Куыддæр айхъуыст, зæгъгæ, рæзы ансамбль æмæ хъæуынц, чи дзы архайа, ахæм æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ, афтæ цæуын райдыдтой. Уыимæ ансамбларазджытæ ахуырдзау фæсивæдимæ æмбæлдысты скъолаты æмæ райстой, музыкæ хуыздæр чи æнкъардта, зарынмæ рæвдздæр чи уыд, ахæмты. Ныртæккæ ансамблы кусы дыууæ къорды — хистæр æмæ кæстæр къордтæ. Уыдон дих кæнынц, зарæггæнджытæ æмæ музыкалон инструменттыл чи цæгъдынц, ахæмтыл.

— Ансамбль чи арæзта æмæ дзы йæ райдианæй чи куыста, уыдонæй ма абон исчи кусы?

— Æрмæст кусгæ нæ, фæлæ уыдон бирæ фарстыты сты нæ ныфс. Фæлтæрддзинадæн стыр тых ис. Арæх нæ бахъæуы сæ зонындзинæдты сæр æмæ фæстæ никуы фæлæууынц. Ахæмтæ дзæвгар сты, фæлæ дзы абон æз ракæндзынæн цалдæры кой. Уыдон сты: Бекъойты Яков, Бестауты Алан, Кокойты Арсен, Къуылыхты Олег, Дзассохты Отар, Хъазиты Маринæ æмæ æндæртæ.

— Цахæм музыкалон инструменттæй пайда кæнут, амал куыд æрцыдысты æмæ абон цахæм у сæ уавæр?

— Пайда кæнæм ахæм национ музыкалон инструменттæй, куыд хъандзал, фæндыр, далафæндыр, къæрцгæнæнтæ æмæ æндæр ахæмтæй. Амал æрцыдысты бюджеты фæрæзтæй. Сæ уавæр нæу мæгуырау. Æмæ дзы кæд искæцыйы баи-вын бахъæуа, уæд нын уый зын нæ уыдзæн.

— Уæ куысты уавæртæй та куыд райгонд стут?

— Кæд абон рахъастгæнæн истæмæй ис, уæд уый æрмæстдæр у нæ кусæн бынат. Ныртæккæ кусæм РХИ-йы Паддзахадон унитарон куыстуат «Постон-телеграфон службæ»-йы бæстыхайы. У зæронд æмæ ис æдзæллаг уавæры, нæхи кæм цæттæ кæнæм, уый, иуæй къуындæг у, аннæмæй та цалцæг гæнинаг. Уыимæ ма дзы нæ кусы хъармгæнæн системæ æмæ уазал рæстæджы æййафæм зындзинæдтæ. Фæндзай адæймаджы бæрц æрвылбон дæр кæдæм цæуынц, уым кусынæн фадæттæ куы нæ уа, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мæгуырауæрдæм æндавы æнтыстытыл дæр.

— Уе сфæлдыстадон куыст та куыд цæуы? Уæ репертуары цахæм зарджытæ ис?

— Ныртæккæ нæ репертуары ис цыппор зарæджы бæрц. Афтæ зыны æмæ мах хуызæн чысыл коллективæн сты æгæр бирæ, æмæ, чизоны, сты, фæлæ уый мах нæ тыхсын кæны. Куыд нæ бахъæуынц, афтæ сыл бакусæм, бацæттæ сæ кæнæм æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахæссæм. Уыдон, сæйраджыдæр, сты ирон адæмон зарджытæ.

— Азы райдианæй цахæм мадзæлтты райстат хайад æмæ ма йæ фæудмæ уæ разы цахæм хæстæ æвæрут?

— Активон хайад райстам ансамбль аразæг Дзаттиаты Анисимы мысæн изæры, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты боны цытæн мадзалы, кæцыйы сæххæст кодтам зарæг «Сау мигътæ», Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры цы мадзал ауагътой, уым сæххæст кодтам зарæг «Дидин кал, Цхинвал». 30-æм августы та хайад райстам, æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгты нæмттæ мысæн мадзалы, кæцы уагъд æрцыдис Цхинвалы Мады Майрæмы аргъуаны раз æмæ дзы сæххæст кодтам цалдæр зарæджы. Афтæ ма хайад райстам РХИ-йы адæмон нывгæнæг Гæбæраты Барисы персоналон равдысты. Ам та сæххæст кодтам зарæг «Уæ цæрæнбон бирæ».

Нæ дарддæры архайды тыххæй банысан кæндзынæн уый, æмæ ныртæккæ цы зарджытæ цæттæ кæнæм, уыдонæй спайда кæндзыстæм ног 2023 азы бæрæгбонон мадзæлтты. Банысан ма кæндзынæн уый дæр, æмæ кæд ис раппæлинаг æнтыстытæ, уæддæр уый фагыл нæ нымайæм æмæ цæудзыстæм размæ, ног æмæ ног æнтыстытæм.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.