3 ноябры Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Æххæстбарджын Минæвар Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы.

Фембæлды рæстæджы Цхуырбайы фырт Веласкесæн раарфæ кодта, ног бæрнон бынаты йæ кæй снысан кодтой, уый сæраппонд. Загъта йын йæ дарддæры куысты æнтыстыты фæндиæгтæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ’хсæн æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ фидар кæныны æмæ кæрæдзийæн пайдайы æмгуысткæнынады хъуыддаджы фæдыл.

Дарддæр дипломаттæ ныхас кодтой дыууæ бæстæйы æмахастытыл. Дзырдтой ма антиуæрæсейаг санкцитæ æмæ Америкæйы иугонд штатты политикæйыл.

Цхуырбаты Андрей куыд загъта, афтæмæй хуссар-ирыстойнаг фарс цæттæ у æмгуыст кæнынмæ. Дип-ломаттæ банысан кодтой дыууæ бæстæйы баввахс кæнынмæ Венесуэлæйы экс-президент Уго Чавесы стыр хайбавæрд.

«Нæ бæстæты ’хсæн æхсæнпаддзахадон æмгуыст-кæнынад æмæ æмархайд кæй фæрцы райдыдта, уыцы адæймаг уыд Команданте Уго Чавес. Махæн ис цалдæр документы къухфыстимæ 2012 азы июлæй, æмæ де ’рцыд æмæ абоны церемонийы фæстæ, æвæццæгæн, нæ бæстæты ’хсæн æмгуысткæнынад ноджы тынгдæр рæздзæн, фылдæр æмæ фидардæр кæндзæн», — загъта Цхуырбайы фырт.

Дунеон аренæйы, сæрмагондæй та ИНО-йы, Венесуэлæ цы позицийыл хæст у, уый растыл банымадта Хесус Рафаэль Саласар Веласкес.

«Мах зонæм антиуæрæсейаг резолюцийы фæдыл фæстаг хъæлæсдæттыны фæстиуджытæ. Венесуэлæ уыдоныл разы нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсæнадæмон фæзуаты ахæм позици мах ноджыдæр æввахс кæны нæ хæлæрттимæ. Чизоны, рæстæг æрцыд нæ иудзинад, æмгуысткæнынад æмæ дунейы цы процесстæ цæуы, уыдонмæ нæ иумæйаг ахаст равдисынæн. Уымæн дæр нын ис æппæт бындуртæ, зæгъæм, Æхсæнадæмон политикон консультациты тыххæй документ», — бамбарын кодта Веласкес.

Венесуэлæ йæхæдæг дæр Америкæйы иугонд штатты æмæ йæ цæдисонты æрдыгæй ис карз санкциты бын.

«Уыдон æппæт дæр сарæзтой, цæ-мæй нæ адæм ма æууæндыдаиккой хицауадыл, фæлæ сын ницы рауад. Уыдон нын æрæхгæдтой не ’фтиæгты сæйраг гуырæн — нæ нефтгуыстгæнæг сæудæджерад, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, нæ хицауадæн йæ бон бацис ссарын, ахуырадон æмæ гуманитарон программæтæ цæй фæрцы арæзт цæуынц, ахæм ног æфтиæгтæ», — банысан кодта Веласкес æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æрæджы æрцыд историон цау — иумæ фембæлдысты Колумби æмæ Боливариаг Республикæйы президенттæ.

Веласкесы ныхæстæм гæсгæ, дыу-уæ паддзахадæн дæргъвæтин рæстæджы кæрæдзиимæ ницы ахастытæ уыд, паддзахадыл Америкæйы иугонд штатты æндæвдады аххосæй, фæлæ ног президенты равзæрстимæ сæ ахастыты хъуыддаг йæ бынатæй феггуырст.

Минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ дунейы æрцæугæ цауты контексты гуыры ног дунеон фæтк Уæрæсейы Федерацийы разамындæй.

Фембæлды кæрон Каракасы ми-нæвар Венесуэлæйы президент Николас Мадуройы номæй Цхуырбаты Андрейæн радта æууæнчы грамотæты халдихтæ хæлардзинады нысанæн.

***

Уый фæстæ Хесус Рафаэль Саласар Веласкес фæуазæг Хуссар Ирыс-тоны паддзахадон университетмæ æмæ фембæлд уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадимимæ.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы уынаффæ кодтой Венесуэлæйы классикон уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æмгуыстгæнынады сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фарстатыл.

Тедеты Вадим фæндон бахаста, цæмæй Венесуэлæйы фæсивæд онлайн-форматы ахуыр кæной ирон æвзаг, ХИПУ-йы студенттæ та — испайнаг æвзаг.

Фембæлды официалон хайы фæстæ уазæджы азилын кодтой уæлдæр ахуыргæнæндоны æмæ йын фенын кодтой музей.

Æрмæг бацæттæ кодта ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.