Нæ хæхбæсты æнцон цард никуы уыд. Æрдзон карз уавæрты царды уæззау уаргъ нæлгоймæгты æмрæнхъ хастой сылгоймæгтæ дæр. Алыгъуызон бирæ тыхдомæг куыстытæ нæлгоймæгтимæ дих кæнынæй дарддæр ма уыдон, чындзы фæцæугæйæ, æххæст кодтой, сæ сæйраг хæс – сæ кæстæрты хъомыл кæнын. Уыдон та-иу сын, ныры мæдтау цъус нæ уыдысты. Советон дуджы цард бирæ-бæрцæй фæхуыздæр ис, фæлæ уæддæр хæххон фæллойгæнæг сылгоймагæн йæ фыдæбон йæ разæй цыд.

Хацырты Жужунæ гуыргæ Цхинвалы районы Гореты хъæуы ракодта, фæлæ йæ сылгоймаджы хъысмæт æркодта ацы районы Бендеры хъæумæ. Горетимæ абаргæйæ Бендер бæрзонддæр æмæ дæрддагдæр хъæу у. Дæрддагдæр хъæутæ та зынвадатдæр вæййынц æмæ сæ цæрджыты царды уавæртæ дæр зындæр вæййынц. Фæлæ зындзинæдтæй нæ фæтарст Хацырон, Къудухтæм чындзы æрцæугæйæ. Сидзæрæй схъомыл Жужунæ. Хъæууон царды ад раджы бамбæрста æмæ йын амонын ницы хъуыд. Бирæ бинонтæм æрбацыд. Къудухты Шалико æмæ Уалыты Сонайæн æхсæз фырты æмæ дыууæ чызджы уыд æмæ йæ лæппутæй сæ иу – Сосланæн æркодтой. Фæрнджын хæдзары бинонтæ уыдысты куыстуарзаг æмæ тох кодтой царды сæрыл. Бендеры хъæумæ æрбацæугæйæ Жужунæ уайтагъд бамбæрста, алы хъæуæн дæр йæхи фæтк кæй ис æмæ йæ хъус дардта, цы æгъдæуттыл хæст уыдысты, уыдæттæм. Амыдтой йын зианæн куыд балæггад хъæуы, цинаджы фынгæн цахæм æгъдау радтын хъæуы. Уæдæ сылгоймаджы уæззау куыстæй дæр цух кæм уыд Хацырон. Æгæрыстæмæй йæ дзæкъул дæр йе ‘ккойæ нæ хауд, куыроймæ цыд йе ссинæгтимæ. Афтæмæй йæ цардæмбал Сосланимæ райдыдтой царды уаргъ хæссын. Кæцы æрыгон ныййарджытæ нæ фæбæллынц лæппуйы гуырдмæ, уæлдайдæр та хæхбæсты. Уыдон бæллыдысты, цæмæй схъомыл кæной фидар, ныфсджын лæппуты, цæмæй  фæстæдæр царды сæ фарсмæ æрбалæууой, сæ цард сын фæрогдæр кæной, сæ ныфсæй ныфсджын уой. Фæлæ ахæм амонд йæ мидбылты нæ бахудт Жужунæ æмæ Сосланмæ.

Фыццаг сын райгуырд чызг æмæ йыл фæцин кодтой, ныфс сæ уыд, кæй сын фæзындзæн фырт дæр, фæлæ та райгуырд дыккаг чызг, стæй æртыккаг, цыппæрæм æмæ афтæмæй баисты æхсæз чызджы мад æмæ фыд.

Фæлæ куыстуарзаг сылгоймаг нæ фæтасыд, хъомыл кодта йæ кæстæрты, æмæ æнæкъуылымпыйæ, кодта йæ хæдзарон куыстытæ дæр. Æхсæз сывæллонмæ та кæсын  хъуыд. Хæринаг сын амал кæнын, цæттæ кæнын, æхсын сæ хъуыд. Дон та хъæумæ хæстæг нæ уыд, дæлийау комæй йæ хъуыд хæссын. Фæлæ быхста Жужунæ, йæхицæн-иу авæрдта ныфсытæ, зæгъгæ, мæ чызджытæ бахъомыл уыдзысты æмæ мын царды бирæ фенцондæр уыдзæн. Æмæ афтæ дæр уыдаид, фæлæ æгас Ирыстоны адæмау, Жужунæйæн дæр уæззау фæлварæн систы ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ сырдау лæбурдтой хъахъхъæд чи нæ цыдысты, уыцы ирон хъæутæм æмæ сын мардтой, æфхæрдтой сæ цæрджыты, тæлæт сын кодтой сæ фос. Уыцы трагикон цаутæй иуварс нæ баззад Бендеры хъæу æмæ уыимæ Жужунæ дæр. Бинонтæ сæ цард цæмæй арæзтой, уыцы фосы сын атардтой æмæ афтид армæй аззадысты. Уыдон та цъус нæ уыдысты – 30 стуры бæрц. Бынтондæр раафтид ис Бендер йæ цæрджытæй, фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм. Фæлæ лæджымсæр сылгоймаг нæ фæтарст, уый никуыдæм фæлыгъд, кæд афтид армæй аззадысты, уæддæр. Бинонтæ сæхæдæг дæр къаддæрæй-къаддæр кодтой, чызджытæй чи чындзы фæцыд, чи та царды йæхи фæндагыл ныллæууыд æмæ æгас хъæубæсты дыууæ ныййарæджы иумæ баззадысты цæргæйæ. Æмæ сыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр нырма стыр ныфс сты сæ зæнæгæн. Скодтой та ногæй фос, кæнынц зæххы куыст, Хацырон æрмæст йæхи æмæ йæ зæнæджы нæ ифтонг кæны хъæууонхæдзарадон продукттæй. Уый арæх нæ горæты базармæ æрласы, уæлдай ма йæм чи баззайы йæ æркæнгæ продуктæй, уыдоны – дзидза, цыхт, царв, рæвдуæттæ. Уымæй дарддæр ма уый æрæмбырд кæны алыгъуызон дыргътæ кæрдо, фæткъуы, æнгузтæ æмæ сæ горæты цæрджытæ зæрдиагæй балхæнынц. Афтæмæй зæгъæн ис æмæ Жужунæ бирæ фермертæй стырдæр пайда кæй хæссы адæмæн.

Зæгъын хъæуы, хæдзары сылгоймаджы куыстытæй дарддæр нæлгоймаджы куыстытæ дæр йæхимæ кæй æрхаудтой, уый. Йæ цардæмбал Сосланы йе ‘нæниздзинад кæй нæ амоны, уымæ гæсгæ зымæгмæ йæхæдæг æрцæттæ кæны æмæ æрласы суг, сæ фосæн æркæрды зымæгваг хос, хуым кæны, тауы. Хъæумæ æввахс бирæгътæ фæцоппай кæнынц, æмæ кæд тæссаг у изæрыгæтты хъæддаг сырдтæй, уæддæр Жужунæ райсы йæ æхсæнгарз,  афтæмæй ацæуы йæ фос агурæг. Бахъæуы йæ бирæгътимæ тох кæнын дæр, хатт ын йæ фосмæ фæлæбурынц кæртмæ дæр, фæлæ сæ фæтæрсын кæны, байсы сæ тугдзых сырдтæй.

Тагъд йæ бартæ йæхимæ райсдзæн зымæг. Жужунæ та йыл ныр дæр сæмбæлдзæн æдыхстæй. Йæ фосæн æрцæттæ кодта фаг холлаг. Зымæгваг самал кодта суг, ссад, иннæ продукттæ – цыхт, хъæдур, дыргътæ, картоф, къабускæ та йæхи къухтæй æркæнгæ сты.

«Ницæуыл стыхсдзынæн алцы дæр мын ис, Хуыцау ма мын балæвар кæнæд нырæй фæстæмæ æнæниздзинад, иннæтæ мæхи къухæй амал кæндзынæн, – зæгъы мидбылхудгæйæ Жужунæ. – Æцæг хъæуы иунæгæй зын у, афæлмæцын зымæгон даргъ æхсæвты. Фæфæнды мæ, раздæр куыд уыд ацы хъæуы, афтæ та æхсæвыгæтты иумæ куы бадиккам, куы та бииккам цъындатæ, куы хуыиккам нæ хуыинæгты, фæлæ…» – сагъæсгæнгæйæ йæ ныхас фескъуыдта Жужунæ, йæ алыварс гогызтæ, кæрчытæ, холлагмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ куы æрбамбырд сты, уæд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.