Юри Гагарины номыл нæ горæты 12-æм астæуккаг скъолайы коллектив банысан кодтой сæ 45 азы юбилей. Бæрæгбонон мадзалмæ хуынд æрцыдысты РХИ-Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Ветеранты советы минæвæрттæ Гобозты Æхсар, Козаты Павел, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг Дзеранты Шота, скъолайы раздæры рауагъдонтæ.

Йæ раныхасы Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, «45 азы… Уыдон сты 45 рауагъды. Уыдон сæ цард сбастой иумæйаг ахуырады процессимæ. Цас тыхтæ æмæ быхсындзинад хъæуы, цæмæй сывæллæттимæ кусай. Ахæм куыстæн хъæуы аргъ кæнын. Алкæцы рауагъдон дæр скъолайы йæ ахуыргæнджытæм фæдары хæларзæрдæ ахаст. Уыдон вæййынц цæрæнбонтæм!», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 12-æм астæуккаг скъолайы ирдæй зыны фæлтæрты бастдзинад. «Æз бацыдтæн скъолайы музеймæ дæр. Тынг зын у уыцы 27 лæппуйы къамтæм кæсын, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой нæ республикæйы хæдбардзинады тыххæй. Уыдонæй цыппар лæппуйы хорзæхджын æрцыдысты Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй сæ амæлæты фæстæ. Уырны мæ, ацы скъолайы кæй уыдысты, Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл чи рацыдысты, ахæмтæ дæр. Уыдон сæ фæстæ цы патриотизм æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад ныууагътой, уый зыны æмæ зындзæн.  Уый зындис, абон, хъыгагæн, немæ цы фæсивæд нал сты, уыдоны рæстæджы дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Скъолайы коллектив æмæ ахуырдзаутæн йæ зæрдæ загъта  æнтыстытæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «12-æм  скъола фыццаг космонавт Юри Гагарины ном кæй хæссы, уымæ гæсгæ уын арфæ кæнын, цæмæй ахуырдзаутæ æмæ рауагъдонтæ алкæддæр уой фыццæгтæ æмæ сын уа космикон æнтыстытæ».

Скъолайæн лæвары хуызы Президент Бибылты Анатоли радта интерактивон фæйнæг. Йæ Барамындмæ гæсгæ горæт Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъола «рæзгæ фæлтæры хъомыл æмæ ахуыр кæныны хъуыддаджы йе стыр лæггæдты тыххæй» хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ. Педагогон архайды йе стыр лæггæдты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Остъаты Альбинæйæн. «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном та лæвæрд æрцыд Налбандов Лева-йæн.

Скъолайæн сæ юбилейы цытæн раарфæ кодта нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали дæр.

«45 рауагъды!  Мах куы æркæсæм, цас æнтыстытæ, цал уæлахизы бафтыд сæ къухы, уæд уыдон бирæ уыдзысты. Æрæджы 12-æм скъола уыд конкурс «Битвы хоров»-ы уæлахиздзауты æхсæн, бæрзонд фæстиуджытæ равдисгæйæ»,- загъта ахуырады министр æмæ скъолайæн балæвар кодта ноутбук.

Мадзалы кæрон ацы скъолайы директор Æрсойты Геннади стыр бузныг загъта уазджытæн æмæ йæ коллективæн ахæм рæсугъд мадзалы тыххæй.

Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.