ÆРДЗ ÆМÆ АДÆЙМАГ

Адæймаджы цард, йæ архайд, æнгом баст у нæ алфæмблайы дунейыл. Æмæ фылдæр хатт йæ архайд æвзæрæрдæм ахъаз кæны æппæт удæгас организмтыл, зайæгойтыл. Техникон прогрессы фæрцы цæуæм размæ æмæ нæ рох ма хъумæ уа – æнæ æрдз махæн цæрæн нæй.

Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон алы аз дæр нысан цæуы фæндзæм июны. Уыцы бон ма нысан кæнынц Экологы бон дæр. Ацы зæрдылдарæн бон сфидар кодта Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея 1972 азы 15 декабры æмæ йын ис символикон нысаниуæг. Уый баст у адæймаджы алфæмблайы проблемæты фæдыл Стокгольмы конференцийы райдианы бонимæ. Конференцийы хайадисджытæ райстой Стокгольмаг деклараци. Документ сфидар кодта æрдз бахъахъхъæныны 26 принципы, экологийы фарстаты фæдыл бæрндзинад æмæ сæ сæххæст кæнын сæвæрдта паддзахадтыл.

Хицæн бæрæгбон – Экологы бон нысан кæныны тыххæй уынаффæ райста УФ-йы Президент Владимир Путин. Фæлæ уæддæр Экологы бон баиу кодтой ацы дунеон бæрæгбонимæ. Ацы аз   официалонæй нысан цæуы 11-æм хатт. Экологы бон у æрдзон ресурсты министрады, алфæмблай дунейы хъахъ-хъæныныл архайæг органты, бæстæйы æрдзон ресурстæй спайда кæныныл контролгæнæг инстанциты, афтæ ма паддзахадон æмæ хисæрмагонд экологон организациты кусджыты бæрæгбон дæр.

Бонæй-бонмæ цæгъдынц фылдæрæй-фылдæр хъæдтæ, сур кæнынц донмалтæ, зиан цæуы флорæ æмæ фаунæйæн. Адæм аразынц заводтæ æмæ хъуыды дæр нæ кæнынц алфæмблай дунейыл, мах цы уæлдæфæй улæфæм, ууыл. Чъизи кæнынц цæугæдæттæ, донмалтæ æмæ уый аххосæй куынæг кæнынц кæсæгтæ. Хъуыды дæр нæ акæнæм, сомбоны фæлтæрæн цы ныууадздзыстæм, ууыл. Азæй-азмæ зæххы бынæй исæм газ, нефт, æвзалы. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ зæххы ресурстæ сты æгæрон, фæлæ уый афтæ нæу. Азæй-азмæ зæхх мæгуырæй-мæгуырдæр кæны.

Зæхх нын рагæй зонын кæны, бонæй-бонмæ кæй цæуынц фылдæр катаклизмæтæ. Уыдон сты вулкантæ, донивылдтытæ, зæххæнкъуыстытæ, зæйтæ æмæ æндæртæ. Уæдæ нæ зæхх фæдзæхсы – нæ алфæмблайы æрдз куынæ хъахъхъæнæм, уæд гæнæн ис, зæххыл цард мауал дæр уа.

Экологы боны цытæн йæ арфæйы нæ Республикæйы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик   загъта: «Ацы бæрæгбон у, нæ алыварс дунейы хъысмæтыл уæлæхох чи нæу, уыдонимæ баст. Уый махæн у зæрдылдарæн, ныртæк-кæйы æхсæнадыл кæй ис, фидæны фæлтæр-тæ нæ планетæйы цавæрæй æрæййаф-дзысты, уыцы стыр бæрн. Уыдонæн йæ сыгъдæг цæугæдæттæй, сатæг уæлдæф, тар хъæдтæй æмæ цæрæгойты æгæрон хъæздыгадæй æхцондзинад исыны фадат уыдзæн, æви нæ”.

Æрвылаз дæр бæрæгбоны цытæн уагъд фæцæуынц форумтæ, презентацитæ, тымбыл фынгтæ, конференцитæ, æрдзы тематикæйы фæдыл сывæллæтты нывты конкурстæ, акцитæ, кæцытæ адæмы хъусдард здахынц æрдз хъахъхъæныны организациты активон æххуысæй алфæмблай дуне бахъахъхъæ-нынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.