АДÆЙМАГ ÆМÆ ЭКОЛОГИ

Адæмы æнæниздзинад, экономикон дидинæфтыд, царды гъæд бирæбæрцæй баст у нæ алфæмблай дунейыл. Адæмы архайд фылдæр хатт æвзæрæрдæм ахъаз кæны удæгас организмтыл, зайæгойтыл, ландшафтыл. Бонæй-бонмæ цæгъдынц фылдæрæй-фылдæр хъæдтæ, суркæнынц донмалтæ, зиан хæссынц флорæ æмæ фаунайæн. Адæм аразынц заводтæ æмæ хъуыды дæр нæ кæнынц алфæмблай дунейыл, мах цы уæлдæфæй улæфæм, ууыл. Чъизи кæ-нынц цæугæдæттæ, донмалтæ æмæ уый аххосæй куынæг кæнынц кæсæгтæ, дæтты цæрджытæ. Хъуыды дæр нæ акæнæм, сомбоны фæлтæрæн цы ныууадздзыстæм, ууыл. Азæй-азмæ зæххы бынæй исæм газ, нефт, æвзалы. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ зæххы ресурстæ сты æгæрон, фæлæ уый афтæ нæу. Азæй-азмæ зæхх мæгуырæй-мæгуырдæр кæны. Техникон прогрессы фæрцы цæуæм размæ æмæ нæ рох ма хъумæ уа – æнæ æрдз махæн цæрæн нæй.

Зæхх нын рагæй зонын кæны, бонæй-бонмæ кæй цæуынц фылдæр катаклизмæтæ. Уыдон сты вулкантæ, донивылдтытæ, зæххæнкъуыстытæ, зæйтæ цыд æмæ æндæртæ. Уæдæ афтæ, зæхх фæдзæхсы,  зæгъгæ, нæ алфæмблайы æрдз куынæ хъахъхъæнæм, уæд гæнæн ис, æнæнхъæлæджы зæххыл цард мауал дæр уа.

Æрдз бахъахъхъæныны дунеон бон алы аз дæр нысан цæуы фæндзæм июны. Уыцы бон ма нысан кæнынц Экологы бон дæр. Ацы цау сфидар кодта Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея 1972 азы 15 декабры æмæ йын ис символикон нысаниуæг. Уый баст у адæймаджы алфæмблайы проблемæты фæдыл Стокгольмы конференцийы райдианы бонимæ. Конференцийы хайадисджытæ райстой Стокгольмаг деклараци. Документ сфидар кодта æрдз ба-хъахъхъæныны 26 принципы, экологийы фарстаты фæдыл бæрндзинад æмæ сæ сæххæст кæнын сæвæрдта паддзахадыл.

Хицæн бæрæгбон – Экологы бон нысан кæныны тыххæй уынаффæ райста УФ-йы Президент Владимир Путин. Фæлæ уæддæр Экологы бон баиу кодтой æмбæлон дунеон бæрæгбонмæ, кæцы нысан цæуы 5 июны. Экологы бон у æрдзон ресурсты министрады, алфæмблай дунейы хъахъхъæныныл архайæг органты, бæстæйы æрдзон ресурстæй спайда кæныныл контролгæнæг инстанциты, афтæ ма паддзахадон æмæ хисæрмагонд экологон организациты кусджыты бæрæгбон дæр.

Æрвылаз дæр бæрæгбоны цытæн уагъд фæцæуынц форумтæ, презентацитæ, тымбыл фынгтæ, конференцитæ, æрдзы тематикæйы фæдыл сывæллæтты нывты конкурстæ, акцитæ, кæцытæ адæмы хъусдард здахынц æрдз хъахъхъæныны организациты активон æххуысæй алфæмблай дуне бахъахъхъæнынмæ.

* * *

Дунейы хуыздæр климатологтæ бакуыстой Иугонд Нациты Органи-зацийы дзуаппыл, æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, зæххы климат, куыд æн-хъæлмæ кастыстæм, уы-мæй тагъддæр райдыдта хъарм кæнын. Æцæгдæр, алфæмблай æрдзы фарстатæ æвзарæг ИНО-йы консультантты сæргълæууæг Роберт Уотсон зæгъы, зæгъгæ, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азтæ уыдысты иу-уыл тæвддæр, температурæ та, фæстаг мин азы куы райсæм, уæд тагъддæр рæзтис ссæдзæм æнусы.

Ахуыргæндты-специалистты хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг сæдæ азы Зæххы уæлцъары температурæ хъуамæ фæфылдæр уа 1,4 кæнæ суанг 5,8 градусы онг. Уый нысан кæны, цъититæ тайын кæй райдайдзысты тагъддæр æмæ дунеон дæтты æмвæзад 88 сантиметры кæй фæфылдæр уыдзæн. Канд сакъадахтæ æмæ денджызтæм æввахс районтæ нæ фæдæлдон уыдзысты, фæлæ ма тæссаг у, æнæхъæн падзахадтæ (зæгъæм, Голланди, йæ территорийы фылдæр хай денджызы æмвæзадæй дæлдæр кæй ис, уый тыххæй) дæр доны бын куы аныгъуылой, уымæй.

Ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Арктикæйы ихын уæлцъары фæзуат фæкъад-дæр 15 проценты. Уый та ууыл дзурæг у æмæ климаты ивддзинæдтæ хæццæ кæнынц æппæт континенттæм дæр. Аивгъуыйгæ æнусы 50-æм азты æмбисæй фæстæмæ та антарктикон ихтæ хуссары ‘рдæм феггуырстысты 2,8 градусы уæрæхады. Цалдæр дæс азы фæстæ, гæнæн ис нæ сомбоны фæлтæртæ дис нал кæной, абон урс пæлæхсар худтæй æхгæд чи сты, уыцы хæхты цъуппытыл. Ихтæ уæлдай тагъддæр тайынц тропикон уæрхыты.

Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, Африкæйы континенты тæккæ бæрзонддæр хох Килиманджаройы мит 2020 азмæ бынтондæр батайдзæн. 1912 азы барст æрцыд, йæ цъитийы фæзуат æмæ уæдæй нырмæ уый фæкъаддæр 82 проценты. Килиманджаройы бынæттон цæрджытæ хонынц «Нгайэ-Нгайя», ома, «Хуыцæутты хæдзар». Танзанийы хицауады къазнайæн уый стыр пайда хæссы. Æрвылаз 20 мин туристæй фылдæр вæййы ацы бæстæйы, цæмæй тропикон тæвдæй схизой Килиманджаройы æнусон митмæ.

1940 азмæ Гренландиаг денджызы дыууæ хатты фæкъаддæр ихты бæрц, Баренцы – æртæ, æмæ Арктикæйы уæрæсейаг секторы ихы фæзуат та фæкъаддæр æрдæджы онг (1 млн. кв/км). Растдæр уыцы рæстæджы нысан æрцыд, кæй фæкъаддæр ихы фæзуат Альпты æмæ Кавказы. Иумиагæй, Кавказы ихы фæзуат фæкъаддæр 10 проценты, ранæй-рæтты ихы бæзн бирæ фæкъаддæр. Гренланды температурæ фæфылдæр 5 градусы, Шпицбергены та – 9 градусы.

Климаты ивддзинæдтыл дзурæг у зайæгойты «миграци» дæр. Рæс-тæмбис температурæ иу градус кæй фæфылдæр, уый тыххæй Аляскæйы хъæдтæ 100 километры феввахсдæр сты Цæгатмæ. Уæлхох зайæгойтæ Альпты сæ ахуыр сатæг агурыны тыххæй хизынц уæлдæрæй-уæлдæр. Алы дæс азмæ дæр уыдон ацæуынц 1-4 метры. Цæгаттаг уæрæхадты та разыны, раздæр хуссармæ æввахс чи цардысты, ахæм уырынгонтæ. Ахъуыды кæнын æмбæлы ууыл дæр Европæйы æмæ Цæгат Америкæйы хъæууонхæдзарадон аз 11 боны кæй фæфылдæр ис.

Зæххон атмосферæ тынгдæр æндавын кæй райдыдта, уый æнæзонгæ нæу хицæн регионты æрдзон фæзындтытыл дæр. Зæгъæм, Африкæйы бæстæты гæнæн ис, æмæ тыллæг фæкъаддæр уа, Хуссар-Скæсæн Азийы прогнозтæ куыд амонынц, афтæмæй хоры культурæты æрзад фæфылдæр уыдзæн, Австрали æмæ Ног Зеланди æййафдзысты донхъуаг, Европæйы та сарæх уыдзысты донивылдтытæ.

Алфæмблай ИНО-йы æрдзы программæйы сæргълæууæг Клаус Топфер куыд загъта, афтæмæй зонадон иртасæнты бæрæггæнæнтæ дзурæг сты, кæй фæхъармдæр, ууыл. Уый у адæймаджы æнæрхъуыды хæдзарадон архайды аххосæй. Ивгъуыд æнусы райдайæны та хъуыддаг уыд бынтон æндæр-гъуызон. Æрмæстдæр æрдзон тыхтæ æндæвтой климаты ивддзинæдтыл. Ахæмтæ, куыд хуры активондзинад, вулканы рыджы æппæрстытæ, чысыл организмты архайд.

Фæлæ ивгъуыд æнусы 50-æм азтæй фæстæмæ æвзалытуаг газ æмæ йе ‘ндæвдад фылдæр кæнын райдыдтой зæххон атмосферæйы. Цыбырдзырдæй, æвзалытуаг газы бæрц фылдæр кæй фæцис, уый та афтæ æмбаргæ у, æмæ сыгъд цæуы æрдзон органикон æртаг. Уымæй уæлдай нæм нæй хæдзардзин зæххон пайдакæнынад: хъæдты бынæй рухс суагътам, æгæрон фæзуæттæ хуымгонд цæуынц хъæууонхæдзарадон культурæтæн.

Дарддæр ИНО-йы дзуаппы автортæ сидынц дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй бæлвырд къахдзæфтæ арæзт æрцæуа атмосферæмæ къаддæр газтæ æппарыны тыххæй. Ацы хъуыддагыл та куыст цæуы рагæй. 1997 азы япойнаг горæт Киотойы климат банывыл кæныны фæдыл дунеон конференцийы ахуыргæндтæ баныхас кодтой, цæмæй рæзгæ бæстæтæ 5 проценты фæкъаддæр кæной æвзалытуаг газы, æндæр алыхуызон газты æппæрстытæ.

2013 азы Гаагайы цы экологон форум уыдис, уый архайджытæ та бафæлвæрдтой, ацы нысан къухы бафтыны фарстатыл бакусын.

2014 азы 25 сентябры Уæрæсейы социалон-экологион цæдисы пресс-релизы дзырдæуы, зæгъгæ, ИНО-йы климатон саммит, кæцы уагъд æрцыд Нью-Йоркы, йæ хайадисджытæ серьезонæй ныфс бавæрдтой æппæт дæр саразын климаты тыххæй. 126 бæстæйы лидертæ ныфс бавæрдтой климат фæивыны проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ серьезонæй кæй æрæв-налдзысты: фæкъаддæр кæной хъæрмуатон газтæ, фæфылдæр кæной Цъæх климатон фонд æмæ иннæ аз райсой ног бадзырд ивддзинæдты тыххæй. Райст æрцыд хъæуæг Деклараци хъæдты тыххæй. 2020 азмæ æрдæджы бæрц хъуамæ фæкъаддæр уа хъæдтæ куынæг кæныны процесс. 2030 азмæ та урæд хъуамæ æрцæуа ацы тенденци. Декларацимæ гæсгæ райсгæ мадзæлттæ 2030 азмæ фæкъаддæр кæндзысты æвзалытуаг газтæ афæдзы дæргъы 4,5 – 8,8 миллиард тоннæйы бæрц.

АИШ æмæ Китай сты уыцы бæстæтæ, кæцытæ иууыл фылдæр чъизи кæнынц уæлдæф «хъармгæнæн газтæй».

Ис ахæм хъуыды, адæймаг сомбон архайдзæн, цæмæй контроль кæна Зæххы климатыл, фæлæ йын цахæм æнтыстытæ уыдзæн, уый фенын кæндзæн рæстæг. Адæймагадæн уый йæ къухты куынæ бафта, уæд «адæймагмæ, куыд æмбаргæ уæвæгой», æнхъæлмæ кæсы динозаврты хъысмæт.

* * *

Афон у æмæ нæ хъус æрдарæм нæ планетæмæ нæхицæй йæ бахъахъхъæныны тыххæй. Махæй алчи дæр гæнæн ис æмæ бахæсса йæ хайбавæрд ацы хъуыддагмæ. Алчи дæр сыгъдæг кæнæт йæ алыварс территори, йæ кæрт, донуатты сссыгъдæг кæнын хъæуы пластиктæй, полиэтиленæй æмæ æндæр брæттæй. Сæйраг у, цæмæй ма чъизи кæнæм нæ алыварс, æмбисонд афтæ куы у: «Сыгъдæг нæу, кæм æфснайынц уым,  фæлæ цыран нæ чъизы кæнынц, уым!». Ныссадзут бæлæстæ æмæ афтæмæй баххуыс кæндзыстут æрдз сæндидзын кæны-нæн. Уæд уыдзæн æнцондæр цæрæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.