ÆРДЗ ÆМÆ АДÆЙМАГ

1972 азы 15 декабры Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея сфидар кодта Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон,кæцыйæн ис символикон нысаниуæг. Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон алы аз дæр нысан цæуы фæндзæм июны. Уыцы бон ма нысан кæнынц Экологы бон дæр. Ацы зæрдылдарæн бон баст у адæймаджы алфæмблайы проблемæты фæдыл Стокгольмы конференцийы райдиан бонимæ. Конференцийы хайадисджытæ райстой Стокгольмаг деклараци. Документ сфидар кодта æрдз бахъахъхъæныны 26 принципы, экологийы фарстаты фæдыл бæрн-дзинад æмæ сæ сæххæст кæ-нын сæвæрдта паддзахадтыл.

Техникон прогрессы фæрцы дуне цæуы размæ æмæ нæ рох ма хъуамæ уа, æнæ æрдз махæн цæрæн кæй нæй.  Адæймаджы цард, йæ архайд, æнгом баст у нæ алфæмблайы дунейыл. Æмæ фылдæр хатт йæ архайд æвзæрæрдæм ахъаз кæны æппæт удæгас организмтыл, зайæгойтыл.

Экологы бон нысан кæныны тыххæй уынаффæ райста УФ-йы Президент Владимир Путин.  Æмæ ацы бон дæр баиу кодтой дунеон бæрæгбонимæ, кæцы нысан цæуы 5 июны. Экологы бон у æрдзон ресурсты министрады, алфæмблай дунейы хъахъхъæныныл архайæг ор-ганты, бæстæйы æрдзон ресурстæй спайда кæныныл контролгæнæг инстанциты, афтæ ма паддзахадон æмæ хисæрмагонд экологон организациты кусджыты бæрæгбон дæр.

Бонæй-бонмæ цæгъдынц фылдæрæй-фылдæр хъæдтæ, сур кæнынц донмалтæ, зиан цæуы флорæ æмæ фаунæйæн. Адæм аразынц заводтæ æмæ хъуыды дæр нæ кæнынц алфæмблай дунейыл, мах цы уæлдæфæй улæфæм, ууыл. Чъизи кæнынц цæугæдæттæ, донмалтæ æмæ уый аххосæй куынæг кæнынц кæсæгтæ. Хъуыды дæр нæ акæнæм, сомбоны фæлтæрæн цы ныууадздзыстæм, ууыл. Азæй-азмæ зæххы бынæй исæм газ, нефт, æвзалы. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ зæххы ресурстæ сты æгæрон, фæлæ уый афтæ нæу. Азæй-азмæ зæхх мæгуырæй-мæгуырдæр кæны.

Æрдзæн аргъ кæй нал кæнæм, уымæ гæсгæ ныл æрцæуынц алыгъуызон æрдзон фыдбылызтæ. Æрдзы куыд барæвдауай, афтæ дæ уый дæр барæвдаудзæн.

Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон нысан кæны 100 бæстæйæ фылдæр, уыдоны нымæцы нæ республикæ дæр.

Æрвылаз дæр бæрæгбоны цытæн уагъд фæцæуынц форумтæ, презентацитæ, тымбыл фынгтæ, конференцитæ, æрдзы тематикæйы фæдыл сывæллæтты нывты конкурстæ, акцитæ, кæцытæ адæмы хъусдард здахынц æрдз хъахъхъæнæг организациты активон æххуысæй алфæмблай дуне бахъахъхъæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.