Ныхас – инвестпрограммæ æххæст кæныны, хъæууонхæдзарадон куыстытæм цæттæдзинады æмæ фæндæгты уавæры тыххæй

Хъуылымбегты Доменти ауагъта рауæрæхгонд æмбырд министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытимæ.

Сæрмагонд хъусдард аздæхтæуыд 2017 азы Инвестпрограммæ æххæст кæныны, хъалонтæ æмбырд кæныны æмæ уалдзыгон-быдырон куыстытæм цæттæ кæныны фарстытæм.

Хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали фехъусын кодта æрæмбырдуæвджытæн, цæттæгæнæн куыстытæ кæй цæуынц штатон режимы.

«Цæттæ цæуынц тауинæгтæ, цалцæг кæнæм хъæууонхæдзарадон ифтонгад. Афтæ ма ныртæккæ сыгъдæг цæуынц донхæргæнæн къанаутæ, кусы дзы дыууæ тракторы. Æппæт уыдæттæ хъуамæ æххæст æрцæуой рæстæгыл», – загъта министр.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, районты администрацитимæ хъæуы æппæт хъарутæ дæр аздахын уымæ, цæмæй фермерты зæххы фадгуытæ æххæстæй ифтонг æрцæуой донæй.

«Бирæбæрцæй уымæй аразгæ у нæ хъæууон фæллойгæнджыты куысты фæстиуæг», – банысан кодта уый, æмæ йæ хъусдард æрурæдта, районты, поселокты æхсæн фæндæгты уавæр афоныл кæй хъæуы бабæрæг кæнын зымæджы фæстæ.

Æмбырды рæстæджы ма дзырд цыд хъалонты фадыджы фарстытыл дæр. Хъуылымбегты Доменти æрсидт фискалон органтæм, цæмæй сæ хъусдард фæтыхджындæр кæной, хъалонтæ æмбырд куыд цæуынц, уымæ, фароны куысты размæцыд нæ фехалгæйæ, цæмæй куысты снысангонд нывæстытæ æххæст æрцæуой.

Уымæй дарддæр ма уынаффæ цыд пенсион ифтонгады æмæ ахуырады къабазы хицæн категориты кусджытæн куыстмызд фидыны фарстытыл.

«Ацы фадыджы фарстытыл хъæуы коллегиалонæй æруынаффæ кæнын, цæмæй арæзт æрцæуой архайды амæлттæ пенситæ æмæ куыстмызды оптимизацийы сæраппонд, – банысан кодта Хицауады Сæрдар. – Мах хъуамæ саразæм æппæт дæр, цæмæй не ‘мбæстæгты царды æмвæзад æнæсцухæй рæза.

Дзырд ма цыди ацы азы Инвеспрограммæйы мадзæлттыл. Сæрмагондæй та, 2017 азмæ нысангонд кæй сты 13 уынджы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ.

Æмбырды ма нысан æрцыд, æппæт бæрндзинадимæ кæй хъæуы кæсын республикæйы æхсæнадон-политикон уавæрмæ, ныртæккæ цы æнæбарлæвæрд митингтæ сарæх сты, уый сæраппонд.

Хицауады Сæрдар равдыста йе ‘ууæнк, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентон æвзæрстытæм цæттæгæнæн æмгъуыды æвзарæн процессы æппæт хайадисджытæ дæр кæй архайдзысты барадон амæлттæй æмæ не ‘мбæстæгты хæрзиуæгæн.

   РХИ-йы Хицауады официалон сайт 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.