1992 аз. Июнь. Дзæуджыхъæуы Китайаг фæзуаты цы рынчындон ис, уый палатæтæй иуы сынтæгыл хуыссы саурихи, фидæрттæконд лæппулæг Хуыбылты Важа. Йе стыр фæллад цæстытæ æрцъынд кодта æмæ архайы дохтыры фæдзæхст сæххæст кæнын – иу чысыл афынæй кæныныл. Ныр мæйы бæрц йæ сæр базыл нал æрæвæрдта. Йæ къордимæ иу гæпп горæтгæрон ТЭК-мæ кодта, иннæ  гæпп Никозы хъæумæ æввæхс цы пост уыд, уырдæм, Знауырмæ… æмæ кæцырдыгæйты нæ лæбурдтой фашист Гамсахурдиайы сæркъуыртæ Иры хуссармæ, нæ уарзон горæт Цхинвалмæ.

1992 азы июны æндыгъд æмæ тугуарæн бонтæй кæд 25 азы рацыд, уæддæр уыцы рæстæджы ам, Хуссар Ирыстоны чи уыдысты æмæ мæлæты тасдзинад сæхиуыл чи бавзæрстой, уыдонæй нæ ферох сты æмæ никуы дæр ферох кæндзысты уыцы мæлæтхæссæг бонты. Кæд уый размæ мæйты дæр уавæр тынг æндыгъд уыд, 20-æм майы Зары хъæды ныццагътой æнæаххос бæлццæтты, æрцыд æбуалгъы трагеди, уæддæр июны райдианы уавæр бæрæг фæкарздæр, фендыгъддæр. Гуырдзиаг тугмондаг лæгсырдтæ нал æфсæстысты ирон адæмы тугæй æмæ бынтондæр нал ауæрстой марыныл фæнды сывæллоны, фæнды сылгоймаджы, фæнды æдых зæрæдты. Сæ нысан уыд ирæттæй фылдæр амарын.  ТЭК-ы снайпертæ кæй æрбынат кодтой æмæ æппынæдзух горæты  минææхсæнтæ æмæ егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй кæй æхстой, уымæ гæсгæ горæты  уынгты ахизæнтæ нал уыд. Æхстытæ-иу бирæ хæттыты æнæхъæн суткæты дæргъы дæр нæ банцадысты æмæ афтæмæй мардысты куыд хæстон лæппутæ, афтæ сабыр цæрджытæ дæр. Июны мæйы райдианæй суанг 14-æм июлмæ цалынмæ Хуссар Ирыстонмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ фæмард тынг бирæ адæм, цæфтæ та фесты сæдæгай адæймæгтæ.

1992 азы 12-æм июны цæрæнбонтæм бахъуыды кодта нæ горæты цæрæг, Ленингоры районы Цъинагары хъæуæй рацæугæ Хуыбылты Важа дæр. 12-æм июнь æвзонг нæлгоймагыл цæрæнбонтæм ныууагъта йæ уæззау фæд. Фæлæ уал уæ нырма базонгæ кæндзынæн йæ цардвæндагимæ. Райгуырд Цъинагары хъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты физкультурæйы факультеты. Йе ‘фсымæр Валери йæ кæд хъæбысхæсты секцимæ кодта, уæддæр ын не сразы. Фидæрттæконд лæппу ахуырæй уæлдай бæллыд æрмæстдæр футболист суæвынмæ. Æмæ, раст зæгъгæйæ, арæхсгæ дæр хорз кодта, уыдис ын æнтыстытæ спорты ацы хуызы. Нырма уал хъазыд Цъинагары хъæуы колхозы командæйы, стæй та – институты футболон командæйы. Уыд уæды областон æмбырдгонд командæйы  уæнг дæр. Сæрмагонд курсытæ каст фæуыны фæстæ ссис футболæй республикæйы категорийы тæрхонгæнæг. Сахуыр кодта шофыры дæсныйад дæр.

Институт каст фæуыны фæстæ Важа иудзæвгар акуыста скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй, фæлæ… Фæлæ диссаг у адæймаджы хъысмæт. Хатт дæ кæм бамидæг кæндзæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ. Нæ уарзон горæт Цхинвалы уынгты фыццаг троллейбус куы фæзынд, уæд ын йæ «рохтыл» фыццаг чи æрхæцыд, уыцы амонд æрхаудта Важамæ. Уый тыххæй йын кадджын митингы раарфæ кодта Советон Гуырдзыстоны Коммунистон партийы централон комитеты фыццаг секретарь Эдуард Шеварднадзе дæр. Фæлæ йын, хъыгагæн, уыцы рæсугъд транспортыл бирæ бакусын нæ бантыст – басыгътой йын æй Гамсахурдиайы фыдгæнджытæ, ныппырх кодтой Цхинвалы цæрджытæ буц кæмæй уыдысты, уыцы троллейбусон парк дæр.

Куыд æндæр лæппуты, афтæ Важайы дæр бахъуыд Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты æрлæууын. Нал дæр ын æхсæв уыд æмæ нал дæр бон. Уавæр-иу æндыгъддæр цы бынаты уыд, уым-иу февзæрд йæ Фыдыбæстæйы æнувыд хъæбул. Иуран æрбадт ын нал уыд, йæхи раппар-баппар кодта дыууæрдæм, хатт-иу вертолетыл йæ райгуырæн хъæу Цъинагармæ дæр атахт æмæ-иу уымæй йæ хъæубæстæн ныфсы хос фæцис.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд Нысаниуæджы къорд арæзт куы æрцыд, уæд уырдæм службæ кæнынмæ бацыд Важа дæр. Уыд взводы командир. Уыцы æндыгъд рæстæджыты ОМОН-ы лæппутæ, уыцы нымæцы Хуыбылы фырт дæр цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдон диссагæн дзуринаг сты. Важа мадзура у, стæй йæхицæй æппæлын та бынтон нæ уарзы. Фæзæгъы, зæгъгæ, дам, иннæ лæппуты хъауджыдæр æз дæр ницы сарæзтон. Æниу йæ уæлæ зыны  арæзта æви нæ, уый.

«1992 азы 12-æм июны майрæмбоны, ОМОН-ы взводты сæ командиртимæ бонæй æрæмбырд кодта Джиоты Алан (Парпат) æмæ нын фехъусын кодта, зæгъгæ, дам, ахсæв хъуамæ ТЭК сисæм. Æхсæвы хъуамæ размæ абырстаиккам не ‘взводты лæппутимæ. Мах хъуамæ тæрхондоны цурты Згъудерыл абырстаиккам æмæ Хубул æмæ Парпат та хъуамæ дæлæты рабырстаиккой. Иудзырдæй хъуамæ знæгтыл æрхъула кодтаиккам æмæ сæ фæсырдтаиккам нæ зæххæй. Фæлæ уал уæдмæ æз æмæ Санахъоты Вова развæдсгæрсты ацыдыстæм. Æмæ куыд рабæрæг афтæмæй нæм гуырдзиæгтæ æнхъæлмæ кастысты. Уыдон нæ суыдтой æмæ кæрæдзимæ дзырдтой, зæгъгæ, нырма сæ ма фехсæм, уадз æмæ уал, дам, иннæтæ дæр æрбацæуой сæ цурмæ. Цы базонын ма нын æй хъуыд, чидæр нæ кæй ауæй кодта, уый. Æз уайтагъд рацийæ адзырдтон лæппутæм, зæгъын, иу дæр уæ йæ къах ма равæрæт. Уæдмæ ныл  гуырдзиæгтæ нæмыг нызгъæлстой. Мæнæн егъау нæмыгæй фæцæф мæ уæраг, Вова æдасæй аирвæзт. Тыххæйты ма бабырыдтæн тæрхондоны бæстыхайы онг. Уыцы æхсæвæй фылдæр нæ лæппутæй никуы амард, уыцы бон фæмард Табуты Радик Нугзары фырт дæр. Мæ къах ма тыххæйты хæцыд уæрагæй дæлæмæ, фæлæ йæ куыддæрты сбастон. Козаты Джемал æмæ мæ Санахъоты Вова сæ къухтыл æрбахастой  Марксы уынджы онг æмæ мæ уырдыгæй та баластой Гуырæн хæдзары ныккæндмæ. Республикон рынчындоны æппынæдзух гуырдзиæгтæ кæй æхстой, уымæ гæсгæ цæфты ластой гуырæн хæдзары ныккæндмæ. Дыккаг бон, сабаты хъуамæ вертолет æртагътаид, фæлæ  цæмæдæр гæсгæ, æвæццæгæн, ме намондæн не ртахт. Афтæмæй уым баззадтæн иу суткæ æмæ æрдæг. Хуыцаубоны ма мæ бæргæ аластаой Дзæуджыхъæумæ, фæлæ къахы нуæрттæ амардысты æмæ мын лыгкæнинаг фæцис. Дохтыртæ куыд загътой, уымæ гæсгæ,  æртæ сахаты раздæр сæ къухтæм куы бахаудтаин, уæд мæ къах лыгкæнинаг нæ фæуыдаид. Дзæуджыхъæуы рынчындоны баззадтæн дыууæ мæймæ æввахс. Стæй та мæ аластой Мæскуымæ æмæ уым дæр баззадтæн иу цасдæр рæстæджы дæргъы», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ хæстон архайдтытæ Важайæн.

Хуыбылты Важайы Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ куы æрластой, уыцы боны цаутæ мæ зæрдыл хорз лæууынц. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уый размæ  9-æм июны фæцæф сты мæ дыууæ сывæллоны æмæ мæ чызгæн йæ уæраджы стæг кæй асаст, уымæ гæсгæ мах дæр ацы рынчындоны уыдыстæм æнæхъæн мæйы дæргъы. Абоны онг дæр йæ мад Хацырты Еленæйы тарст цæстæнгас мæ цæстыты раз лæууы. Йæ хъæбулы фæстæ удаистæй æрхæццæ æмæ йыл цæссыгкалгæ йæхи баппæрста. Уый йæ нырма нæ зыдта йæ хъæбулы къах ын кæй алыг кодтой, уый. Йемæ йын æрхаста  хъарм цъындатæ, зæгъгæ, дам, рынчын адæймаг уазалгæнаг у. Важа йын куы загъта, зæгъгæ, дæ цъындатæй иу уæлдай у, уæд æй уайтагъд нæ бамбæрста. Мад йæ къухы уырстæй  сгарын райдыдта йæ хъæбулы буар æмæ кæддæр авдæны хъарм гæппæлттæй цы дыууæ фидар уæраджы тыхта, уыдонæй ныр иуы нал ары. Цы базонын ма хъуыд Хацыронæн йæ хъæбулæн йæ къах лыгкæнинаг кæй фæцис, уый æмæ йæ зæрдæ бахъарм, тыххæйты ма йæ йе муд æрцæуын кодтой. Базонгæ йæ хъæбулы дохтыр Дзахойы фыртимæ дæр.

Важа йæ мады æндæр ныхæстыл кодта, фарста йæ Хуссары, сæхимæ Цъинагары  цы хабæрттæ ис, уыдонæй. «Кæд, мыййаг, нæ лæппутæ сцух сты нæмгуытæй. Кæнæ куыд у йе нæниздзинад бабайæн. Важайы фыд Валодя (ныртæккæ дзæнæттаг) хъæубæсты нымад лæг уыд. Гуырдзиаг абырджытæ Цъинагар æмæ Гдулеты хъæуты фос атæрынмæ куы æрхъавдысты, уæд фæдисонтимæ уыд уый дæр æмæ йе ‘мхъæуккаг Циукъаты Мишаимæ уацары бахауд гуырдзиаг абырджытæм. Тынг сæ бафхæрдтой, стæй сæ баивтой гуырдзиаг амынæттыл.

Хуыбылты Важа йæ хъайтардзинæдты тыххæй дзурын нæ уарзы, уымæн æмæ йæм афтæ кæсы цыма йæхицæй æппæлы. Фæлæ мын уæддæр цыдæртæ радзырдта йæ хæстон цаутæй. «Гуджабары хъæумæ гуырдзиæгтæ куы æрбахъуызыдысты, уæд уым уыдтæн æз дæр. Аккаг ныхкъуырд сын радтам, басыгътам сын сæ БРДМ, амардтам дзы цалдæры. Уыцы мæрдтæй иуы рахастам немæ æмæ йæ стæй баивтам 17-аздзыд Санахъоты Гришикы мардбуарыл, кæцыйы фыдмардæй амардтой уый размæ».  Йæ хæстон æмгæрттæй дæр мын бирæтæ радзырдтой Важайы сгуыхтдзинæдты тыххæй.  Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ кæсы, цыма  уыцы азты цаутæ рох кæнын райдыдтой, рох кæнын та сæ бынтондæр нæ хъæуы. Хуыбылты Важайæн ис хорз бинонтæ – йæ цардæмбал Пæрæстаты Ларисæимæ сын ис дыууæ фырты æмæ цыппар хъæбулы хъæбулы æмæ сæ хурæй бафсæдæт.  Хуыбылы фырт бирæ азты дæргъы бакуыста РХИ-йы Мидхъуыддæгты органты, ныртæккæ та ис пенсийы.

Зынаргъ газеткæсджытæ, мæнæ нывы цы нæлгоймаджы уынут, ууыл уынджы куы амбæлат, куы-иу æй фенат протезы, кæнæ та лæдзгуыты æнцой къулых-къуылыхгæнгæ фæцæйцæугæ, уæд-иу ын уæхимидæг бузныг зæгъут. Уымæн æмæ уый 25 азы размæ хæстон цауты рæстæджы 36-аздзыдæй цæрæнбонтæм баззад онгцухæй, инвалидæй, ирон адæмы, Ирыстоны хорз сомбоны тыххæй. Ахæм хъæбатырты сгуыхтдзинæдты тыххæй нæ хъæуы рох кæнын, ахæмтæн кад кæнын хъæуы.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.