Цхинвалы районы Адзистауы хъæуы цæрæг Туаты Бардзин йæхицæн цардæмбалæн Къусраты Анетæйы куы æркодта, уæд сæм цард йæ мидбылты худт, фæлæ… Зæнæгæй сын стыр хуыцауы цæст бауарзта 11 сывæллоны, фæлæ уыдон иууыл цæрыны гуырдтæ нæ фесты. Æртæйæ дзы фæхъуыдысты хæрз чысылтæй. Ныййарджытæн ма баззадис æртæ лæппу æмæ цыппар чызджы. Дыууæ цардæмбалы царды амæлттæ кодтой æмæ хъомыл кодтой сæ зæнæджы. Туаты Бардзин куыста Громы хъæуы хæрæндоны хæринагаразæгæй. Уым-иу цы хæринæгтæ баззад, уыдон-иу æрбахаста æмæ-иу сæ байуæрста хъæубæсты мæгуыртыл. Йæ ацы архайдæй дзы тынг райгонд уыдысты æххуысхъуаг цæрджытæ.

1941 аз… Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ адæмы цард схæццæ кодта. Фронтмæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ цыдысты Ирыстоны сахъгуырд фырттæ дæр. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Бардзины лæппутæ дæр. Фыццаг уал хæсты быдырмæ акодтой Яшайы. Уый уымæй размæ йæхицæн æркодта цардæмбал æмæ сын æрмæстдæр авд мæйы бантыст иумæ рацæрын. Яшайы фæстæ та æрсидтысты Гола æмæ Шаликомæ. Æртæ æфсымæры дæр фæцыдысты фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. Кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй 76 азы рацыд, уæддæр абоны онг дæр йе ‘фсымæрты  йе стыр ныфсыты мæрдæй нæ басур сты сæ хо Туаты-Дудайты Варварайы цæстытæ æмæ та ныр дæр сæ коймæ йæ цæссыгтæ йæ рустыл æргæр-гæр кодтой. «Фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы ‘рбабырста, уæд Яша хæрзæвзонг уыд. Скодтам чындзæхсæв, æрмæстдæр авд мæйы фæцард йæ цардæмбалимæ, кæрæдзийы уындæй æфсæдгæ дæр нæ бакодтой дыууæ цардбæллон уды, афтæмæй сæ хъысмæт фæхицæн кодта æнустæм. Мæ хистæр æфсымæр Голайæн уыд цардæмбал æмæ фондз сывæллоны. Уыцы рæстæджы æз нырма скъоладзау уыдтæн. Гола æмæ Шаликойы фронтмæ куы кодтой, уæд сын хæрзбон дæр нал загътон скъолайы кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ. Хæдзармæ куы æрбацыдтæн, æмæ мæ мад æмæ мæ чындзы кæугæйæ куы æрбаййæфтон, уæд æй уайтагъд бамбæрстон хабар цæй мидæг ис, уый æмæ мæхæдæг дæр бирæ фæкуыдтон. Нæ хæдзар хасты хуызæн фæцис æмæ æнкъардæй, зæрдæхсайгæйæ æрвыстам нæ уæззау царды бонтæ.

Фæстæдæр мын куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ ма æфсымæрты кæстæр,  Шалико бæргæ лæгъстæ кодта афицерæн, зæгъгæ, иу чысыл багæдзæ кæнæм, цæмæй, зæгъ, мæ хойæн хæрзбон зæгъон, уæд та ма, дам, хæсты быдыры баззадтæн, фæлæ… Иууылдæр Шаликойы хъуырыл ауыгъд уыдтæн. Яков æмæ Шалико хæдзармæ фыстæджытæ арæх фыстой. Шалико фронты ифтонг кодта бастдзинад (уыд связист) æмæ-иу йæ фыстæджыты ныфсы ныхæстæ фыста  бинонтæм, зæгъгæ, дам, мын æппындæр ма тæрсут, ницы тас мын у. Яковæй фæстаг фыстæг райстам Керчы куы хæцыд æмæ дзы карз тохтæ куы цыдысты, уæд. Уый фæстæ дзы бирæ рæстæджы дæргъы ницыуал хабар зыдтам, фæлæ фæстæдæр æрцыд йæ сау гæххæтт ахæм фыстимæ, зæгъгæ, нымад цæуы æбæрæгæй сæфтыл».

Бинонтæ уыдысты фыдохы сæ дыууæ æбæрæгæй сæфт хæстоны тыххæй, фæлæ сæ ныфс уыд Шалико сæрæгасæй кæй æрæздæхдзæн, уымæй. Æрбалæууыд 9 май – Стыр Уæлахизы бон. Радиойы фехъусын кодтой ссоветон æфсæдтæ фашистон Германыл кæй фæуæлахиз сты æмæ хæст кæй фæцис, уый тыххæй. Фæлæ хъысмæт æгъатыр у, Туаты бинонтæм æнхъæлмæ каст радон трагеди. Туаты Шалико Германмæ ныхæццæ Уæлахизы тыххæй куы фехъусын кодтой, уый фæстæ. Ныхмæлæууæджы ныхмæ кæройнаг тохты, Шалико хъуамæ фехстаид знаджы, фæлæ уый фæразæй, суагъта йыл автомат, знаджы нæмыг ахызт йæ сонт зæрдæйы æмæ йын цæрæнбонтæм йæ кусынæй банцад. Афтæмæй ахуыссыд Туаты бинонты фæстаг ныфсы таг. Туаты Шаликойы баныгæдтой æфсымæрон ингæны, фæлæ йæ бинонтæ абоны онг дæр нæ зонынц, цыран ныгæд ис, уый. Нæ зонынц иннæ дыууæ æфсымæры Яша æмæ Гола  кæм ныгæд сты, уый дæр.

«Æз мæхæдæг цалдæр хатты ныффыстон Мæскуымæ æмбæлон органтæм, фæлæ ницы. Дзуапп нæм æрцыд, зæгъгæ, Шалико, Гола æмæ Яша сты æбæрæгæй сæфтытыл нымад. Нæргæ хæдзарæй, мæ ныфсы æфсымæртæй афтид абадтæн. Афтæ æбæрæгæй фесæф-тысты æртæ æфсымæры  æртæ хъæбатыр хæстоны. Мæ фыд Бардзин афæдзæй-афæдзмæ кæндтæ фæкодта æртæйæн дæр, аргæвста æртæ галы æмæ æрхуыдта адæмы. Уæлмæрды сын рахицæн кодта æртæ бынаты, фæлæ афтид ингæнтæй баззадысты. Зæр-дæрыст фыд йæхæдæг дæр бирæ нал ахаста. Мæ мад Анетæ дæр æппынæдзух хæдзары алыварс рацу-бацу кодта кæугæйæ æмæ иу азы фæстæ саугуырм бацис, хъæбулы мастæн арс дæр нæ фæразы.

Хæрзæвзонгæй мыл æрæнцад хæдзары уæз, мæ хотæ чындзыцыд уыдысты. Хъæубæ-сты цæрджытæ мын тæригъæд кодтой æмæ-иу мæм фæдаргъ кодтой се ‘ххуысы къух. Чындзы дæр нæ цыдтæн, зæгъын, ме фсымæрты хæдзары дуар куыд сæхгæнон, фæлæ мыл 25 азы куы сæххæст, уæд мæм хъæубæстæ бахатыдысты æмæ уæлдай ницыуал загътон. Мæ мады мын мæ хистæр хо Наташа йæхимæ, Гуры районы Цъителубаны хъæумæ акодта. Уым фæзиан æмæ абон дæр ис уым ныгæд», – радзырдта нын Туаты-Дудайты Варвара.

«Абон мæ мад Варварайыл цæуы 88 азы. Ис ын 6 сывæллоны æмæ хъæбулы хъæбултæ, æдæппæтæй стæм 25 адæймаджы. Иууылдæр стæм сæрæгас æмæ цардфæразон, фæлæ мæ мад йæ дзыхы дзаг никуы бахудт йе дзард æфсымæрты мæрдæй. 9-æм май  Уæлахизы бон мæ мадæн уæлдай кæуæн бон вæййы. Арæх фæзæгъы, зæгъгæ, чызгæн цæгат куынæ уа, уæд, зæгъ, мæгуыр вæййы. Æцæгæйдæр кадджын фырттæ уыдысты мæ мады æфсымæртæ. Хъæубæсты, дам-иу лæппу кæмæн райгуырд, уымæн, дам-иу фæкуывтой: Бардзины фыртты хуызæн дын рацæуæд, зæгъгæ», – радзырдта нын Варварайы чызг Дудайты Ингæ.

Бамбарæн ис рыстзæрдæ сылгоймаджы стыр мастæн. Æртæ æфсымæрæй афтид абадын тынг зын хъуыддаг у. Стыр трагеди æрцыд Туаты бинонтыл. Ахæм уæззау трагедийæ цух нæ баззадысты Ирыстоны æндæр æмæ æндæр бинонтæ дæр. Фæлæ Ирыстоны хъæбатыртæн сæ кады ном дардыл хъуыст-гонд у æмæ æнустæм цæрдзæн сæ ном.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.