Дыууӕ азы размӕ Хуссар Ирыстоны баконд ӕрцыд ног Национ музей. Уый республикӕйы царды нымад у, ӕцӕгӕйдӕр, нысаниуӕгджын цауыл. Бирӕ азты дӕргъы музей уыд ӕвадат уавӕрты зӕронд Цхинвалы районы хӕлӕддзаг бӕстыхӕйттӕй иуы. Куыд социалон институт, афтӕ йӕ разылӕууӕг хӕстӕй иу дӕр не ‘ххӕст кодта практикон ӕгъдауӕй бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ. Ӕрмӕстдӕр 2014 азы Уӕрӕсейы ӕххуысы фӕрцы ногӕй сӕндидзыдта. Музейы кусджытӕн арӕзт ӕрцыдысты ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй экспонаттӕ ӕфснайд уой ӕм-бӕлонӕй, ӕмӕ уыдон дӕр ӕрӕвнӕлдтой сӕ комкоммӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ  документаци ӕрбӕстон кӕнын, Хуссар Ирыстоны культурӕ ӕмӕ истори популяризаци кӕнын, хъусдард аздахын фӕсивӕды ахуырад ӕмӕ хъомыладмӕ, афтӕ ма уыдон сӕ сӕрибар рӕстӕг куыд ӕрвитой, ӕппӕт уыдӕттӕм.

«Музейы бакондмӕ мах ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм ӕнӕрхъӕцӕй ӕмӕ бацӕттӕ кодтам бирӕ архивон ӕмӕ этнографион ӕрмӕг, – зӕгъы музейы фондты хайады гӕс Санахъоты Лианӕ. – Развӕлгъау уал нын бантыст Тлийы зӕппадзтӕй ӕрласын, ныридӕгӕн нӕ музейы сӕйрагдӕртыл нымад чи сты, уыцы артефакттӕ. Не ‘мбӕстӕгтӕй бирӕтӕ стыр цымыдисимӕ зонгӕ кодтой, рохуаты чи аззад, уыцы ахъазджын экспозицимӕ. Уый та конд уыд, рагондӕр заманты диссаджы цымыдисон ӕрмӕджытӕй. Уӕдӕй нырмӕ музейы экспозицимӕ адӕмы цымыдисдзинад бонӕй-бонмæ рӕзы. Нывӕзтгонд куысты ӕмрӕнхъ (тынг арӕх уадзӕм бӕрӕгбонон ӕмӕ мысӕн мадзӕлттӕ) ма  2015 азы декабры мӕйӕ райдыдтам музейы фондты инвентаризаци дӕр. Уый у зын, бӕстон ӕмӕ лыстӕг куыст,  ӕртын азы бӕрц ыл ничи куыста. Фӕлӕ стыр ӕхсызгонӕй мӕ бон зӕгъын у, нӕ куыст кӕй у егъау ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг.

Инвентаризацийы чиныджы бӕрӕггӕн-ӕнтӕм гӕсгӕ музейы ныридӕгӕн ис 1870 инвентаризацион номеры, уыдоны нымӕцы Тъехты Баграты коллӕкцийӕ дӕр бирӕ ӕрмӕджытӕ (ӕдӕппӕтӕй 8700 экспонаты). 600 экспонаты бӕрц райстам Уанеты Захары номыл зонад-иртасӕн институтӕй, 1300-йы бӕрц та нӕм зынгӕ этно-граф Дзаттиаты Русланы фӕрцы ӕрбафтыд Царциаты зӕппадзтӕй. Этнографион здӕхты музейы фондмӕ ӕмӕ экспозицимӕ ист ӕрцыд 700 инвентарон номеры. Уырдӕм бахаудысты рагон ирон цардуа-джы мигӕнӕнтӕ, фысджытыл, медиктыл, хъӕууон хӕдзарады фӕдыл, афтӕ ма Паддзахадон ансамбль «Симд» ӕмӕ спорты тыххӕй бирæ ӕрмӕджытӕ.

Санахъоты Лианӕ ӕмӕ музейы кӕстӕр зонадон кусӕг Болататы Эльвирӕ кусынц фонды цы фотоӕрмӕджытӕ ӕмӕ документтӕ ис, уыдоны инвентаризацийыл. Уым ис 1905-1907 азты ӕрмӕджытӕ, афтӕ ма Социалистон революцийы фӕуӕлахизы фӕстӕ æмгъуыд: СЦКП-йы, сӕудӕ-джерад, медицинӕ, хъӕууон хӕдзарад, зонад, спорт, ахуырад, нывгӕнджытӕ, фысджыты  тыххӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ацы ӕрмӕджытӕн се ‘мбисӕй фылдӕр ныри-дӕгӕн бакуыстгонд у. Ныртӕккӕ кусӕм Паддзахадон драмтеатры ӕрмӕджытыл.

«90-ӕм азты нӕ дзыллӕ фыдбонты уацары куы бахауд, – йӕ мысинӕгтӕ ӕргом кӕны Санахъоты Лианӕ, – уӕд нӕ экспонаттӕй бирӕ фесӕфт: иуты дзы давгӕ акодтой, иннӕтӕ та равдисынӕн нал сбӕззыдысты, уымӕн ӕмӕ сын хъуамӕ уа сӕрмагонд хъӕрмад ӕмӕ ӕфснайыны уавӕртӕ. Инвентаризацион чингуыты иу хайӕн та бакӕсӕн нал уыд бынтондӕр. Уымӕ гӕсгӕ ног музейы бакондимӕ иумӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уыд экспонатты инвентаризци».

Инвентаризаци у музейы ӕрмӕджыты сахуыр кӕныны, рафӕлгъауыны, ӕмӕ сӕ зонадон ӕгъдауӕй сбӕрӕг кӕныны сӕйраг формӕ. Цыдӕриддӕр музейы предметтӕ ис, уыдон иууылдӕр хъуамӕ инвентаризаци ӕрцӕуой. Уыдон системацигонд цӕуынц сӕрмагонд фонды хицӕн къордтӕ ӕмӕ ӕмбырдгонды скондмӕ гӕсгӕ.

Ахӕм дихдзинад ӕнцондӕр кӕны сӕ сахуыр кӕнын ӕмӕ регистраци инвентарон чингуыты.

Нӕ музейы предметтӕ системацигонд сты сӕ ратӕдзӕнты, коллекциты, ӕрмӕ-джыты хуызтӕм, аивады хуызтӕм гӕсгӕ. Ныртӕккӕ музейы алы экспонатӕн дӕр ис йӕхи сӕрмагонд зонадон паспорт йӕхи фондон карточкӕимӕ. Уымӕ гӕсгӕ вӕййы ӕнцон ссарӕн».

Лианӕ Национ музейы кусы 13 азы ӕмӕ йӕ куыст нымайы ахсджиаг ӕмӕ ӕхсӕ-надӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл.

«Адӕймаг кӕмфӕнды ма куса, уӕддӕр хъуамӕ йӕ куыст уарза ӕмӕ йыл уа ӕнувыд, – зӕгъы Лианӕ.  Музейы куыст у удӕгас ӕмӕ цымыдисон процесс. Райгуырӕн къуыммӕ уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ адӕймаджы миддунейы хъуамӕ ныббиноныг уой йӕ чысылӕй. Историйы къабӕзтӕ сахуыр кӕнын та у тынг зӕрдӕмӕ-дзӕугӕ хъуыддаг. Уыдон нын аивӕй дзурынц, куыд цардысты ӕмӕ размӕ куыд цыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ, цахӕм уыдысты ивгъуыд рӕстӕджыты фӕлтӕрты цардуагон ӕгъдӕуттӕ. Нӕ ивгъуыд куы нӕ зонӕм дырысӕй, уӕд нӕ сомбон куыд сараздзыстӕм? Хъуамӕ фидарӕй зонӕм, кӕцӕй рацыдыстӕм ӕмӕ дарддӕр нӕ фӕндаг кӕдӕм у, уый».

Лианӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ музейӕн ис фидӕны бирӕ нывӕзтытӕ. Музейы къухдариуӕгад, йӕ сӕргъ директор Зассеты Мераб, афтӕмӕй ӕппӕт амӕлттӕй дӕр архайы, цӕмӕй музейы хъуыддаджы нырыккондӕр тенденциты фӕсте мацӕ-мӕй лӕууой. Музей йӕ разы ӕвӕры хӕстӕ, цӕмӕй ӕппӕтварсонӕй дӕр размӕ цӕуа: йӕ кусджыты квалификаци бӕрзонддӕр кӕнын, Уӕрӕсейы Федерацийы музейтимӕ, фӕсарӕйнаг коллегӕтимӕ ӕмгуыст кӕнын.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппынӕдзух алцы нывыл нӕ вӕййы, фӕлӕ ӕппӕт дӕр баст у бӕрӕг фадӕттимӕ. Сӕвзӕргӕ проблемӕтӕ иуварс кӕныныл цӕуы ӕдзухон архайд ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.