Искуы ма, йæ хæдзары мæлæтдзаг рынчын кæмæн ис, науæд та æнæныгæд мард, уый цин фæкæны: «Ха-ха-ха! Мæ хæдзары – рынчын!». Науæд чи зæгъдзæн, æнæзæнæг уæвгæйæ, цы хорз у, зæнæг мын нæ рацыд, зæгъгæ! Æмæ уæдæ æз федтон ахæм цæвиттон.

Ныртæккæ нæ литературæ, нæ дзырдаивад цы уавæры ис, нæ мадæлон æвзаг цы уагмæ æрхауд, уымæ кæд нæ бон бакæсын у æнæсайгæйæ, уæд фендзыстæм, уыдон æртæ дæр кæй сты мæлæтдзаг рынчын, науæд та – æнæзæнæг. Куыдфæнды йæ схонут! Æмæ фыццаг ацы ныхæстæ кæй дзыхæй рацыдысты, уый дæр хорз зонæм: литературæ æмæ дзырдаивад кæй къухы ис, кæй бар сыл цæуы, уыдон дзыхæй. Уыдон рагæй дзурынц иу дзæгъæйладжы ныхас: «Ничи нæм ис!». Ацы ныхасæй пайда кæнынц хæцæнгарзау. Æмæ ай цымæ хъæбатыр хæстон лæджы хæцæнгарз у, æви гадзрахаты æмæ тæппуды рæзтæ æхсæдыны амал! Чи ма хъæр кæны уæдæ йæ худинаджы хъæр адæмыл, дзыллæтыл! Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут ахæм ныв: фæтæхы хæстон лæг йæ бæхыл æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæны. Уый тæрсы, йе ‘мбæлттæй ма исчи удæгас у, æви сыскъуыдысты. Уый алы хæстон лæгæн дæр йæ миниуæг у, æмæ ацы фæлгондз канд, æцæгæй хæст цы хонæм, уымæ нæ хауы, фæлæ царды алы уавæрыл дæр, мах цы тохы бацæуæм, уыдонæй алкæцымæ дæр. Йе æмæ уыцы хæстон лæг тæрсы, зæгъгæ, нæ загътон, æмæ цымæ цæмæй тæрсы? Уый йæ удыхъæдыл баст у, уæдæ æнæниз удыхъæд æмæ йæ адæмы уарзтæй хайджын чи у, уый куыд хъуамæ тæрса, йæ фæдыл ма чидæртæ рацæуы, уымæй. Уый тæрсдзæн, ме ‘мбæлттæй мачи амæла, зæгъгæ, æмæ, гæнæн уæвгæй, цæфтыл дæр бацауддзæни. Фæлæ, куыд уынын, афтæмæй ахæм хæстонтæ тынг стæм сты, æмæ тæхынц сæ бæхтыл разæй, кæсынц фæстæмæ, æмæ тæрсынц, мачи сæ расура, сæ разæй мачи фæуа, сæ тырыса сын мачи аскъæфа. Цæмæ тырнынц, цымæ уыдон уыцы дугъы? Разæй цы уæлахизы фынгтæ ис, уыдонмæ, æви зиуы фыццаг фæуой, уый сæ фæнды? Зиумæ размæ нæ тындзиккой, уымæн æмæ сæхи хъысмæты сæраппонд зиуы раджы батадысты сæ хъарутæ. Зæххыл æрмæстдæр иу адæмыхатт ис, тауинаг тауынмæ чи нæ рæхсы. Кæддæр, дам сын, хицауад тауинæгтæ ратта, æмæ сæ сфыхтой, стæй сæ фыхæй байтыдтой. Æмæ адон та сæ цард цæрæнбонты тауинæгтæ хæргæ кæнынц, байтауын сæ кæй хъæуы, ууыл хъуыды дæр никуы акæнынц. Уæд уæлахиз разæй ис, уый сын цымæ чи загъта? Уæлахизмæ фæлтæрты сæрты хизгæ у, уый кæм фехъуыстой?

Йе æмæ цас рæсугъд у æрвылбон дæ худинаджы гаккыл æргом дзурай, хъæр кæнай – ничиуал нæм ис! Æмæ дæ уæд фæрсæг цæмæннæ ис, цæмæннæ искæйы рахуыдтай дæ арфæйаг фæндагыл. Ацал-ауал азы кæм дурты бын фæныгæдтай дæ тауинæгтæ, цæмæннæ сæм бауагътай рухсы цъыртт, цæмæн фæкодтай дæхи æвæстаг? Цæмæн фæдæ æнæзæнæг? Кæм сты нæ литературон ногдзаутæ, литературон факультетты студенттæ? Кæм сты нæ литератортæ æмæ лингвистты ног фæлтæртæ? Иуæрдыгæй афтæ куы дзурынц, ничи нæм ис, зæгъгæ, уæд уыцы «ничиты» æвджид нæ литературæ æмæ æвзаг, нæ дзырдаивад куыд ныууадзинаг сты? Иуæрдыгæй афтæ куы дзурæм, ирон æвзаджы рæзты программæ сæххæст кодтам, уæд уыцы æххæст программæ чи ахæсса, уыдоныл батыхсæг цæмæннæ ис? Науæд уыцы программæйы цæмæннæ ис ног зонадон æмæ сфæлдыстадон фæлтæр схъомыл кæныны фарст? Цæмæннæ исынц хайад ахæм хъуыддæгты, нæ мадæлон æвзагæн йæ мад чи у, уыцы адæм?

Уæдæ нæм иу мæгуырдзинад та ахæм ис. Ничи нæм ис, фæлæ литературон премитæ дæттыны рæстæджы къухбакæнæн дæр нал вæййы. Уый иу хъуыддаг. Дыккаг та уый, æмæ æрмæст преми хуыйнæд, æндæр фыццаг у, дыккаг у, раздæр ма уымæй уæлдæр преми райстай, нæ, уæддæр æм дæхи æппар! Преми хъуамæ дæу агура, æви йæ ды хъуамæ сурæй фæсте, тох ыл кæнай, искæйы къухтæй дæр æй байсай? Æви нын бынтон æмбудæнтæ дæр нал ис нæ фыр кад æмæ  æхца уарзгæйæ? Иу раст ныхас фехъуыстон иу зондджын адæймагæй: «Къоста куы райгас уаид, уæд йæхи преми йæхæдæг нæ райсид!». Раст зæгъы, уыцы преми нæ мæн у, нæ мæн у, зæгъæ, тыхтонайы аккаг нæу. Æмæ канд уыцы преми нæ, фæлæ цыфæнды преми дæр æмæ хорзæх дæр хъуамæ аккагæй райсай, науæд хорзæхтæ æмæ премитæн дæр сæ кад ныллæг кæны, ничиуал сын аргъ кæны, никæйуал уырны уыцы кад, уыцы намыс. Афтæмæй нæ кад æмæ намыс кадавары уавæрмæ хауынц. Цыт цыт у, фырцыт та æдзыт у, æмæ нæ фырцыт цæмæ æркæндзæн æмæ ныр дæр æркодта, уый та хъуамæ куырм уай, цæмæй йæ ма фенай!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.